Октябрь
Ӕртыццӕг, 1 октябрь
Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд... у... коммӕгӕс (Иак. 3:17).
Ӕнцон дын вӕййы алы хатт коммӕгӕсдзинад ӕвдисын? Паддзах Давидӕн уый алкӕд ӕнцон нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ куывта: «Мӕ зӕрдӕйы [мын] ссудз зынг, цӕмӕй мӕ фӕнда дӕ коммӕ кӕсын» (Пс. 51:12). Давид Йегъовӕйы уарзта, фӕлӕ-иу ын уӕддӕр хатт зын уыд йӕ коммӕ кӕсын. Ӕмӕ махӕн дӕр уый хатт зын вӕййы. Цымӕ цӕмӕн? Фыццаг уый, ӕмӕ нӕ туджы рахастам ӕнӕххӕстдзинад, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй арӕх нӕ фӕфӕнды иннӕты коммӕ кӕсын. Дыккаг: Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй Йегъовӕйы ныхмӕ рацӕуӕм, уый йӕ ныхмӕ куыд рацыд, афтӕ (2 Кор. 11:3). Ӕртыккаг: нӕ алыварс адӕм сты ӕгоммӕгӕс, ӕмӕ ныл сӕ зондахаст бандавы (Еф. 2:2). Уӕдӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй тох кӕнӕм не ’нӕххӕстдзинады, Хӕйрӕджы ӕмӕ ацы дунейы ныхмӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ, цавӕрдӕр бартӕ кӕмӕн радта, уыдоны коммӕ кӕсӕм. w23.10 6 ф., 1 абз.
Цыппӕрӕм, 2 октябрь
Ды... хорз сӕн нырмӕ ныууагътай (Иоан. 2:10).
Йесо чындзӕхсӕвы цы диссаг сарӕзта, уый нын цӕуыл дзурӕг у? Хъуамӕ Йесойау сӕрныллӕг уӕм. Йесо йӕхицӕй не ’ппӕлыд. Уӕвгӕ, цыфӕнды ма сарӕзтаид, йӕхицӕй никуы ӕппӕлыд. Уый уыд сӕрныллӕг ӕмӕ алкӕддӕр кадджын кодта йӕ Фыды (Иоан. 5:19, 30; 8:28). Мах дӕр Йесойы куы фӕзмӕм ӕмӕ нӕхимӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд, цы нын бантыст, уымӕй никуы ӕппӕлдзыстӕм. Хъуамӕ нӕхицӕй макуы ӕппӕлӕм, фӕлӕ сӕрыстыр уӕм, ахӕм диссаджы Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕй (Йер. 9:23, 24). Хъуамӕ уый кадджын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нын ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй ницы бантыстаид (1 Кор. 1:26–31). Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, цӕмӕй, цы сарӕзтам, уый тыххӕй нӕ иннӕтӕ ӕппӕлой. Цы аразӕм, уый Йегъовӕ уыны ӕмӕ йын аргъ кӕны, ӕмӕ хъуамӕ ууыл цин кӕнӕм. (Абар Матфейы 6:2–4; Дзут. 13:16.) Йесойау сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн (1 Пет. 5:6). w23.04 4 ф., 9 абз.; 5 ф., 11, 12 абз.
Майрӕмбон, 3 октябрь
Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр (Фил. 2:4).
Апостол Павел чырыстӕттӕн загъта, цӕмӕй хъуыды кӕной, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл. Нӕ бон куыд у ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ фембӕлды рӕстӕг архайын? Нӕ зӕрдыл-иу дарӕм, иннӕты дӕр махау кӕй фӕфӕнды дзуапп раттын. Ахӕм цӕвиттоныл ахъуыды кӕнӕм. Де ’мбӕлттимӕ куы фӕныхас кӕныс, уӕд ӕрмӕстдӕр дӕхӕдӕг фӕдзурыс, ӕви уыдонӕн дӕр раттыс дзырды бар? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕфӕнды дӕ, цӕмӕй уыдон дӕр истытӕ дзурой. Раст афтӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу ӕмбырды фылдӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дзуапп раттой. Фадат-иу сын куы раттӕм, цӕмӕй сӕ дзуаппытӕй сӕ уырнындзинад равдисой, уӕд-иу афтӕмӕй дӕр сӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн (1 Кор. 10:24). Цыбыр дзуаппытӕ дӕтт. Афтӕмӕй-иу иннӕтӕн дӕр рӕстӕг баззайдзӕн. Цыбыр дзуапп куы дӕттай, уӕддӕр-иу ӕгӕр бирӕ хъуыдытӕ ма радзур. Абзацы цы хъуыдытӕ ис, уыдон иууылдӕр куы радзурай, уӕд иннӕтӕн, цы зӕгъой, уый нал уыдзӕн. w23.04 22, 23 фф., 11–13 абз.
Сабат, 4 октябрь
Адӕттӕ иууылдӕр аразын хорз хабары тыххӕй, цӕмӕй йӕ иннӕтӕн хъусын кӕнон (1 Кор. 9:23).
Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ахсджиаг кӕй у дарддӕр дӕр иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, уӕлдайдӕр та хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ. Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ сӕмбӕлӕм алыхуызон адӕмыл. Вӕййынц алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, алыхуызон динтыл ӕмӕ ӕгъдӕуттыл хӕст. Ӕмӕ хъуамӕ зонӕм, куыд хъӕуы алкӕимӕ дӕр ныхас кӕнын, цӕмӕй-иу сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарӕм. Уымӕй нын фӕзминаг у апостол Павел. Йесо йӕ снысан кодта «иннӕ адӕмтӕм ӕрвыст апостолӕй» (Ром. 11:13). Ӕмӕ Павел хъусын кодта дзуттӕгтӕн, грекъӕгтӕн, зондджын адӕмӕн ӕмӕ хуымӕтӕг хъӕуккаг адӕмӕн, хицӕуттӕн ӕмӕ паддзӕхтӕн. Цӕмӕй иутӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ бацагайдтаид, уый тыххӕй «алыхуызон адӕмӕн дӕр» сси алцыдӕр (1 Кор. 9:19–22). Павел хъуыды кодта, цавӕр ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, цӕуыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ цавӕр адӕмыхаттӕй уыдысты, ууыл, ӕмӕ-иу йӕ ныхас уымӕ гӕсгӕ фӕивта. Мах дӕр куы хъуыды кӕнӕм, адӕмимӕ хуыздӕр цӕуыл уаид аныхас кӕнын, уӕд нын уацамынды бирӕ ӕнтысдзӕн. w23.07 23 ф., 11, 12 абз.
Хуыцаубон, 5 октябрь
Хицауы цагъар та хъуамӕ хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн (2 Тим. 2:24).
Фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уый лӕмӕгъ адӕймаг нӕу. Уый у фидар ӕмӕ тыхджын адӕймаг. Цӕмӕй зын уавӕры ма стыхсай ӕмӕ дӕ бон уа дӕхиуыл хӕцын, уымӕн тых хъӕуы. Фӕлмӕн удыхъӕд у, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты», уымӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕй сӕ иу (Гал. 5:22, 23). Дзырдбаст «фӕлмӕн удыхъӕд»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уымӕй-иу хатт пайда кодтой, ӕрмахуыр-иу кӕй скодтой, ахӕм хъӕддаг бӕхы кой кӕнгӕйӕ. Кӕд бӕх ӕрмахуыр свӕййы, уӕддӕр йӕ хъару нӕ асӕтты. Махӕн дӕр фӕлмӕн удыхъӕд куы уа, уӕд уыдзыстӕм тыхджын, фидар адӕймӕгтӕ. Фӕлӕ ӕрмӕст нӕхӕдӕг куы архайӕм, цӕмӕй фӕлмӕн адӕймӕгтӕ суӕм, уӕд уый фаг нӕ уыдзӕн. Хъӕуы нӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс. Хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй уыцы рӕсугъд миниуӕг нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм. Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн уый бантыст. Ӕмӕ сын исчи ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы фӕкӕны кӕнӕ семӕ куы фӕбыцӕу кӕны, уӕд уыдон та йемӕ фӕлмӕнӕй фӕныхас кӕнынц. Уый фӕрцы ма иннӕтӕ дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм хорз цӕстӕй ракӕсынц (2 Тим. 2:24, 25). w23.09 15 ф., 3 абз.
Къуырисӕр, 6 октябрь
Куывтон, ӕмӕ мын Йегъовӕ радта, цы дзы куырдтон, уый (1 Сам. 1:27).
Апостол Иоанн диссаджы цӕстылуайӕны федта, 24 хистӕр лӕджы уӕлӕрвты Йегъовӕйӕн куыд кувынц, уый. Уыдон Хуыцауы кадджын кодтой ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, «ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау» (Рарг. 4:10, 11). Иузӕрдион зӕдтӕ дӕр Йегъовӕйы бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй кадджын кӕнынц. Уыдон сты йемӕ уӕлӕрвты, ӕмӕ йӕ тынг хорз зонынц. Уыдон уынынц, цавӕр Хуыцау у ӕмӕ куыд архайы, уый. Ӕмӕ сӕ бафӕнды Йегъовӕйы скадджын кӕнын (Иов 38:4–7). Мах дӕр фӕнды нӕ куывдтыты Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Нӕ бон ын у дзурын, цӕй тыххӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йын цӕй тыххӕй аргъ кӕнӕм, уый. Библи куы кӕсай ӕмӕ йӕ куы иртасай, уӕд-иу бацархай, цӕмӕй фенай, Йегъовӕйы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцытӕ цӕуынц, уыдон (Иов 37:23; Ром. 11:33). Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Йегъовӕйӕн зӕгъ, уыцы миниуджытӕ дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй цӕуынц. Нӕ бон ма у Йегъовӕйы кадджын кӕнын, махӕн дӕр ӕмӕ нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕгас зӕххыл дӕр ӕдзух кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй (1 Сам. 2:1, 2). w23.05 3, 4 фф., 6, 7 абз.
Дыццӕг, 7 октябрь
Цӕрдзыстут, Йегъовӕйы раз куыд ӕмбӕлы, афтӕ (Кол. 1:10).
1919 азы Хуыцауы адӕм Стыр Вавилоны уацарӕй ссӕрибар сты. Уыцы аз фӕзынд «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» дӕр (Матф. 24:45–47; Ис. 35:8). Уымӕн йӕ бон уыд сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуын райдайой. Уыцы фӕндагыл-иу чи ’рлӕууыд, уыцы адӕмӕн сӕ бон уыд Йегъовӕйы фӕндты тыххӕй фылдӕр базонын, «фӕндаг» чи цӕттӕ кодта, уыдоны руаджы (Ӕмб. 4:18). Стӕй сӕ бон уыд сӕ цард Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аивын. Йегъовӕ нӕ домдта, цӕмӕй йӕ адӕм хъӕугӕ ивындзинӕдтӕ ӕвиппайды скодтаиккой. Фӕлӕ сӕ гыццылгай сыгъдӕг кодта. Куыд хорз уыдзӕн, иууылдӕр нӕ Хуыцауы зӕрдӕ алцӕмӕй дӕр куы рухс кӕнӕм, уӕд! Алы фӕндагмӕ дӕр фӕхъӕуы зилын. Ӕмӕ афтӕ зилынц «Сыгъдӕг фӕндагмӕ» дӕр 1919 азӕй фӕстӕмӕ, цӕмӕй ноджы фылдӕр адӕмӕн сӕ бон уа Стыр Вавилонӕй рацӕуын. w23.05 17 ф., 15 абз.; 19 ф., 16 абз.
Ӕртыццӕг, 8 октябрь
Никуы дӕ ныууадздзынӕн (Дзут. 13:5).
Разамонӕг советы комитетты ӕххуысгӕнджыты Разамонӕг совет йӕхӕдӕг ахуыр кӕны. Уыцы ӕххуысгӕнджытӕ ныр дӕр бирӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ сты ӕууӕнкджын. Уыдон хорз цӕттӕ сты, цӕмӕй Чырыстийы фыстӕн разамынд дӕттой, сӕрст чырыстӕттӕ зӕххыл куы нал уой, уӕд. Стыр бӕллӕхы кӕронмӕ хӕстӕг сӕрст чырыстӕттӕй фӕстӕгтӕ уӕлӕрвтӕм ист куы ’рцӕуой, уӕд раст дин ницы фӕуыдзӕн. Йесо Чырысти нын разамынд кӕй дӕтдзӕн, уый фӕрцы дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзыстӕм. Уыцы рӕстӕг нӕ ныхмӕ Маго́гы зӕххӕй Гог, ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис, кӕй рацӕудзӕн, уый дӕр нӕ рох нӕу (Йез. 38:18–20). Фӕлӕ уый ахӕсдзӕн цыбыр рӕстӕг, ӕмӕ сын ницы рауайдзӕн. Сӕ бон нӕ бауыдзӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм. Хуыцау нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, ӕндӕр фыстӕй чи сты, уыцы «тынг бирӕ адӕмы». Уыдон «стыр бӕллӕхы сӕрты... ахызтысты» (Рарг. 7:9, 14). О, Хуыцау йӕ адӕмы ӕнӕмӕнг фервӕзын кӕндзӕн! w24.02 5, 6 фф., 13, 14 абз.
Цыппӕрӕм, 9 октябрь
Хуыцауы сыгъдӕг тыхы зынг ма хуыссын кӕнут (1 Фес. 5:19).
Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Хуыцау йӕ сыгъдӕг тых дӕтта? Хъӕуы дзы сыгъдӕг тых курын, Хуыцауы Ныхас иртасын ӕмӕ, йӕ сыгъдӕг тыхӕй разамынд кӕмӕн дӕтты, уыцы организацийыл нӕхи бӕттын. Уыдӕтты фӕрцы нӕ бон уыдзӕн, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты», уымӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнын (Гал. 5:22, 23). Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых ратты, йӕ хъуыдытӕ дӕр ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ дӕр сыгъдӕг кӕмӕн сты, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Чъизи цы у, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд нын йӕ сыгъдӕг тых нал дӕтдзӕн (1 Фес. 4:7, 8). Цӕмӕй нын дарддӕр дӕр йӕ сыгъдӕг тых дӕтта, уый тыххӕй хъуамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм пехуымпарӕдтӕм дӕр. Павел ныффыста: «Пехуымпар-ныхасыл ӕнӕрвӕссон ма кӕнут» (1 Фес. 5:20). Ацы ран «пехуымпар-ныхас» амоны, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй фехъусын кӕны, уыцы хабӕрттӕм, уыимӕ, Йегъовӕйы боны тыххӕй ӕмӕ, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый тыххӕй цы загъта, уымӕ. Мах афтӕ нӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Армагеддон нӕ рӕстӕджы нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ уыцы боны ӕрцыд алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм. Уый уымӕй у бӕрӕг, ӕмӕ сыгъдӕг цард кӕнӕм ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисӕм, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм (2 Пет. 3:11, 12). w23.06 12 ф., 13, 14 абз.
Майрӕмбон, 10 октябрь
Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонды райдайӕн (Ӕмб. 9:10).
Чырыстон куыд хъуамӕ бакӕна, йӕ телефоны кӕнӕ йӕ планшеты ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр хӕлд ныв куы фӕзына, уӕд? Хъуамӕ уайтагъд исты сараза, цӕмӕй йӕ мауал уына. Нӕ зӕрдыл куы дарӕм, не стырдӕр хӕзна нӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ кӕй у, уӕд нын афтӕ бакӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн. Фӕлӕ, порнографийыл нымад чи нӕу, ахӕм нывтӕм кӕсгӕйӕ дӕр, гӕнӕн ис, адӕймагмӕ фӕзына ӕнӕгъдау хъуыдытӕ. Ӕмӕ ахӕм нывтӕм дӕр нӕ кӕсдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды тӕригъӕды ’рдӕм гыццыл къахдзӕф дӕр саразын ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы мидӕг ӕнӕгъдау ми бакӕнын (Матф. 5:28, 29). Таиландӕй иу хистӕр нӕлгоймаг, Дэвид, зӕгъгӕ, загъта: «Ӕз ахъуыды кӕнын: „Кӕд хӕлд нывтӕ не сты, уӕддӕр Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн, куы сӕм кӕсон, уӕд?“ Ӕмӕ мын уый баххуыс кӕны, цӕмӕй зондджынӕй архайон». Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссын кӕнын куы тӕрсӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зондджынӕй архайӕм. Хуыцауӕй тӕрсын у «зонды райдайӕн», ома ӕнӕ уымӕй адӕймаг ӕцӕг зондджын не суыдзӕн. w23.06 23 ф., 12, 13 абз.
Сабат, 11 октябрь
Ацӕут, мӕ адӕм, уӕ мидӕггаг уӕттӕм бацӕут (Ис. 26:20).
«Мидӕггаг уӕттӕ», чи зоны, амонынц не ’мбырдтӕм. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, стыр бӕллӕхы рӕстӕг нӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн, дарддӕр дӕр ын ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ фаг нӕу, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕнӕуи быхсӕм. Хъуамӕ сӕ тынг уарзӕм, ӕмӕ ууыл ныртӕккӕ хъӕуы архайын. Гӕнӕн ис, нӕ ирвӕзындзинад уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн. «Йегъовӕйы стыр бон» куы ралӕууа, уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг (Соф. 1:14, 15). Йегъовӕйы адӕм дӕр ӕмбӕлдзысты зындзинӕдтыл. Фӕлӕ нӕхи ныр куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ уыдзысты сабыр ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. Нӕ бон уыдзӕн цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕууын. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ уӕззау уавӕрты куы уой, уӕд-иу сын сӕ зын нӕ зӕрдӕмӕ арф айсдзыстӕм ӕмӕ-иу сын баххуыс кӕндзыстӕм. Ӕмӕ абон тынг куы архайӕм, цӕмӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм, уӕд сыл стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр ӕнувыд уыдзыстӕм ӕмӕ сӕ уарздзыстӕм. Уӕд нӕ Йегъовӕ бакӕндзӕн ног дунемӕ ӕмӕ нӕ схайджын кӕндзӕн ӕнӕкӕрон цардӕй. Уым нӕ ферох уыдзысты ӕппӕт бӕллӕхтӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ дӕр! (Ис. 65:17). w23.07 7 ф., 16, 17 абз.
Хуыцаубон, 12 октябрь
[Йегъовӕ уӕ] бафидар... кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн (1 Пет. 5:10).
Библийы бирӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой ис. Ӕмӕ бӕрӕг у, фидар кӕй уыдысты. Фӕлӕ-иу кӕцыдӕр уавӕрты сӕхимӕ лӕмӕгъ кастысты. Зӕгъӕм, паддзах Давид-иу хатт йӕхимӕ фидар каст, хатт та-иу дзы тас бацыд (Пс. 55:5; 138:3). Кӕд Самсон Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уыд ӕмбисонды тыхы хицау, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрста, Хуыцау ын куы не ’ххуыс кӕна, уӕд кӕй ныллӕмӕгъ уыдзӕн ӕмӕ иннӕ адӕмы хуызӕн кӕй суыдзӕн (Тӕрх. 14:5, 6; 16:17). Ацы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ фидар уыдысты, Йегъовӕ сын тыхтӕ кӕй лӕвӕрдта, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. Апостол Павел дӕр ӕмбӕрста, Йегъовӕ йын тыхтӕ куы нӕ дӕтта, уӕд кӕй нӕ бафӕраздзӕн (2 Кор. 12:9, 10). Павел цавӕрдӕр низимӕ тох кодта (Гал. 4:13, 14). Стӕй-иу ын хатт зын уыд, раст цы у, уый аразын (Ром. 7:18, 19). Хатт та-иу мӕт кодта, цы йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый кӕй нӕ зыдта, уый тыххӕй (2 Кор. 1:8, 9). Фӕлӕ-иу Павел лӕмӕгъ куы уыди, уӕд-иу уыди тыхджын. Уый куыд ӕмбаргӕ у? Йегъовӕ-иу ын хъарутӕ радта ӕмӕ-иу ӕй бафидар кодта. w23.10 12 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 13 октябрь
Йегъовӕ... кӕсы зӕрдӕмӕ (1 Сам. 16:7).
Кӕд хатт нӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсӕм, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ афтӕ кӕй нӕ хъуыды кӕны. Уый нӕ йӕхӕдӕг ӕрбакодта йӕхимӕ (Иоан. 6:44). Чи зоны, нӕхӕдӕг нӕ уынӕм, цавӕр хорз миниуджытӕ нӕм ис, уый. Йегъовӕ та сӕ уыны. Уый нӕ нӕхицӕй хуыздӕр зоны (2 Аз. 6:30). Уӕдӕ нын куы фӕдзуры, зынаргъ ын кӕй стӕм, уӕд хъуамӕ ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм (1 Иоан. 3:19, 20). Иуӕй-иу чырыстӕтты ныр дӕр ма сӕ цӕсгом фӕхӕры, цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдтой, уӕдмӕ цы рӕдыдтытӕ ӕруагътой, уыдоны тыххӕй (1 Пет. 4:3). Иннӕтӕ та сӕхи фӕхӕрынц сӕ лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй. Мыййаг, дӕумӕ дӕр ахӕм ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны ӕмӕ дӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсыс? Кӕд о, уӕд дӕхи ӕгӕр ма хӕр. Ахӕм ӕнкъарӕнтӕ-иу уыди Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм дӕр. Зӕгъӕм, апостол Павелӕн-иу йӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй йӕ ныфс асаст ӕмӕ ма афтӕ дӕр загъта, мӕнӕ, дам, цы мӕгуыр дӕн (Ром. 7:24). Ӕмӕ кӕд Павел йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ донаргъуыд райста, уӕддӕр йӕхицӕй загъта, ӕз, дам, дӕн «апостолтӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр» ӕмӕ «тӕригъӕдджынтӕн... сӕ фыццаг» (1 Кор. 15:9; 1 Тим. 1:15). w24.03 27 ф., 5, 6 абз.
Дыццӕг, 14 октябрь
Сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзар ныууагътой (2 Аз. 24:18).
Хъуамӕ нӕхицӕн ӕвзарӕм, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕныныл чи архайы, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Уыдон нын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу, раст цы у, уый аразӕм. Дӕхицӕн-иу ӕмбӕлттӕ ӕрмӕст де ’мгӕртты ’хсӕн ма агур. Рох дӕ ма уӕд: паддзах Иоас йе ’мбал Иодайӕ бирӕ кӕстӕр уыд. Цӕмӕй бамбарай, хорз ӕмбӕлттӕ дын ис ӕви нӕ, уый тыххӕй ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ме ’мбӕлттӕ мын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй мӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна? Йегъовӕмӕ хъусынц ӕмӕ мын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй йын йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрон? Йегъовӕйы ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй ныхас кӕнын уарзынц? Исты раст куы нӕ фӕаразын, уӕд сӕм ахӕм ныфс разыны, цӕмӕй мын ӕй ӕргом зӕгъой? Ӕви мын, мӕ хъустӕн ӕхсызгон цы у, ӕрмӕстдӕр уый фӕдзурынц?» (Ӕмб. 27:5, 6, 17). Кӕд де ’мбӕлттӕ Йегъовӕйы нӕ уарзынц, уӕд дӕ ахӕм ӕмбӕлттӕ ницӕмӕн хъӕуынц. Фӕлӕ кӕд Йегъовӕйы уарзынц, уӕд сыл дӕхи бӕтт. Ахӕм ӕмбӕлттӕн аргъ нӕй! (Ӕмб. 13:20). w23.09 9 ф., 6, 7 абз.
Ӕртыццӕг, 15 октябрь
Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ (Рарг. 1:8).
«Альфӕ» у грекъаг алфавитӕн йӕ фыццаг дамгъӕ, «омегӕ» та – йӕ фӕстаг дамгъӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ йӕхи «Альфӕ ӕмӕ Омегӕ» кӕй схуыдта, уымӕй бамбарын кодта, цыдӕр аразын куы райдайы, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ кӕны. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд сын загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут» (Райд. 1:28). Уӕд, зӕгъӕн ис, Йегъовӕ загъта: «Альфӕ». Йӕ фӕнд цы у, уый бӕлвырд бамбарын кодта. Иу бон зӕхх байдзаг уыдзӕн Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕй. Уыдон уыдзысты ӕххӕст ӕмӕ коммӕгӕс адӕм ӕмӕ зӕххӕй скӕндзысты дзӕнӕт. Ӕмӕ йӕ фӕнд куы сӕххӕст уа, уӕд уый уыдзӕн «Омегӕ». Йегъовӕ «арв ӕмӕ зӕхх ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон» куы сфӕлдыста, уӕд равдыста, йӕ фӕнд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Йегъовӕмӕ адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕвдӕм бон кӕй рахицӕн кодта, уый уыд фидар бӕлвырдгӕнӕн, уыцы боны кӕронмӕ йӕ фӕнд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн (Райд. 2:1–3). w23.11 5 ф., 13, 14 абз.
Цыппӕрӕм, 16 октябрь
Йегъовӕйӕн йӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕнут! Нӕ Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдырыл фӕндаг алӕгъз кӕнут (Ис. 40:3).
Дзуттӕгты Вавилонӕй Израилмӕ хъуыдаид иу-4 мӕйы цӕуын, ӕмӕ уый ӕнцон балц нӕ уыдаид. Фӕлӕ сын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, алы цӕлхдур дӕр сын сӕ фӕндагӕй кӕй айсдзӕн. Иузӕрдион дзуттӕгтӕ зыдтой, Израилмӕ куы аздӕхой, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын уыдзысты ӕмӕ, сӕхи цӕмӕй фӕцух кӕндзысты, уыдӕттӕ кӕй ницы уыдзысты уыцы арфӕдзинӕдты раз. Ӕппӕты стырдӕр арфӕдзинад баст уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынимӕ. Вавилоны Йегъовӕйӕн кувӕндон нӕ уыд. Израилӕгтӕн дзы нӕ уыд, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ кӕуыл хастаиккой, ахӕм нывондхӕссӕн. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сауджынтӕн дӕр сӕ бон нӕ уыд сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Уымӕй уӕлдай, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕ фылдӕр уыдысты. Ӕмӕ уыцы адӕммӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ нымады дӕр нӕ уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ иузӕрдион дзуттӕгты – уыдысты мингӕйттӕ – тынг фӕндыд сӕ бӕстӕмӕ аздӕхын, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой. w23.05 14, 15 фф., 3, 4 абз.
Майрӕмбон, 17 октябрь
Рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрут (Еф. 5:8).
Мах хъӕуы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс, цӕмӕй дарддӕр дӕр, «рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрӕм». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ацы хӕлд дунейы зын у хӕрзӕгъдау цард кӕнын (1 Фес. 4:3–5, 7, 8). Сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ацы дунейы зондӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм, уыимӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыдытӕй ӕмӕ философитӕй. Стӕй ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй тырнӕм алы хорздзинадмӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ (Еф. 5:9). Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых дӕтта? Хъуамӕ йӕм кувӕм ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых курӕм. Йесо загъта: «Фыд... куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг тых, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Лук. 11:13). Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ Йегъовӕйы ӕмбырдты куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй дӕр схайджын вӕййӕм сыгъдӕг тыхӕй (Еф. 5:19, 20). Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон уыдзӕн афтӕ цӕрын, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. w24.03 23, 24 фф., 13–15 абз.
Сабат, 18 октябрь
Курут, ӕмӕ уын ратдзысты, агурут, ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты (Лук. 11:9).
Фӕнды дӕ, цӕмӕй фӕразондӕр уай? Уӕд уый тыххӕй кув. Фӕразондзинад у, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй сӕ иу (Гал. 5:22, 23). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна уыцы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды сфидар кӕнынӕн. Кӕцыдӕр уавӕры нын зын куы уа фӕразондзинад равдисын, уӕд хъуамӕ Хуыцауӕй сыгъдӕг тых курӕм (Лук. 11:13). Нӕ бон ма у Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын, цӕмӕй алцӕмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмӕ нӕ уый фӕстӕ хъӕудзӕн архайын, цӕмӕй алы бон дӕр фӕразон уӕм. Йегъовӕйӕ ӕдзух фӕразондзинад куы курӕм ӕмӕ куы архайӕм, цӕмӕй фӕразон уӕм, уӕд уыцы миниуӕг нӕ удыхъӕды сфидар уыдзӕн. Библийы кӕй кой ис, уыдоныл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн. Библийы ис бирӕ фӕзминаг лӕггадгӕнджыты кой. Сӕ хабӕрттыл сын куы хъуыды кӕнӕм, уӕд базондзыстӕм, нӕ бон куыд у фӕразондзинад ӕвдисын. w23.08 22, 23 фф., 10, 11 абз.
Хуыцаубон, 19 октябрь
Уӕ хызтӕ уым баппарут (Лук. 5:4).
Йесо апостол Петрӕн ныфс бавӕрдта, Йегъовӕ йын, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕ кӕй дӕтдзӕн. Куы райгас, уӕд та ногӕй диссаг сарӕзта, ӕмӕ та Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ тынг бирӕ кӕсӕгтӕ ӕрцахстой (Иоан. 21:4–6). Уыцы диссаг Петрӕн ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппындӕр зын нӕу, цӕрынӕн ӕй ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ йын дӕттын. Чи зоны, уӕд ӕрхъуыды кодта Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Йегъовӕ ӕнӕ хӕринаг ӕмӕ ӕнӕ уӕлӕдарӕсӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн, фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад чи агуры, уыдоны (Матф. 6:33). Гъемӕ йӕ царды фыццаг бынаты йӕ кӕсаг ахсыны куыст нӕ сӕвӕрдта, фӕлӕ йӕ лӕггад. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны ныфсджынӕй хъусын кодта хорз хабар, ӕмӕ йӕ мингӕйттӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой (Хъуыд. 2:14; 37–41). Уый фӕстӕ та самариӕгтӕн ӕмӕ иннӕ адӕмтӕн ӕххуыс кодта Чырыстийыл баууӕндынӕн (Хъуыд. 8:14–17; 10:44–48). Бӕрӕг у, Йегъовӕ Петры уылты ӕмбырдмӕ алыхуызон адӕмы кӕй ӕрбакодта. w23.09 20 ф., 1 абз.; 23 ф., 11 абз.
Къуырисӕр, 20 октябрь
Уыцы фын мын куы нӕ радзурат ӕмӕ мын ӕй куы нӕ райхалат, уӕд уӕ ныкъкъуыхтӕ кӕнын кӕндзынӕн (Дан. 2:5).
Вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уымӕй иу-2 азы фӕстӕ паддзах Навуходоносор федта ӕнахуыр фын. Федта тынг стыр гуымиры, ӕмӕ старст. Гъемӕ йӕ зондджын лӕгтӕн, уыимӕ Данелӕн дӕр, бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ фын радзурой ӕмӕ йын ӕй райхалой. Афтӕ, дам, куы нӕ бакӕнат, уӕд, дам, уе ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзынӕн (Дан. 2:3–5). Данелы хъуыди ӕвӕстиатӕй архайын, кӕннод бирӕ адӕм бабын уыдаиккой. Уый «паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ фын райхалынӕн рӕстӕг радтаид» (Дан. 2:16). Уый тыххӕй йӕ хъуыди уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ уый размӕ Данел фынтӕ хӕлдта. Йе ’мбӕлттӕн загъта, «цӕмӕй уӕларвон Хуыцауӕй йӕ хорзӕх куырдтаиккой, ӕмӕ сын уыцы сусӕгдзинад раргом кодтаид» (Дан. 2:18). Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ куывдтытӕн дзуапп радта. Йегъовӕйы фӕрцы Данел Навуходоносоры фын райхӕлдта, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр аирвӕзтысты. w23.08 3 ф., 4 абз.
Дыццӕг, 21 октябрь
Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн (Матф. 24:13).
Хъуыды кӕн, фӕразондзинад цы пайда хӕссы, ууыл. Фӕразон адӕймаг вӕййы амондджындӕр ӕмӕ мӕт къаддӕр фӕкӕны. Уымӕ гӕсгӕ вӕййы ӕнӕниздӕр. Иннӕтимӕ фӕразон куы вӕййӕм, уӕд семӕ хӕларӕй фӕцӕрӕм. Не ’мбырд свӕййы ӕнгомдӕр. Исчи нӕ куы фефхӕры кӕнӕ нӕ куы фӕкъахы ӕмӕ уайтагъд куы нӕ рамӕсты вӕййӕм, уӕд уавӕр нӕ фӕфыддӕр вӕййы (Пс. 37:8; Ӕмб. 14:29). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ уӕд бафӕзмӕм нӕ уӕларвон Фыды ӕмӕ йӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм. Фӕразондзинад у хъӕугӕ ӕмӕ рӕсугъд миниуӕг. Алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы фӕразондзинад равдисын. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон уыдзӕн уыцы миниуӕг дарддӕр дӕр нӕ удыхъӕды фидар кӕнын. Мах ныртӕккӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ног дунемӕ. Ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, «Йегъовӕйы цӕст [кӕй] кӕсы, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ, йе ’нувыд уарзтмӕ йын чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ» (Пс. 33:18). Цӕй уӕдӕ иууылдӕр дарддӕр фӕразондзинад рӕсугъд уӕлӕдарӕсау нӕ уӕлӕ дарӕм! w23.08 22 ф., 7 абз.; 25 ф., 16, 17 абз.
Ӕртыццӕг, 22 октябрь
Уырнындзинад... ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у (Иак. 2:17).
Иаков загъта, адӕймаг, гӕнӕн ис, дзура, уырнындзинад мӕм ис, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй та уый бӕрӕг нӕу (Иак. 2:1–5, 9). Стӕй ма загъта, гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ адӕймаг уына, йе ’фсымӕрӕн кӕнӕ йӕ хойӕн, йӕ уӕлӕ цы скӕна, уый кӕй нӕй ӕмӕ хӕринагхъуаг кӕй ӕййафы, фӕлӕ йын мацӕмӕй ӕххуыс кӕна. Кӕд уыцы адӕймаг афтӕ дзуры, ӕмӕ йӕм уырнындзинад ис, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй та уый бӕрӕг нӕу, уӕд йӕ уырнындзинадӕй ницы пайда ис (Иак. 2:14–16). Иаков ма цӕвиттонӕн ӕрхаста Раавы. Уыцы сылгоймаг, уырнындзинад ӕм кӕй уыд, уый равдыста йӕ хъуыддӕгтӕй (Иак. 2:25, 26). Раав фехъуыста Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ бамбӕрста, Йегъовӕ израилӕгтӕн кӕй ӕххуыс кӕны (Йес. Н. 2:9–11). Ӕмӕ йӕ уырнындзинад равдыста хъуыддагӕй – дыууӕ израилаг сгарӕджы бамбӕхста, сӕ цардӕн тӕссаг куы уыд, уӕд. Уый тыххӕй Раав дӕр Авраамау нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл, кӕд уый дӕр ӕнӕххӕст уыд, стӕй израилаг нӕ уыд ӕмӕ Моисейы закъон не ’ххӕст кодта, уӕддӕр. Йӕ цӕвиттонӕй бӕрӕг у, ахсджиаг кӕй у, уырнындзинад нӕм кӕй ис, уый нӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисын. w23.12 5 ф., 12, 13 абз.
Цыппӕрӕм, 23 октябрь
Уидӕгтӕ куыд ауадзат ӕмӕ фидар бындурыл фидар куыд лӕууат (Еф. 3:17).
Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕмбарӕм, фаг кӕй нӕу ӕрмӕстдӕр сӕйраг ахуырӕдтӕ зонын. Мах тынг фӕнды «суанг Хуыцауы арф зонд дӕр» базонын. Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕны йӕ сыгъдӕг тых (1 Кор. 2:9, 10). Дӕ бон у равзарын, фылдӕр базонын дӕ кӕй тыххӕй фӕнды, ахӕм темӕ кӕнӕ фарста ӕмӕ йӕ раиртасын. Уый фӕрцы Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уыдзынӕ. Зӕгъӕм, ис раиртасӕн, цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ йӕ рагон лӕггадгӕнджыты кӕй уарзта, ӕмӕ уымӕй куыд зыны, дӕу дӕр кӕй уарзы, уый. Кӕнӕ та дӕ бон у фылдӕр базонын, израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн куыд куывтой ӕмӕ йын абон чырыстӕттӕ куыд кувынц, уым иумӕйагӕй цы ис. Йе та дӕ бон у лӕмбынӕг раиртасын, Йесо зӕххыл куы цард ӕмӕ куы лӕггад кодта, уӕд цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст кодта, уыдон. Ахӕм ӕрмӕг иртасын дӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцӕудзӕн. Уымӕн дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн «Индекс публикаций Сторожевой башни» кӕнӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс». Библи арф куы иртасай, уӕд дӕ уырнындзинад сфидар уыдзӕн ӕмӕ «ссардзынӕ Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» (Ӕмб. 2:4, 5). w23.10 18, 19 фф., 3–5 абз.
Майрӕмбон, 24 октябрь
Сӕйраджыдӕр та кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны (1 Пет. 4:8).
Ам апостол Петр цы дзырдӕй спайда кодта, уый комкоммӕ нысан кӕны «ивазын». Стихы дыккаг хайы та бамбарын кодта, ахӕм уарзондзинад-иу нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тӕригъӕдтӕ кӕй бамбӕрздзӕн. Нӕ цӕстытыл-ма ахӕм ныв ауайын кӕнӕм. Нӕ уарзондзинадыл дыууӕ къухӕй ныххӕцыдыстӕм, цыма, ивӕзгӕ чи кӕны, ахӕм хъуымац у, ӕмӕ йӕ ивазӕм, цалынмӕ хойы кӕнӕ ӕфсымӕры тӕригъӕдтӕ нӕ бамбӕрза, уӕдмӕ – ӕмӕ иу дӕр нӕ, дыууӕ дӕр нӕ, фӕлӕ «бирӕ тӕригъӕдтӕ». Исты куы счъизи уа, уӕд ӕй хъуымацӕй бамбӕрзӕн куыд ис, афтӕ уарзондзинад дӕр бамбӕрзы, кӕнӕ ныххатыр кӕны, иннӕты рӕдыдтытӕ ӕмӕ хъӕндзинӕдтӕ. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты хъуамӕ афтӕ тынг уарзӕм, цӕмӕй-иу сын сӕ хъӕндзинӕдтӕ ныббарӕм, уый-иу нын тынг зын куы уа, суанг уӕд дӕр (Кол. 3:13). Иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, уӕд равдисдзыстӕм, бирӕ сӕ кӕй уарзӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. w23.11 10, 11 фф., 13–15 абз.
Сабат, 25 октябрь
Шафан... [ӕй] паддзахы раз кӕсын райдыдта (2 Аз. 34:18).
Паддзах Иосийыл 26 азы куы цыд, уӕд райдыдта кувӕндон цалцӕг кӕнын. Ӕмӕ дзы ссардтой «Йегъовӕйы закъоны чиныг, Моисейы уылты кӕй радта, уыцы чиныг». Паддзахӕн ӕй кӕсын куы райдыдтой, уӕд ӕй бафӕндыд, цы фыст дзы уыд, уымӕ гӕсгӕ архайын (2 Аз. 34:14, 19–21). Ды та Библи фӕкӕсыс? Фӕнды дӕ, цӕмӕй йӕ алы бон дӕр кӕсай? Уайы дын? Уый дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы? Царды дын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы стихтӕ дӕхицӕн искуы афыссыс? Иосийыл иу-39 азы куы цыд, уӕд стыр рӕдыд ӕруагъта, ӕмӕ йӕхи бабын кодта. Разамынд Йегъовӕйӕ нӕ ракуырдта, фӕлӕ йӕхицӕй уыд ныфсджын (2 Аз. 35:20–25). Йӕ хабар нын у зондзонӕн. Ӕрыгон стӕм ӕви ацӕргӕ, Библи рагӕй ахуыр кӕнӕм ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы агурӕм, ома йӕм хъуамӕ ӕдзух кувӕм ӕмӕ дзы разамынд курӕм, йӕ Ныхас ын иртасӕм ӕмӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй уынаффӕ курӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу ныл стыр рӕдыдтытӕ афтӕ арӕх не ’рцӕудзӕн ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын (Иак. 1:25). w23.09 12, 13 фф., 15, 16 абз.
Хуыцаубон, 26 октябрь
Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй (Иак. 4:6).
Библийы ис, Йегъовӕйы чи уарзта ӕмӕ йын чи лӕггад кодта, бирӕ ахӕм сылгоймӕгты кой. Уыдон «алцӕмӕй дӕр бӕрц» зыдтой ӕмӕ «алы хъуыддаджы дӕр... Хуыцауыл иузӕрдион» уыдысты (1 Тим. 3:11). Хотӕн ма сӕ бон у фӕзмын, се ’мбырды цы фӕлтӕрдджын сылгоймӕгтӕ ис, уыдоны. Ӕрыгон хотӕ, ахъуыды кӕнут, фӕлтӕрдджын хотӕй уӕ кӕй фӕндид бафӕзмын. Ахъуыды-иу кӕнут, цавӕр хорз миниуджытӕ сӕм ис ӕмӕ сымахӕн дӕр уӕ бон куыд уаид уыцы миниуджытӕ ӕвдисын. Фӕлтӕрдджын чырыстон вӕййы сӕрныллӕг. Сӕрныллӕг сылгоймагӕн Йегъовӕ вӕййы йӕ Хӕлар ӕмӕ иннӕтимӕ дӕр хӕларӕй фӕцӕры. Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы сылгоймаг сӕрныллӕгӕй фӕархайы, 1 Коринфӕгтӕм 11:3 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ. Уым Йегъовӕ ӕмбарын кӕны, ӕмбырды ӕмӕ бинонтӕн разамынд дӕттыны бар кӕмӕн радта, уый. w23.12 19 ф., 3–5 абз.
Къуырисӕр, 27 октябрь
Лӕгтӕ... сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты (Еф. 5:28).
Йегъовӕ лӕгӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй йӕ усы уарза, стӕй йӕ цух ма уадза, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕй, хорз ӕмбал ын уа ӕмӕ йын ӕххуыс кӕна, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕна. Хъуыды кӕнын куы зонай, сылгоймӕгты куы нымайай ӕмӕ ӕууӕнкджын куы уай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уай хорз цардӕмбал ӕмӕ хорз сӕрыхицау. Ус куы ракурай, уӕд уын уый фӕстӕ, гӕнӕн ис, райгуыра сывӕллӕттӕ дӕр. Дӕ бон у бирӕ цӕмӕйдӕрты Йегъовӕйы бафӕзмын, ӕмӕ дӕ уӕд рауайдзӕн хорз фыд (Еф. 6:4). Йегъовӕ йӕ Фыртӕн, Йесойӕн, ӕргом дзырдта, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у (Матф. 3:17). Ӕмӕ дын сывӕллӕттӕ куы уа, уӕд-иу сын арӕх дзур, кӕй сӕ уарзыс. Хорзӕй цы аразынц, уый тыххӕй-иу сӕ зӕрдиагӕй раппӕл. Йегъовӕйы чи фӕзмы, ахӕм фыд йӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ рауайа фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. Дӕ бон у уыцы хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ дӕхи ныртӕккӕ дӕр бацӕттӕ кӕнын. Дӕ бинонтыл ӕмӕ дӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл зӕрдиагӕй тыхс ӕмӕ сын дзур, кӕй сӕ уарзыс ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕныс (Иоан. 15:9). w23.12 28, 29 фф., 17, 18 абз.
Дыццӕг, 28 октябрь
[Йегъовӕ уӕ] бафидар... кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн (1 Пет. 5:10).
Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр хызт не сты, иннӕ адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ цы низтӕй хъӕрзынц, уыдонӕй. Уымӕй уӕлдай ма нӕ Хуыцауы знӕгтӕ ӕфхӕрынц, нӕ фӕдыл зилынц. Йегъовӕ нӕ ӕппӕт уыцы зындзинӕдтӕй нӕ бахизы. Фӕлӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн (Ис. 41:10). Ӕмӕ уый фӕрцы тынг зын уавӕрты дӕр нӕ бон вӕййы дарддӕр цингӕнгӕйӕ ӕмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын. Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй нын дӕтдзӕн «Хуыцауы фарн» (Фил. 4:6, 7). Уыцы фарн амоны, Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар кӕй у, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕ сабыр кӕй вӕййы ӕмӕ ӕгӕр кӕй ницӕуыл фӕтыхсӕм, уымӕ. Хуыцауы фарныл «зонд... не ’ххӕссы», ома, нӕ бон бамбарын цы у кӕнӕ ахъуыды кӕнын цӕуыл у, уымӕй диссагдӕр у. Искуы дын афтӕ уыд, ӕмӕ Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй скуывтай ӕмӕ уый фӕстӕ дӕ зӕрдӕ ӕвиппайды афтӕ ӕрсабыр, ӕмӕ диссаг? Гъе уый у «Хуыцауы фарн». w24.01 20 ф., 2 абз.; 21 ф., 4 абз.
Ӕртыццӕг, 29 октябрь
Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн, о мӕ уд, ӕмӕ мӕ буары алы уӕнг дӕр – йӕ сыгъдӕг номӕн (Пс. 103:1).
Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдон ын йӕ ном ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнынц, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзынц. Паддзах Давид ӕмбӕрста, Йегъовӕйӕн йӕ ном куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд ын афтӕмӕй йӕхи кӕй фӕкадджын кӕнӕм. Йегъовӕйы ном куы фехъусӕм, уӕд ахъуыды кӕнӕм, цавӕр Хуыцау у, ууыл, йе ’ппӕт рӕсугъд миниуджытыл ӕмӕ йӕ диссаджы хъуыддӕгтыл. Давиды фӕндыд йӕ Фыды сыгъдӕг ном кадджын кӕнын. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй йӕ кадджын кодтаид йӕ «буары алы уӕнгӕй дӕр», ома ӕппӕт зӕрдӕйӕ. Левиттӕ дӕр нын фӕзминаг сты, Йегъовӕйы куыд кадджын кодтой, уымӕй. Уыдон уыдысты сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбӕрстой, сӕ бон кӕй никуы уыдзӕн Йегъовӕйы сыгъдӕг номы аккаг кады ныхӕстӕ ссарын (Неем. 9:5). Дзырд дӕр ыл нӕй: Йегъовӕйы афтӕ сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕрдӕбынӕй кӕй кадджын кодтой, уый йын ӕрхаста стыр циндзинад. w24.02 9 ф., 6 абз.
Цыппӕрӕм, 30 октябрь
Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм (Фил. 3:16).
Дӕ нысан дӕ къухы кӕй нӕ бафтыд, уый тыххӕй дыл Йегъовӕйы зӕрдӕ нӕ фӕхуддзӕн (2 Кор. 8:12). Цы дын нӕ рауад, уымӕй-иу истӕуыл сахуыр у. Нырмӕ дын цы бантыст, уый ма рох кӕн. Библийы фыст ис: «Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон» (Дзут. 6:10). Ӕмӕ ды дӕр дӕ фыдӕбон ма рох кӕн. Ахъуыды-иу кӕн, нырмӕ дӕр дын цы бантыст, ууыл. Зӕгъӕм, Йегъовӕ сси дӕ Хӕлар, Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн дзурыс кӕнӕ донаргъуыд райстай. Кӕд раздӕр дӕр дӕ нысӕнттӕм тырныдтай, ӕмӕ дӕ къухы бафтыдысты, уӕд ныр дӕр дарддӕр дӕ нысанмӕ тырн, ӕмӕ дӕ къухы бафтдзӕн. Йегъовӕйы фӕрцы дӕ нысан дӕ къухы бафтдзӕн. Дӕ нысанмӕ тырнгӕйӕ-иу дӕ хъус дар, Йегъовӕ дын куыд ӕххуыс кӕны, уымӕ, ӕмӕ дын уый циндзинад хӕсдзӕн (2 Кор. 4:7). Дӕ ныфс куы нӕ асӕтта ӕмӕ ӕрдӕгфӕндагыл куы не ’рлӕууай, уӕд ноджы стырдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ! (Гал. 6:9). w23.05 31 ф., 16–18 абз.
Майрӕмбон, 31 октябрь
Фыд уӕ йӕхӕдӕг уарзы, уымӕн ӕмӕ сымах мӕн бауарзтат ӕмӕ баууӕндыдыстут, ӕз мӕ Фыды номӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ууыл (Иоан. 16:27).
Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн фӕдзуры, кӕй сӕ уарзы ӕмӕ сӕ райгонд кӕй у. Йегъовӕ Йесойӕн дӕр дзырдта, зӕгъгӕ, ды дӕ мӕ уарзон, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт. Уый тыххӕй бакӕсӕн ис Библийы дыууӕ раны (Матф. 3:17; 17:5). Дӕу дӕр куыннӕ фӕндид, цӕмӕй дын Йегъовӕ ахӕм хъарм ныхӕстӕ зӕгъа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нӕм уӕлӕрвтӕй не ’рдзуры. Уый немӕ фӕныхас кӕны Библийы уылты. Йегъовӕйы хъӕлӕс «фӕхъусӕм», Евангелиты Йесойы ныхӕстӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо алцӕмӕй дӕр уыд йӕ Фыды хуызӕн. Уый-иу йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕй ӕппӕлыд ӕмӕ-иу сын дзырдта, кӕй сӕ уарзы, кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр. Уӕдӕ-иу Йесойы ныхӕстӕ куы кӕсай, уӕд-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, уыцы ныхӕстӕ дын Йегъовӕ куыд дзуры, уый (Иоан. 15:9, 15). Зындзинӕдтӕ куы февзарӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ райгонд нӕу. Стӕй ма нын фӕзыны фадат, цӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйы куыд тынг уарзӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый (Иак. 1:12). w24.03 28 ф., 10, 11 абз.