Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Нӕ Хуыцау Иегъовӕйау никӕй хъулон кӕнӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2003 | 1 июль
    • 11. Рагон чырыстӕтты ӕмбырды иууылдӕр ӕмбар-ӕмсӕр кӕй уыдысты, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

      11 Рагон чырыстӕтты ӕмбырды дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмыхӕттытӕ дӕр уыдысты ӕмбар-ӕмсӕр. «Кад, намыс ӕмӕ фарн алкӕцы хорздзинад кӕнӕгӕн,— бамбарын кодта Павел,— фыццаг Иудейӕн, уый фӕстӕ Еллинӕн! Уымӕн ӕмӕ Хуыцау нӕ кӕсы цӕсгоммӕ»b (Ромӕгтӕм 2:10, 11). Адӕймаг Иегъовӕйы стыр хорзӕхӕй хайджын уыдаид ӕви нӕ, уый, цы адӕмыхаттӕй уыди, уымӕй аразгӕ нӕ уыд. Иегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, йӕ Фырт Йесойы ӕлхӕнӕг нывонд адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй-иу цы базыдта, уымӕ куыд каст, уый уыд сӕйраг (Иоанны 3:16, 36). Павел фыста: «Иудей уый нӕу, кӕцы ӕддейӕ бакӕсгӕйӕ ахӕм у, ӕмӕ сунӕт дӕр уый нӕу, кӕцы ис ӕддейӕ буарыл; фӕлӕ Иудей уый у, кӕцы мидӕгӕй у ахӕм, ӕмӕ уый у сунӕт, кӕцы ис зӕрдӕйы, дамгъӕйӕ нӕ, фӕлӕ удӕй». Уый фӕстӕ Павел арӕхстджынӕй спайда кодта дзырд «Иудей»-йӕ (амоны «Иудӕйы», ома кӕй скадджын кодтой ӕмӕ кӕмӕй ӕппӕлынц), ӕмӕ йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уымӕн ӕппӕлындзинад дӕр, адӕмӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй» (Ромӕгтӕм 2:28, 29). О, Иегъовӕ ӕппӕлы алкӕмӕй дӕр — цыфӕнды адӕмыхаттӕй уӕд. Мах дӕр афтӕ кӕнӕм?

  • Нӕ Хуыцау Иегъовӕйау никӕй хъулон кӕнӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2003 | 1 июль
    • b Ацы стихы цы «Еллинты» кой цӕуы, уыдон уыдысты, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы адӕмтӕ («Фыстады ӕмбарынад» 1 том, 1004 фарс, англ. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын