Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Майрӕмбон, 10 октябрь

Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонды райдайӕн (Ӕмб. 9:10).

Чырыстон куыд хъуамӕ бакӕна, йӕ телефоны кӕнӕ йӕ планшеты ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр хӕлд ныв куы фӕзына, уӕд? Хъуамӕ уайтагъд исты сараза, цӕмӕй йӕ мауал уына. Нӕ зӕрдыл куы дарӕм, не стырдӕр хӕзна нӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ кӕй у, уӕд нын афтӕ бакӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн. Фӕлӕ, порнографийыл нымад чи нӕу, ахӕм нывтӕм кӕсгӕйӕ дӕр, гӕнӕн ис, адӕймагмӕ фӕзына ӕнӕгъдау хъуыдытӕ. Ӕмӕ ахӕм нывтӕм дӕр нӕ кӕсдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды тӕригъӕды ’рдӕм гыццыл къахдзӕф дӕр саразын ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы мидӕг ӕнӕгъдау ми бакӕнын (Матф. 5:28, 29). Таиландӕй иу хистӕр нӕлгоймаг, Дэвид, зӕгъгӕ, загъта: «Ӕз ахъуыды кӕнын: „Кӕд хӕлд нывтӕ не сты, уӕддӕр Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн, куы сӕм кӕсон, уӕд?“ Ӕмӕ мын уый баххуыс кӕны, цӕмӕй зондджынӕй архайон». Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссын кӕнын куы тӕрсӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зондджынӕй архайӕм. Хуыцауӕй тӕрсын у «зонды райдайӕн», ома ӕнӕ уымӕй адӕймаг ӕцӕг зондджын не суыдзӕн. w23.06 23 ф., 12, 13 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Сабат, 11 октябрь

Ацӕут, мӕ адӕм, уӕ мидӕггаг уӕттӕм бацӕут (Ис. 26:20).

«Мидӕггаг уӕттӕ», чи зоны, амонынц не ’мбырдтӕм. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, стыр бӕллӕхы рӕстӕг нӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн, дарддӕр дӕр ын ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ фаг нӕу, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕнӕуи быхсӕм. Хъуамӕ сӕ тынг уарзӕм, ӕмӕ ууыл ныртӕккӕ хъӕуы архайын. Гӕнӕн ис, нӕ ирвӕзындзинад уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн. «Йегъовӕйы стыр бон» куы ралӕууа, уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг (Соф. 1:14, 15). Йегъовӕйы адӕм дӕр ӕмбӕлдзысты зындзинӕдтыл. Фӕлӕ нӕхи ныр куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ уыдзысты сабыр ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. Нӕ бон уыдзӕн цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕууын. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ уӕззау уавӕрты куы уой, уӕд-иу сын сӕ зын нӕ зӕрдӕмӕ арф айсдзыстӕм ӕмӕ-иу сын баххуыс кӕндзыстӕм. Ӕмӕ абон тынг куы архайӕм, цӕмӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм, уӕд сыл стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр ӕнувыд уыдзыстӕм ӕмӕ сӕ уарздзыстӕм. Уӕд нӕ Йегъовӕ бакӕндзӕн ног дунемӕ ӕмӕ нӕ схайджын кӕндзӕн ӕнӕкӕрон цардӕй. Уым нӕ ферох уыдзысты ӕппӕт бӕллӕхтӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ дӕр! (Ис. 65:17). w23.07 7 ф., 16, 17 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Хуыцаубон, 12 октябрь

[Йегъовӕ уӕ] бафидар... кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн (1 Пет. 5:10).

Библийы бирӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой ис. Ӕмӕ бӕрӕг у, фидар кӕй уыдысты. Фӕлӕ-иу кӕцыдӕр уавӕрты сӕхимӕ лӕмӕгъ кастысты. Зӕгъӕм, паддзах Давид-иу хатт йӕхимӕ фидар каст, хатт та-иу дзы тас бацыд (Пс. 55:5; 138:3). Кӕд Самсон Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уыд ӕмбисонды тыхы хицау, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрста, Хуыцау ын куы не ’ххуыс кӕна, уӕд кӕй ныллӕмӕгъ уыдзӕн ӕмӕ иннӕ адӕмы хуызӕн кӕй суыдзӕн (Тӕрх. 14:5, 6; 16:17). Ацы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ фидар уыдысты, Йегъовӕ сын тыхтӕ кӕй лӕвӕрдта, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. Апостол Павел дӕр ӕмбӕрста, Йегъовӕ йын тыхтӕ куы нӕ дӕтта, уӕд кӕй нӕ бафӕраздзӕн (2 Кор. 12:9, 10). Павел цавӕрдӕр низимӕ тох кодта (Гал. 4:13, 14). Стӕй-иу ын хатт зын уыд, раст цы у, уый аразын (Ром. 7:18, 19). Хатт та-иу мӕт кодта, цы йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый кӕй нӕ зыдта, уый тыххӕй (2 Кор. 1:8, 9). Фӕлӕ-иу Павел лӕмӕгъ куы уыди, уӕд-иу уыди тыхджын. Уый куыд ӕмбаргӕ у? Йегъовӕ-иу ын хъарутӕ радта ӕмӕ-иу ӕй бафидар кодта. w23.10 12 ф., 1, 2 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын