Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 3. Базон, мӕрдтӕ цы уавӕры сты

      Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, уый фӕдыл адӕм алыхуызон хъуыдытыл хӕст сты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыдытӕ се ’ппӕт раст не сты.

      • Кӕм цӕрыс, уым адӕм цы хъуыды кӕнынц, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый фӕдыл?

      Мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый базоныны тыххӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

      ВИДЕОРОЛИК: «Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?» (скъуыддзаг) (1:19)

      Къамтӕ видеороликӕй «Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?» (скъуыддзаг). 1. Мард адӕймаг рынчындоны хуыссӕныл. 2. Нӕлгоймаг поезды дыууӕ адӕймаджы ’хсӕн бады ӕмӕ фынӕй кӕны.

      Бакӕсут Екклесиаст 3:20 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд, ацы стихмӕ гӕсгӕ, цы фӕвӕййы?

      • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд ма дзы исты цӕргӕйӕ баззайы?

      Библийы фыст ис, Йесойы хорз ӕмбал Лазӕр кӕй амард, уый тыххӕй. Бакӕсут Иоанны 11:11–14. Ацы стихтӕ кӕсгӕйӕ-иу дӕ хъус ӕрдар, Йесо Лазӕры тыххӕй цы загъта, уымӕ. Стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Йесо мӕлӕт цӕимӕ абарста?

      • Уыцы абарстӕй цы ис базонӕн, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй?

      • Куыд хъуыды кӕныс, Библийы мӕлӕты тыххӕй цы фыст ис, ууыл ӕууӕндӕн ис?

  • Чи дын амард, уыдон та ногӕй цӕрдзысты!
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • Йесо Лазӕры райгас кодта, ӕмӕ адӕм Лазӕрмӕ дисгӕнгӕ кӕсынц.

      4. Йесо равдыста, йӕ бон кӕй у мӕрдты ӕгас кӕнын

      Фылдӕр базон, Лазӕр куы амард, уӕд Йесо цы сарӕзта, уый тыххӕй. Бакӕсут Иоанны 11:14, 38–44 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Лазӕр ӕцӕгдӕр мард кӕй уыди, уый кӕцӕй зонӕм? (39 стих)

      • Куыд хъуыды кӕныс, Лазӕр уӕлӕрвтӕм куы ацыдаид, уӕд ма йӕ Йесо фӕстӕмӕ зӕххыл цӕрынӕн райгас кодтаид?

      Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

      ВИДЕОРОЛИК: «Йесо Лазӕры райгас кодта» (1:16)

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын