Сабат, 11 октябрь
Ацӕут, мӕ адӕм, уӕ мидӕггаг уӕттӕм бацӕут (Ис. 26:20).
«Мидӕггаг уӕттӕ», чи зоны, амонынц не ’мбырдтӕм. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, стыр бӕллӕхы рӕстӕг нӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн, дарддӕр дӕр ын ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ фаг нӕу, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕнӕуи быхсӕм. Хъуамӕ сӕ тынг уарзӕм, ӕмӕ ууыл ныртӕккӕ хъӕуы архайын. Гӕнӕн ис, нӕ ирвӕзындзинад уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн. «Йегъовӕйы стыр бон» куы ралӕууа, уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг (Соф. 1:14, 15). Йегъовӕйы адӕм дӕр ӕмбӕлдзысты зындзинӕдтыл. Фӕлӕ нӕхи ныр куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ уыдзысты сабыр ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. Нӕ бон уыдзӕн цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕууын. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ уӕззау уавӕрты куы уой, уӕд-иу сын сӕ зын нӕ зӕрдӕмӕ арф айсдзыстӕм ӕмӕ-иу сын баххуыс кӕндзыстӕм. Ӕмӕ абон тынг куы архайӕм, цӕмӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм, уӕд сыл стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр ӕнувыд уыдзыстӕм ӕмӕ сӕ уарздзыстӕм. Уӕд нӕ Йегъовӕ бакӕндзӕн ног дунемӕ ӕмӕ нӕ схайджын кӕндзӕн ӕнӕкӕрон цардӕй. Уым нӕ ферох уыдзысты ӕппӕт бӕллӕхтӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ дӕр! (Ис. 65:17). w23.07 7 ф., 16, 17 абз.
Хуыцаубон, 12 октябрь
[Йегъовӕ уӕ] бафидар... кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн (1 Пет. 5:10).
Библийы бирӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой ис. Ӕмӕ бӕрӕг у, фидар кӕй уыдысты. Фӕлӕ-иу кӕцыдӕр уавӕрты сӕхимӕ лӕмӕгъ кастысты. Зӕгъӕм, паддзах Давид-иу хатт йӕхимӕ фидар каст, хатт та-иу дзы тас бацыд (Пс. 55:5; 138:3). Кӕд Самсон Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уыд ӕмбисонды тыхы хицау, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрста, Хуыцау ын куы не ’ххуыс кӕна, уӕд кӕй ныллӕмӕгъ уыдзӕн ӕмӕ иннӕ адӕмы хуызӕн кӕй суыдзӕн (Тӕрх. 14:5, 6; 16:17). Ацы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ фидар уыдысты, Йегъовӕ сын тыхтӕ кӕй лӕвӕрдта, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. Апостол Павел дӕр ӕмбӕрста, Йегъовӕ йын тыхтӕ куы нӕ дӕтта, уӕд кӕй нӕ бафӕраздзӕн (2 Кор. 12:9, 10). Павел цавӕрдӕр низимӕ тох кодта (Гал. 4:13, 14). Стӕй-иу ын хатт зын уыд, раст цы у, уый аразын (Ром. 7:18, 19). Хатт та-иу мӕт кодта, цы йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый кӕй нӕ зыдта, уый тыххӕй (2 Кор. 1:8, 9). Фӕлӕ-иу Павел лӕмӕгъ куы уыди, уӕд-иу уыди тыхджын. Уый куыд ӕмбаргӕ у? Йегъовӕ-иу ын хъарутӕ радта ӕмӕ-иу ӕй бафидар кодта. w23.10 12 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 13 октябрь
Йегъовӕ... кӕсы зӕрдӕмӕ (1 Сам. 16:7).
Кӕд хатт нӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсӕм, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ афтӕ кӕй нӕ хъуыды кӕны. Уый нӕ йӕхӕдӕг ӕрбакодта йӕхимӕ (Иоан. 6:44). Чи зоны, нӕхӕдӕг нӕ уынӕм, цавӕр хорз миниуджытӕ нӕм ис, уый. Йегъовӕ та сӕ уыны. Уый нӕ нӕхицӕй хуыздӕр зоны (2 Аз. 6:30). Уӕдӕ нын куы фӕдзуры, зынаргъ ын кӕй стӕм, уӕд хъуамӕ ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм (1 Иоан. 3:19, 20). Иуӕй-иу чырыстӕтты ныр дӕр ма сӕ цӕсгом фӕхӕры, цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдтой, уӕдмӕ цы рӕдыдтытӕ ӕруагътой, уыдоны тыххӕй (1 Пет. 4:3). Иннӕтӕ та сӕхи фӕхӕрынц сӕ лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй. Мыййаг, дӕумӕ дӕр ахӕм ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны ӕмӕ дӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсыс? Кӕд о, уӕд дӕхи ӕгӕр ма хӕр. Ахӕм ӕнкъарӕнтӕ-иу уыди Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм дӕр. Зӕгъӕм, апостол Павелӕн-иу йӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй йӕ ныфс асаст ӕмӕ ма афтӕ дӕр загъта, мӕнӕ, дам, цы мӕгуыр дӕн (Ром. 7:24). Ӕмӕ кӕд Павел йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ донаргъуыд райста, уӕддӕр йӕхицӕй загъта, ӕз, дам, дӕн «апостолтӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр» ӕмӕ «тӕригъӕдджынтӕн... сӕ фыццаг» (1 Кор. 15:9; 1 Тим. 1:15). w24.03 27 ф., 5, 6 абз.