Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 6. Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕн куыд ӕххуыс кӕны

      Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕн ӕххуыс кӕны сӕ зындзинӕдты сӕрты хизынӕн. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ мӕ бон банымайын дӕр нӕу!» (3:20)

      • Йегъовӕ ацы сылгоймагӕн куыд баххуыс кодта йе ’взӕр хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн?

      Бакӕсут Исайы 41:10, 13 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

      • Дӕумӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ хорз Хӕлар у? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

      Нывтӕ: хорз ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынц. 1. Иу нӕлгоймаг иннӕмӕн ӕххуыс кӕны стъол хӕссынӕн. 2. Иу сылгоймаг иннӕмӕн дзуры, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ. 3. Нӕлгоймаг лӕдзӕджы ӕнцӕйтты фӕцӕуы, ӕмӕ йын иннӕ нӕлгоймаг ӕххуыс кӕны.

      Бахъуаджы сахат хорз ӕмбӕлттӕ дӕ фарсмӕ балӕудзысты. Йегъовӕ дӕр хорз ӕмбалау уыдзӕн дӕ фарсмӕ

  • Дӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Дӕ бон куыд у иннӕтӕн хорз хабар хъусын кӕнын?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 3. Йегъовӕ уыдзӕн демӕ

      Иуӕй-иуты фӕфӕнды хъусын кӕнын, фӕлӕ фӕтӕрсынц, иннӕтӕ сӕ цы ахъуыды кӕндзысты кӕнӕ сӕм цы цӕстӕй ракӕсдзысты, уымӕй.

      • Библийӕ цы базоныс, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын тӕрсыс? Кӕд о, уӕд цӕмӕн? Кӕд нӕ, уӕд цӕуылнӕ?

      Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Йегъовӕмӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй куывтон» (4:05)

      • Ацы ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй мауал тарстаиккой?

      Бакӕсут Исайы 41:10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Хъусын кӕнын куы нӕ уӕндай, уӕд Хуыцаумӕ цӕмӕн хъуамӕ кувай?

      Зыдтай йӕ?

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕм фыццаг афтӕ каст, ӕмӕ сӕ бон хорз хабар хъусын кӕнын никуы бауыдзӕн. Зӕгъӕм, иу нӕлгоймаг, Сергей, йӕхимӕ ницӕйаг каст ӕмӕ йын зын уыди иннӕтимӕ ныхас кӕнын. Фӕлӕ стӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Сергей загъта: «Кӕд тарстӕн, уӕддӕр, мӕхӕдӕг цы зыдтон, уый иннӕтӕн дзурын райдыдтон ӕмӕ иу диссаг бафиппайдтон: Библийы тыххӕй адӕмимӕ кӕй ныхас кодтон, уый фӕрцы мӕхицӕн аргъ кӕнын райдыдтон ӕмӕ мӕ уырнындзинад дӕр бафидар».

  • Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 6. Дӕ ныфс Йегъовӕйы ӕххуысыл дар

      Сылгоймаг ацӕргӕ сылгоймагӕн хъусын кӕны. Йемӕ ис, йемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы хо.

      Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн» (2:50)

      • Библи чи ахуыр кодта, иу ахӕм нӕлгоймаг донаргъуыд райсыныл фӕстӕ цӕмӕн кодта?

      • Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрдтаид?

      Бакӕсут Исайы 41:10, 13 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Фидарӕй дӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, дӕ бон кӕй уыдзӕн дӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрын?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын