-
Сахуыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадылСӕ уырнындзинад сын фӕзмут
-
-
20 Хуыцау Ионӕйӕн ӕмбарын кодта, зӕгъгӕ, ды тынг хъыг кӕныс, иу ӕхсӕвмӕ чи сзад, кӕй нӕ ныссагътай ӕмӕ кӕуыл нӕ фыдӕбон кодтай, уыцы куысыфтӕгыл. Ӕмӕ йӕ ныхасы кӕрон загъта: «Ӕмӕ уӕд ӕз куыннӕ хъуамӕ фӕтӕригъӕд кӕнон уыцы стыр горӕт Ниневийӕн, сӕдӕ дыууын мин адӕймагӕй дзы фылдӕр куы цӕры ӕмӕ рахиз къух галиу къухӕй куы нӕ хицӕн кӕнынц, стӕй ма дзы дуне фос дӕр куы ис, уӕд?» (Ионӕ 4:10, 11)c.
21. а) Куысыфтӕджы хабарӕй Йегъовӕйы Ионӕйӕн цы зӕгъын фӕндыд? ӕ) Ионӕйы хабар нын куыд ӕххуыс кӕны нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсынӕн?
21 Ӕмбарыс ӕй, Йегъовӕйы куысыфтӕджы хабарӕй цы зӕгъын фӕндыд? Ионӕ уыцы куысыфтӕгыл иу мур дӕр нӕ бафыдӕбон кодта. Йегъовӕ та уыцы ниневиӕгтӕн сӕ Царддӕттӕг уыди ӕмӕ сӕ цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уый дӕр сын лӕвӕрдта, зӕххыл цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдоныл куыд тыхсы, афтӕ. Ау, Ионӕйӕн уыцы иу зайӕгой 120 000 адӕймагӕй ӕмӕ ма бирӕ фосӕй дӕр зынаргъдӕр куыд уыди? Цымӕ уый, ӕрмӕстдӕр йӕхи мӕт кӕй кодта, уый тыххӕй нӕ уыд афтӕ? Ӕргом куы зӕгъӕм, уӕд куысыфтӕгыл дӕр уымӕн маст кодта, ӕмӕ йын пайда уыди. Ниневи куы нӕ ныппырх, уӕд дӕр, мыййаг, уый тыххӕй не смӕсты, ӕмӕ, адӕмы цӕсты йӕ кад кӕй ӕрхаудзӕн, уымӕй тарст ӕмӕ, раст кӕй у, уый равдисын ӕй фӕндыд? Ионӕйы хабар нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мах дӕр нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсӕм ӕмӕ дзы цы ис, уый фенӕм. Иу дӕр нӕ афтӕ зӕгъдзӕн, ӕз мӕхи мӕт никуы фӕкӕнын, зӕгъгӕ? Йегъовӕ нӕ фӕразонӕй ахуыр кӕны, цӕмӕй бонӕй-бонмӕ кӕнӕм фӕлмӕнзӕрдӕдӕр, тӕригъӕдгӕнагдӕр ӕмӕ фылдӕр нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй уый хуызӕн уӕм. Уӕдӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм!
-
-
Сахуыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадылСӕ уырнындзинад сын фӕзмут
-
-
c Хуыцау афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, уыцы адӕм сӕ рахиз къух сӕ галиуӕй нӕ хицӕн кӕнынц, уымӕй бамбарын кодта, йӕ закъӕтты тыххӕй йын ӕппындӕр кӕй ницы зыдтой.
-