Иов
5 Хъӕр кӕн! Исчи дын дзуапп ратдзӕн?
Ӕмӕ рухс зӕдтӕй* кӕмӕ фӕсиддзынӕ?
2 Ӕнӕзондӕн маст уыдзӕн йӕ марӕг,
Ӕнцонсайӕн адӕймагӕн хӕлӕгдзинад уыдзӕн йӕ сафӕг.
3 Ӕз мӕхӕдӕг федтон, ӕнӕзонд адӕймаг арф уидӕгтӕ куыд ауагъта+,
Фӕлӕ йын уайтагъд йӕ цӕрӕнбынат ралгъыстон.
4 Йӕ фырттӕ дард сты ирвӕзындзинадӕй+,
Горӕты кулдуары раз сӕ ӕфхӕрынц, ӕмӕ сӕ ирвӕзынгӕнӕг нӕй.
5 Цы тыллӕг сисы, уый йын ӕххормаг адӕймаг бахӕры,
Ауындзӕнтыл ын цы дзидза ис, уый дӕр ын райсынц,
Ӕмӕ сын хыз хъавы сӕ исбон ӕрцахсынмӕ.
6 Фыдхъуыддӕгтӕ сыджытӕй не сзайынц,
Фыдбылыз зӕххӕй нӕ сӕвзӕры.
7 Артӕй хӕрдмӕ цӕхӕртӕ куыд фӕтӕхы,
Афтӕ адӕймаг дӕр райгуыры мастӕн.
8 Ӕз та ӕххуыс Хуыцауӕй бацагуырдтаин,
Мӕ хъуыддаг Хуыцауӕн радзырдтаин+.
9 Хуыцауы стыр хъуыддӕгтыл зонд не ’ххӕссы,
Йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕн кӕрон нӕй+.
10 Уый зӕххӕн дӕтты къӕвдатӕ+,
Быдыртӕ ӕфсады донӕй+.
11 Ӕгады бынаты чи ис, уый бӕрзонд бынаты сӕвӕры+,
Ӕмӕ ӕнкъард чи у, уыдон сбӕрзонд вӕййынц ӕмӕ ирвӕзындзинад ссарынц.
12 Мӕнгард адӕмӕн сӕ фыдвӕндтӕ фехалы+,
Ӕмӕ сын ницыуал рауайы.
13 Зондджынты ӕрцахсы сӕхи хиндзинадӕй+,
Ӕмӕ хинӕйдзаг адӕмы фӕндтӕ ныссуйтӕ вӕййынц+.
14 Боныгон дӕр сӕ ӕрӕмбӕрзы талынг,
Ӕмӕ ӕмбисбон фӕцӕуынц сӕ развӕндаг сгаргӕ, цыма ӕхсӕв у, афтӕ+.
15 Уый адӕймаджы ирвӕзын кӕны, сӕ дзыхӕй цы кард зыны, уымӕй,
Мӕгуыры ирвӕзын кӕны тыхджыны къухӕй+,
16 Ӕмӕ ӕххуысхъуаг адӕймагӕн ныфс фӕзыны+,
Фыддзинад та йӕ дзых сӕхгӕны+.
17 Амондджын у, Хуыцау кӕмӕн уайдзӕф кӕны, уыцы адӕймаг+.
Ӕмӕ дын Ӕппӕтхъомысджын зонд куы амона, уӕд-иу ууыл дӕ къух ма ауигъ!
18 Йӕхӕдӕг фӕриссын кӕны, ӕмӕ хъӕдгом дӕр йӕхӕдӕг бабӕтты.
Адӕймаджы ныцъцъӕл кӕны, ӕмӕ йӕ дзӕбӕх дӕр йӕхи къухӕй скӕны.
19 Ӕхсӕз бӕллӕхы дыл куы ’рцӕуа, уӕд дӕр дӕ фервӕзын кӕндзӕн+,
Ӕмӕ дӕ авд бӕллӕхы куы баййафа, уӕд дӕр дыл ницы ’рцӕудзӕн+.
20 Ӕххормаг заман дӕ аирвӕзын кӕндзӕн мӕлӕтӕй+,
Хӕсты рӕстӕг – хъамайӕ.
21 Ехсау чи цӕвы, ахӕм ӕвзагӕй хызт уыдзынӕ+.
Бӕстӕ куы стигъой, уӕд нӕ фӕтӕрсдзынӕ.
22 Бӕстӕ куы стигъой ӕмӕ ӕххормаг заман куы скӕна, уӕд худдзынӕ
Ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕй нӕ тӕрсдзынӕ.
23 Быдыры цы дуртӕ ис, уыдонимӕ дын уыдзӕн бадзырд,
Хъӕддаг сырдтӕ демӕ хӕларӕй цӕрдзысты+.
24 Дӕ цатыры фӕрнӕй цӕрдзынӕ,
Дӕ сӕрвӕттӕм-иу ацӕудзынӕ ӕмӕ-иу фендзынӕ, дӕ фосӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕхъуыд.
26 Дӕ мӕлӕты онг дӕр дӕ хъару нӕ фӕцуддзӕн+,
Куыристӕ сӕ афоныл куыд бафснайынц, афтӕ уыдзынӕ.
27 Уыдӕттӕ мах раиртӕстам. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ у.
Байхъус ӕмӕ уыдӕттӕ дӕхӕдӕг дӕр бамбардзынӕ».