Ноябрь
Сабат, 1 ноябрь
Ды афтӕ бакодтай, ӕмӕ дӕ сабитӕ ӕмӕ дзидзидай сывӕллӕттӕ кадджын кӕнынц (Матф. 21:16).
Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд-иу сын баххуыс кӕн, сӕ кармӕ гӕсгӕ чи ’мбӕлы, ахӕм дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕнынӕн. Хатт статьяйы дзырд фӕцӕуы, лӕг ӕмӕ ус цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ууыл кӕнӕ хӕрзӕгъдаудзинадимӕ баст фарстатыл. Фӕлӕ ахӕм статьяты дӕр иу кӕнӕ дыууӕ абзацы, гӕнӕн ис, ахӕм уой, ӕмӕ сывӕллонӕн йӕ бон уа дзуапп раттын. Дӕ сывӕллӕттӕн-иу бамбарын кӕн, сӕ къухыл-иу куы схӕцой, уӕд-иу сӕ алы хатт цӕуылнӕ бафӕрсдзысты. Ӕмӕ-иу ӕфсымӕр ӕндӕр искӕй куы бафӕрса, уӕд-иу нӕ фӕтӕргай уыдзысты (1 Тим. 6:18). Не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у нӕ дзуаппытӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнын ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауын (Ӕмб. 25:11). Иуӕй-иу хатт нӕ бон вӕййы нӕхи тыххӕй исты цыбыртӕй радзурын, фӕлӕ-иу хъуамӕ нӕхи кой ӕгӕр бирӕ ма кӕнӕм (Ӕмб. 27:2; 2 Кор. 10:18). Иннӕты ӕргом хъуамӕ здахӕм Йегъовӕмӕ, йӕ Ныхасмӕ ӕмӕ йӕ организацимӕ (Рарг. 4:11). w23.04 24, 25 фф., 17, 18 абз.
Хуыцаубон, 2 ноябрь
Уӕдӕ мах иннӕты хуызӕн фынӕй ма кӕнӕм, фӕлӕ уӕм цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус (1 Фес. 5:6).
Уарзондзинад ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм ӕмӕ ӕрвонг зондӕй архайӕм (Матф. 22:37–39). Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хорз хабар дарддӕр хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй цыфӕнды зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕддӕр (2 Тим. 1:7, 8). Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы адӕмы дӕр кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм, суанг телефонӕй ӕмӕ писмоты фӕрцы дӕр. Мах ныфс ис, иу бон уыцы адӕм дӕр кӕй фӕивдзысты ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй райдайдзысты (Йез. 18:27, 28). Иннӕты уарзынмӕ хауы нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзын дӕр. Уыцы уарзондзинад ӕвдисӕм, кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс кӕй ӕфтауӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы кӕй фидар кӕнӕм, уымӕй (1 Фес. 5:11). Ӕфсӕддонтӕ фӕхӕцынц фӕрсӕй-фӕрстӕм, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн вӕййынц ныфсы хос. Афтӕ мах дӕр кӕрӕдзийӕн стӕм ныфсы хос. Мах нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты зӕрдӕтӕ зонгӕ-зонын никуы фӕриссын кӕндзыстӕм кӕнӕ сын ӕвзӕр ӕвзӕрӕй нӕ фиддзыстӕм (1 Фес. 5:13, 15). Уарзондзинад ма равдисӕм, ӕмбырдӕн разамынд чи дӕтты, уыцы ’фсымӕрты кӕй нымайӕм, уымӕй дӕр (1 Фес. 5:12). w23.06 9 ф., 6 абз.; 11 ф., 10, 11 абз.
Къуырисӕр, 3 ноябрь
[Йегъовӕ] зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сараздзӕн? (Ным. 23:19).
Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн иу мадзал у Чырыстийы нывондыл хъуыды кӕнын. Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый у фидар бӕлвырдгӕнӕн, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн. Фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, уыцы нывонд хаст цӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ Йегъовӕйы цы стыр аргъ бахъуыд бафидын, ууыл. Уӕд-иу нӕ ноджы тынгдӕр бауырндзӕн, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ нын йӕ диссаджы ног дунейы ӕнӕкӕрон цард кӕй балӕвар кӕндзӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ цы стыр аргъ бафыста, ууыл. Йӕ уарзон фыццаггуырд Фырты, ӕппӕты ӕввахсдӕр хӕлары, уӕлӕрвтӕй рарвыста, цӕмӕй зӕххыл райгуырдаид. Зӕххыл Йесо алыхуызон зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Уый фӕстӕ тухитӕгӕнгӕ амард. Йегъовӕ ӕцӕгдӕр тынг стыр аргъ бафыста. Цымӕ нӕ уарзӕгой Хуыцау йӕ Фырты хъизӕмайраг мардӕй амӕлын бауагътаид, адӕмӕн хуыздӕр цард ӕрмӕстдӕр цыбыр рӕстӕгмӕ балӕвар кӕнынмӕ куы хъавыдаид, уӕд? (Иоан. 3:16; 1 Пет. 1:18, 19). Фӕлӕ иугӕр ахӕм аргъ бафыста, уӕд ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн афтӕ, цӕмӕй адӕм ног дунейы ӕнустӕм цӕрой. w23.04 27 ф., 8, 9 абз.
Дыццӕг, 4 ноябрь
Мӕлӕт, кӕм сты дӕ фаттӕ? (Оси 13:14).
Цымӕ Йегъовӕйы фӕнды мӕрдты райгас кӕнын? Ууыл дзырд дӕр нӕй. Библи чи фыста, уыдонӕй цалдӕрӕн ныффыссын кодта, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй (Ис. 26:19; Рарг. 20:11–13). Ӕмӕ Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый та алкӕддӕр сӕххӕст кӕны (Йес. Н. 23:14). Ӕмӕ йӕ мӕрдты райгас кӕнын ӕнӕуи фӕндгӕ нӕ кӕны – уымӕ бӕлгӕ кӕны. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Иов цы загъта, ууыл. Уый фидарӕй уырныдта, куы амӕла, уӕд Йегъовӕ кӕй бӕлдзӕн, цӕмӕй йӕ ногӕй фена (Иов 14:14, 15). Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдонӕй алкӕй фенынмӕ дӕр афтӕ бӕллы. Тынг ӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха, ӕмӕ ӕнӕниз ӕмӕ амондджын уой. Ӕмӕ Йегъовӕйы базоныны фадат кӕмӕн нӕ уыд, афтӕмӕй чи амард, ӕппӕт уыцы адӕмы та райгас кӕндзӕн? Нӕ уарзӕгой Хуыцауы тынг фӕнды уыдоны дӕр райгас кӕнын (Хъуыд. 24:15). Фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суой ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм цӕрой (Иоан. 3:16). w23.04 9 ф., 5, 6 абз.
Ӕртыццӕг, 5 ноябрь
Хуыцау нын ратдзӕн хъару (Пс. 108:13).
Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ ныфс фидар уа? Зӕгъӕм, кӕд дын зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс ис, уӕд-иу бакӕс, Библийы дзӕнӕты тыххӕй фыст кӕм ис, уыцы скъуыддзӕгтӕ ӕмӕ-иу сыл ахъуыды кӕн (Ис. 25:8; 32:16–18). Ахъуыды-иу кӕн, ног дунейы цард цыхуызӕн уыдзӕн, ууыл. Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, цыма уым дӕ. Фидӕнӕй нӕ цы ныфс ис, ууыл ӕдзух куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ рох нӕ уыдзӕн, «нӕ зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ [кӕй] сты ӕмӕ афтӕ уӕззау [кӕй] не сты» (2 Кор. 4:17). Йегъовӕ нын радта диссаджы ныфс, ӕмӕ нӕ уый фӕрцы бафидар кӕны ӕмӕ нын нӕ хъарутыл хъарутӕ бафтауы. Йегъовӕ, цы хъӕуы, уый сарӕзта, цӕмӕй-иу нӕ бафидар кӕна. Дӕуӕн та дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй зын хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнай, фӕлварӕны фидар фӕлӕууай кӕнӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнай? Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ Библи иртасгӕйӕ йӕ разамынд агур, хотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕххуыс кур ӕмӕ дын цы ныфс ис, ууыл ӕдзух хъуыды кӕн. Уӕд дын, «стыр тыхы хицау чи у, уыцы Хуыцау... уыйбӕрц хъару ратдзӕн, цӕмӕй цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууай» (Кол. 1:11). w23.10 17 ф., 19, 20 абз.
Цыппӕрӕм, 6 ноябрь
Алцӕй тыххӕй дӕр бузныг дзурут (1 Фес. 5:18).
Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд ын нӕ бон бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй вӕййы бузныг зӕгъын. Нӕ бон ын у бузныг дзурын, нӕ царды хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уыдӕтты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ алы хорз лӕвар дӕр уымӕй у (Иак. 1:17). Зӕгъӕм, ис ын бузныг зӕгъӕн нӕ рӕсугъд зӕххы тыххӕй ӕмӕ ма ноджыдӕр цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй. Нӕ бон ма йын у бузныг дзурын царды, нӕ бинонты ӕмӕ не ’мбӕлтты тыххӕй, стӕй нын цы ныфс ис, уый тыххӕй. Уымӕй уӕлдай нӕ фӕнды Йегъовӕйӕн бузныг дзурын, ахӕм фадат нын кӕй радта, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлӕрттӕ суыдаиккам. Алчидӕр нӕ Йегъовӕйӕ цӕй тыххӕй хъуамӕ уа бузныг, ууыл хъуыды кӕнын тынг ахсджиаг у. Хатт ууыл тынгдӕр фӕхъӕуы бацархайын. Ныртӕккӕ бирӕтӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зонынц ӕмӕ бузныг дӕр никӕмӕй вӕййынц. Сӕ мӕт фылдӕр вӕййы, цы сӕ хъӕуы, уый сӕ къухы куыд бафта, ууыл. Цы сӕм ис, уый тыххӕй бузныг уой, уый та сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ вӕййы. Мах дӕр сӕ зондахастӕй куы фӕхъӕстӕ уӕм, уӕд нӕ куывдтыты ӕрмӕстдӕр дзурдзыстӕм, «ратт мын», «уый мӕ хъӕуы», «баххуыс мын кӕн», зӕгъгӕ. Ӕмӕ цӕмӕй афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй хъуамӕ алкӕддӕр аргъ кӕнӕм Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕн ӕмӕ йын бузныг дзурӕм (Лук. 6:45). w23.05 4 ф., 8, 9 абз.
Майрӕмбон, 7 ноябрь
Курӕд уырнӕгзӕрдӕйӕ, ӕппындӕр дызӕрдыг ма кӕнӕд (Иак. 1:6).
Йегъовӕ у нӕ Фыд, тынг нӕ уарзы, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм (Ис. 63:9). Цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдон абарӕн ис цӕугӕдӕттимӕ кӕнӕ артимӕ (Ис. 43:2). Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй нӕ бахизы, фӕлӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй-иу нын баххуыс кӕндзӕн сӕ сӕрты ахизынӕн. Ӕмӕ цыфӕнды фӕлварӕнтыл ма сӕмбӕлӕм,– ӕххуыс нын кӕндзӕн, цӕмӕй дзы ма адард уӕм. Уымӕй уӕлдай ма нын ратты йӕ хъомысджын сыгъдӕг тых дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон вӕййы фидар фӕлӕууын (Лук. 11:13; Фил. 4:13). Уӕдӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй алкӕддӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм (Дзут. 11:6). Иуӕй-иу хатт нӕм нӕ зындзинӕдтӕ хохы йас фӕкӕсынц. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, дызӕрдыг кӕнын дӕр райдайӕм, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Фӕлӕ нын Библи зӕрдӕ ӕвӕры, Хуыцауы тыхы фӕрцы нӕ бон кӕй у «къулыл сбырын дӕр» (Пс. 18:29). Уӕдӕ-иу хъуамӕ ахӕм дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзӕм ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ ныфсджынӕй кувӕм. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ куывдтытӕн нын дзуапп кӕй ратдзӕн, ууыл (Иак. 1:6, 7). w23.11 22 ф., 8, 9 абз.
Сабат, 8 ноябрь
Уарзты цӕхӕртӕ сты арты цӕхӕртӕ, Йагъы пиллон арт. Уарзты зынг бирӕ дӕттӕ дӕр нӕ ахуыссын кӕндзысты, цӕугӕдӕттӕ дӕр ӕй нӕ аласдзысты (Сол. з. 8:6, 7).
Диссаджы рӕсугъд ныхӕстӕ! Ахӕм у ӕцӕг уарзондзинад. Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы алкӕддӕр уарзой. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы цӕрӕнбонтӕм уарздзысты ӕви нӕ, уый сӕхицӕй кӕнгӕ у. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Арт, гӕнӕн ис, ӕмӕ макуы ахуысса. Фӕлӕ дзы уый тыххӕй хъӕуы сугтӕ ӕппарын. Артмӕ йӕ хъус куы ничи дара, уӕд сабыргай ахуысдзӕн. Раст афтӕ лӕг ӕмӕ усӕн дӕр сӕ уарзты зынг, гӕнӕн ис, макуы ахуысса. Фӕлӕ уый тыххӕй фӕхъӕуы цыдӕртӕ аразын. Хатт лӕг ӕмӕ ус фембарынц, сӕ уарзты зынг кӕй мынӕг кӕны, уӕлдайдӕр та ӕхцаимӕ, ӕнӕниздзинадимӕ кӕнӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынимӕ баст зындзинӕдты тыххӕй. Цӕмӕй «Йагъы пиллон арт» ма ахуысса ӕмӕ алкӕддӕр судза, уый тыххӕй хъуамӕ лӕгӕн дӕр ӕмӕ усӕн дӕр Йегъовӕ уа йе ’ввахс Хӕлар. w23.05 20, 21 фф., 1–3 абз.
Хуыцаубон, 9 ноябрь
Ма тӕрс (Дан. 10:19).
Гӕнӕн ис, дӕ ныййарджытӕ дын дзурой, хъӕбатыр хъуамӕ уай, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дын сӕ бон нӕу уыцы миниуӕг бынӕн ныууадзын. Цӕмӕй хъӕбатыр уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы цыдӕр аразын. Уый абарӕн ис, ног цӕуылдӕр куыд ахуыр кӕнай, уыимӕ. Уыцы хъуыддаг дын хуыздӕр уайдзӕн, дӕ ахуыргӕнӕгмӕ лӕмбынӕг куы кӕсай ӕмӕ, уый куыд кӕны, афтӕ куы кӕнай, уӕд. Афтӕ у хъӕбатырдзинады хабар дӕр. Иннӕтӕ уыцы миниуӕг куыд ӕвдисынц, уымӕ лӕмбынӕг куы кӕсай ӕмӕ сӕ куы фӕзмай, уӕд суыдзынӕ хъӕбатыр. Мах дӕр хъуамӕ Данелау Хуыцауы Ныхас хорз зонӕм, Йегъовӕмӕ арӕх кувӕм, йемӕ ӕргом ныхас кӕнӕм ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Стӕй йыл хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, алкӕддӕр нӕ фарсмӕ кӕй вӕййы, ууыл. Ӕмӕ-иу уӕд фӕлварӕнты рӕстӕг разындзыстӕм хъӕбатыр. Хъӕбатыр адӕм иннӕты цӕсты арӕх кадджын вӕййынц. Стӕй уыдоны фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы бафӕнды Йегъовӕйы хуыздӕр базонын. w23.08 2 ф., 2 абз.; 4 ф., 8, 9 абз.
Къуырисӕр, 10 ноябрь
Алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнут (1 Фес. 5:21).
«Сбӕлвырд кӕнын»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырдӕй-иу пайда кодтой, зӕгъӕм, сызгъӕрин дзаума ӕцӕгдӕр сызгъӕрин у ӕви нӕ, уый-иу сбӕрӕг кӕнын куы хъуыд, уӕд. Мах дӕр-иу хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм, цы фехъусӕм кӕнӕ цы бакӕсӕм, уый ӕцӕг у ӕви нӕ. Ӕмӕ, стыр бӕллӕх куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ уый ноджы ахсджиагдӕр у. Хъуамӕ алы ныхасыл ма ӕууӕндӕм, фӕлӕ уӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ-иу, цы бакӕсӕм кӕнӕ цы фехъусӕм, уый абарӕм, Библи ӕмӕ Йегъовӕйы организаци цы дзурынц, уыимӕ. Ӕмӕ нӕ уӕд хӕйрӕджыты мӕнг ныхӕстӕ нӕ бауырндзысты ӕмӕ нӕ фӕсайды уыдзыстӕм (Ӕмб. 14:15; 1 Тим. 4:1). Мах зонӕм, Йегъовӕйы адӕм стыр бӕллӕхы кӕй аирвӕздзысты. Фӕлӕ йын йӕ лӕггадгӕнджыты хицӕнтӕй куы райсӕм, уӕд ничи зоны, райсом кӕмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Иак. 4:14). Фӕлӕ кӕд афтӕ дӕр рауайа, ӕмӕ стыр бӕллӕхмӕ нӕ фӕцардыстӕм, уӕддӕр ӕй зонӕм: кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нын Хуыцау балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр нӕ хъуыдытӕ саразӕм, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ ӕмӕ Йегъовӕйы бонмӕ алкӕддӕр цӕттӕ уӕм! w23.06 13 ф., 15, 16 абз.
Дыццӕг, 11 ноябрь
Ницы аразы, цалынмӕ йӕ сусӕг хъуыддаг йӕ пехуымпартӕн нӕ раргом кӕны, уӕдмӕ (Амос 3:7).
Мах нӕ зонӕм, Библийы пехуымпарӕдтӕй кӕцыдӕртӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый (Дан. 12:8, 9). Фӕлӕ кӕд, цавӕрдӕр пехуымпарад куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый нӕ зонӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ сӕххӕст уыдзӕн. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм: зонын нӕ цы хъӕуы, уый нын Йегъовӕ йӕ афоныл раргом кӕндзӕн, раджы заман куыд кодта, афтӕ. Тагъд хицауӕдтӕ фехъусын кӕндзысты: «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!» (1 Фес. 5:3). Стӕй мӕнг динты ныхмӕ рацӕудзысты ӕмӕ сӕ фесафдзысты (Рарг. 17:16, 17). Уый фӕстӕ та рацӕудзысты Хуыцауы адӕмы ныхмӕ (Йез. 38:18, 19). Уыцы хабӕрттӕ ӕркӕндзысты фӕстаг хӕстмӕ – Армагеддонмӕ (Рарг. 16:14, 16). Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, уыцы хабӕрттӕ тагъд кӕй ӕрцӕудзысты. Уӕдмӕ та уал дарддӕр дӕр Библийы пехуымпарӕдтӕм нӕ хъус дарӕм ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сӕ бамбарой. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕй бузныг кӕй стӕм. w23.08 13 ф., 19, 20 абз.
Ӕртыццӕг, 12 ноябрь
Нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад Хуыцауӕй цӕуы (1 Иоан. 4:7).
Апостол Павел уырнындзинады, ныфсы ӕмӕ уарзондзинады кой куы кодта, уӕд загъта: «Фӕлӕ дзы ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр у уарзондзинад» (1 Кор. 13:13). Цымӕ афтӕ цӕмӕн загъта? Хуыцау нын зӕрдӕ цы ног дунейӕ бавӕрдта, уый куы ралӕууа, уӕд афтӕ нал дзурдзыстӕм, зӕгъгӕ, «мӕн уырны, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн» кӕнӕ «ныфс мӕ ис, ног дуне кӕй ралӕудзӕн». Нӕхи цӕстӕй йӕ уындзыстӕм. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы уарзын алкӕддӕр хъӕудзӕн. Уыцы уарзондзинад нын ӕнусӕй-ӕнусмӕ тыхджындӕр кӕндзӕн. Нӕ уарзондзинадӕй ма бӕрӕг у, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм. Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:35). Уымӕй уӕлдай ма, кӕрӕдзийы кӕй уарзӕм, уый фӕрцы не ’хсӕн ис иудзинад. Павел загъта, уарзондзинады хуызӕн кӕй «ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Кол. 3:14). Апостол Иоанн йе ’мчырыстӕттӕм ныффыста: «Хуыцауы чи уарзы, уый хъуамӕ йе ’фсымӕры дӕр уарза» (1 Иоан. 4:21). Уӕдӕ кӕрӕдзийы куы уарзӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы кӕй уарзӕм. w23.11 8 ф., 1, 3 абз.
Цыппӕрӕм, 13 ноябрь
Нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый (Дзут. 12:1).
Библи чырыстӕтты бары згъорджытимӕ. Ӕмӕ, йӕ фӕндагыл кӕронмӕ чи азгъора, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы хӕрзиуӕг – ӕнусон цард (2 Тим. 4:7, 8). Мах хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй дарддӕр дӕр згъорӕм, уымӕн ӕмӕ уыцы фӕндаджы кӕрон тынг хӕстӕг у, бирӕ йӕм нал хъӕуы. Апостол Павел бамбарын кодта, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй рамбулӕм ӕмӕ хӕрзиуӕг райсӕм. Павел ныффыста: «Уӕдӕ... нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый... ӕмӕ нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл фӕразонӕй згъорӕм». Павелы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ чырыстонмӕ хъуамӕ ӕппындӕр мацы хӕссинӕгтӕ уа? Нӕ. Павелы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ хъуамӕ нӕхицӕй аппарӕм уӕлдай уӕргътӕ иууылдӕр. Ахӕм уӕргътӕ куы сӕккой кӕнӕм, уӕд ныффӕллайдзыстӕм, ӕмӕ нӕ бон згъорын нал уыдзӕн. Цӕмӕй кӕронмӕ бафӕразӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уайтагъд сбӕлвырд кӕнӕм, цавӕр уӕргътӕ нӕ хъыгдарынц тагъд згъорын, ӕмӕ сӕ уайтагъд фервӕзӕм. Фӕлӕ афтӕ дӕр хъуамӕ ма рауайа, ӕмӕ хъӕугӕ хӕссинӕгтӕ дӕр аппӕрстам. Уӕд ахиздзыстӕм ерысы уагӕвӕрдты сӕрты, ӕмӕ нӕ бон уыцы фӕндагыл згъорын нал уыдзӕн (2 Тим. 2:5). w23.08 26 ф., 1, 2 абз.
Майрӕмбон, 14 ноябрь
Уӕ фидауц дзыккуты быд... ма уӕд (1 Пет. 3:3),
Ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд иннӕты хъуыдыйӕн аргъ кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, хотӕй иутӕ уарзынц сӕхи ахорын, иннӕтӕ та – нӕ. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ бӕрцӕй ануазынц, иннӕтӕ та аскъуыддзаг кодтой, нуазгӕ ӕппындӕр кӕй нӕ кӕндзысты. Чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй ӕнӕниз уой, фӕлӕ иутӕ иухуызон хос кӕныны мадзӕлттӕ равзарынц, иннӕтӕ – ӕндӕрхуызон. Афтӕ нӕм хъуамӕ ма кӕса, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр нӕ хъуыды у раст ӕмӕ иннӕтӕн, мах цы аразӕм, уый хъуамӕ ма аразын кӕнӕм. Кӕннод, гӕнӕн ис, искӕмӕн цӕлхдур суӕм ӕмӕ ӕмбырд дӕр ныддихтӕ уа (1 Кор. 8:9; 10:23, 24). Зӕгъӕм, цы хъуамӕ дарӕм, уый фӕдыл нын Йегъовӕ дуне закъӕттӕ нӕ радта, фӕлӕ нын радта уагӕвӕрдтӕ. Хъуамӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ конд уӕм. Нӕ уӕлӕдарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, «хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ» кӕй стӕм (1 Тим. 2:9, 10). Нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй-иу адӕмы нӕхимӕ ӕркӕсын кӕнӕм. Библийы уагӕвӕрдтӕ ма хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу ӕмбырды сӕхи закъӕттӕ ма ӕрфидар кӕной, хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ конд ӕмӕ сӕ сӕрыфаст цавӕр хъуамӕ уа, уый фӕдыл. w23.07 23, 24 фф., 13, 14 абз.
Сабат, 15 ноябрь
Лӕмбынӕг мӕм хъусут ӕмӕ хӕрут хорз хӕринӕгтӕ, дзаджджын хӕринӕгтӕй уӕ мондӕгтӕ уадзут (Ис. 55:2).
Йегъовӕ равдыста, куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй фидӕны амондджын уӕм. Ӕнӕуаг, «ӕнӕзонд сылгоймаджы» хӕдзармӕ чи бацӕуы, уыдонӕн ӕхсызгон ӕмӕ «адджын» вӕййынц сусӕг митӕ. Ӕмӕ сӕ кӕрон та цӕуы «ингӕны арфмӕ» (Ӕмб. 9:13, 17, 18). «Ӕцӕг зонды» хӕдзармӕ чи бацӕуы, уыдонӕн та сӕ хабар бынтон ӕндӕрхуызон у (Ӕмб. 9:1). Мах сахуыр вӕййӕм, Йегъовӕ цы уарзы, уый уарзын ӕмӕ, йе сӕфт цӕмӕй уыны, уымӕй не сӕфт уынын (Пс. 97:10). Стӕй нын тынг ӕхсызгон у иннӕты дӕр «ӕцӕг зондмӕ» уазӕгуаты хонын. Уый афтӕ у, цыма «горӕты бӕрзонд рӕттӕй» хъусын кӕнӕм: «Ӕвӕлтӕрд чи у, уый ардӕм рацӕуӕд». Махӕн дӕр ӕмӕ нӕм чи ӕрбаиу вӕййы, уыдонӕн дӕр уый ӕрмӕст ныртӕккӕ нӕ хӕссы пайда. «Ӕмбарындзинады фӕндагыл размӕ» куы цӕуӕм, уӕд цӕрдзыстӕм ӕнустӕм дӕр (Ӕмб. 9:3, 4, 6). w23.06 24 ф., 17, 18 абз.
Хуыцаубон, 16 ноябрь
Йӕ маст уромын чи зоны, уый тыхджын адӕймагӕй хуыздӕр у, ӕмӕ йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый хуыздӕр у, горӕт чи басӕтты, уымӕй (Ӕмб. 16:32).
Де ’мкусӕг кӕнӕ дӕ дӕ къласаг, цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй куы бафӕрсы, уӕд нӕ ратыхсыс? Бирӕтӕ нӕ ахӕм уавӕры фӕтыхсынц. Фӕлӕ нӕм адӕймаг ахӕм фарста куы ратты, уӕд нӕ бон вӕййы бамбарын, цы хъуыды кӕны кӕнӕ та цӕуыл ӕууӕнды, уый. Ӕмӕ нын фӕзыны фадат, цӕмӕй йын хорз хабар радзурӕм. Хатт та нӕм адӕймаг ахӕм фарста уымӕн ратты, ӕмӕ немӕ разы нӕ вӕййы, ӕмӕ стӕй быцӕу кӕнын райдайы. Уый нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса. Иуӕй-иутӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕй фехъусынц, уый тыххӕй фӕкӕнынц тыхныхас (Хъуыд. 28:22). Уымӕй уӕлдай, мах цӕрӕм «фӕстаг бонты», ӕмӕ бирӕтӕ сты «зындзырд» ӕмӕ «ӕгъатыр», кӕнӕ «знӕт» (2 Тим. 3:1, 3, фип.). Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Исчи мемӕ куы быцӕу кӕна, уӕд мын цы баххуыс кӕндзӕн йемӕ сабырӕй ныхас кӕнынӕн?» Цыбырдзырдӕй, фӕлмӕн удыхъӕд. Фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, ахӕм адӕймагӕн исчи ӕфхӕрӕн кӕнӕ къахӕн ныхӕстӕ куы фӕкӕны, уӕд уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы ӕмӕ йӕ бон вӕййы йӕхиуыл хӕцын. w23.09 14 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 17 ноябрь
Ды сӕ сӕвӕрдзынӕ кънйӕзтӕй ӕгас зӕххыл (Пс. 45:16).
Йегъовӕ нын цы разамынд ӕмӕ цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдон ма нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй йын йӕ закъӕттӕ ма фехалӕм. Зӕгъӕм, фӕдзӕхсы нӕ, цӕмӕй ӕхцауарзаг ма суӕм (Ис. 48:17, 18; 1 Тим. 6:9, 10). Куыд зыны, афтӕмӕй нын Йегъовӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг ӕмӕ Чырыстийы миназон хицаудзинады рӕстӕг дӕр разамынд дӕтдзӕн, зӕххыл йӕ номӕй чи архайдзӕн, уыдоны уылты. Ӕмӕ цымӕ дарддӕр дӕр уыцы разамындмӕ хъусдзыстӕм? Уый нын ӕнцондӕр уыдзӕн аразын, ныртӕккӕ йӕм куы хъусӕм, уӕд. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ хъусӕм, кӕй бар нӕ бакодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕм дӕр (Ис. 32:1, 2; Дзут. 13:17). Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ Фӕндагамонӕг Йегъовӕ нын фӕндаг раст кӕй амоны. Уый нӕ хъахъхъӕны фыдбылызӕй ӕмӕ нӕ кӕны ног дунемӕ. w24.02 25 ф., 17, 18 абз.
Дыццӕг, 18 ноябрь
Сымах йе стыр хорзӕхы фӕрцы фервӕзтыстут (Еф. 2:5).
Апостол Павел Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодта, уый йын циндзинад хаста. Фӕлӕ бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлди. Арӕх-иу ӕй хъуыди дард балцыты цӕуын, ӕмӕ уыцы заман та фӕндагыл цӕуын афтӕ ӕнцон нӕ уыд. Хатт-иу ын тӕссаг уыди «цӕугӕдӕттыл хизгӕйӕ» ӕмӕ «абырджытӕй». Цалдӕр хатты та йӕ йе знӕгтӕ нӕмгӕ дӕр фӕкодтой (2 Кор. 11:23–27). Ӕмӕ йӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ дӕр алкӕд нӕ аргъ кодтой, кӕй сын ӕххуыс кодта, уымӕн (2 Кор. 10:10; Фил. 4:15). Павелӕн цы ӕххуыс кодта Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнынӕн? Фыстадӕй базыдта, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый, стӕй уыдта, куыд архайы, уый дӕр. Ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы, ууыл (Ром. 8:38, 39; Еф. 2:4, 5). Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр Йегъовӕйы тынг бауарзта. Павел йӕ уарзондзинад ӕвдыста, «сыгъдӕджытӕн» кӕй лӕггад кодта, уымӕй (Дзут. 6:10). w23.07 9 ф., 5, 6 абз.
Ӕртыццӕг, 19 ноябрь
Хицӕуттӕн коммӕгӕс ут (Ром. 13:1).
Библийы фыст ис, «хицӕутты» коммӕ кӕсын кӕй хъӕуы. Уый амоны зӕххон хицауӕдтӕм. Бирӕтӕ ӕмбарынц, хицауад кӕй хъӕуы ӕмӕ, цы закъӕттӕ рауадзы, уыдонмӕ хъусын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ цавӕрдӕр закъон сӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцӕуы кӕнӕ сӕм афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ раст нӕу, уӕд ӕй нӕ феххӕст кӕнынц. Библийӕ базонӕн ис, зӕххон хицауӕдтӕ адӕмӕн бирӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарын кӕнынц, Хӕйрӕджы къухы кӕй сты ӕмӕ тагъд сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты (Пс. 110:5, 6; Еккл. 8:9; Лук. 4:5, 6). Фӕлӕ ма дзы фыст ис: «Хицӕутты ныхмӕ чи цӕуы, уый цӕуы Хуыцауы ӕвӕрд ӕгъдауы ныхмӕ». Йегъовӕ рӕстӕгмӕ бауагъта, цӕмӕй хицӕутты къухы цавӕрдӕр бартӕ уа. Сӕ фӕрцы бӕстӕйы цавӕрдӕр фӕтк ӕмӕ ӕгъдау уӕддӕр вӕййы. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ коммӕ кӕсӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «алкӕмӕн дӕр дӕттӕм, цы йын ӕмбӕлы, уый». Уымӕ хауы хъалонтӕ фидын, хицӕуттӕн кад кӕнын ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсын (Ром. 13:1–7). Чи зоны, кӕцыдӕр закъон нӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, раст нӕм нӕ кӕсы кӕнӕ хъӕудзӕн бирӕ ’хца бахардз кӕнын, цӕмӕй алцыдӕр закъонмӕ гӕсгӕ саразӕм. Фӕлӕ нын Йегъовӕ куыд фӕдзӕхсы, афтӕ мах уӕддӕр хицӕутты коммӕ кӕсдзыстӕм, кӕд, цы нын дзурынц, уый йӕ закъӕтты ныхмӕ нӕу, уӕд (Хъуыд. 5:29). Мах фӕнды йӕ коммӕ кӕсын. w23.10 8 ф., 9, 10 абз.
Цыппӕрӕм, 20 ноябрь
Самсоныл Йегъовӕйы тых ӕрцыд (Тӕрх. 15:14).
Самсон куы райгуырд, уӕд израилӕгтӕ уыдысты филистимӕгты дӕлбар (Тӕрх. 13:1). Уыдон сӕ ссӕстой ӕмӕ сын сӕ туг цъырдтой. Гъемӕ Йегъовӕ Самсоны равзӕрста, цӕмӕй «Израил филистимӕгты къухӕй» фервӕзын кодтаид (Тӕрх. 13:5). Ӕмӕ Самсоны хъуыди йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын, цӕмӕй уыцы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодтаид. Иухатт филистимӕгты ӕфсад ӕрцыд Лехимӕ (уыцы бынат, ӕвӕццӕгӕн, Иудӕйы уыд). Фӕндыди сӕ Самсоны ӕрцахсын. Иудӕйы адӕм тынг фӕтарстысты ӕмӕ загътой, Самсоны сын сӕ къухмӕ раттӕм, зӕгъгӕ. Йӕхи адӕм ӕй дыууӕ ног бӕндӕнӕй сбастой ӕмӕ йӕ знӕгтӕм ӕрбакодтой (Тӕрх. 15:9–13). Фӕлӕ «Самсоныл Йегъовӕйы тых ӕрцыд», ӕмӕ йӕхи бӕндӕнтӕй суӕгъд кодта. Уый фӕстӕ «ссардта, ӕрӕджы чи амард, ахӕм хӕрӕджы ӕфсӕр», систа йӕ ӕмӕ дзы 1 000 филистимаджы амардта! (Тӕрх. 15:14–16). w23.09 2 ф., 3, 4 абз.
Майрӕмбон, 21 ноябрь
Уый у, фидарӕй кӕй аскъуыддзаг кодта ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстиимӕ баст чи у, йӕ уыцы ӕнусон фӕндмӕ гӕсгӕ (Еф. 3:11).
Йегъовӕйы цыфӕнды ма къуылымпы кӕна, уӕддӕр алкӕддӕр вӕййы ӕнтыстджын, уымӕн ӕмӕ «ӕппӕт дӕр ӕрцӕттӕ кодта йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн» (Ӕмб. 16:4). Библийы ма фыст ис, йӕ фӕнд «ӕнусон» кӕй у. Ӕнусон уымӕн у, ӕмӕ Йегъовӕ тынг бирӕ рӕстӕг рахицӕн кодта, цӕмӕй йӕ фӕнд кӕронмӕ сӕххӕст уа. Стӕй ма уымӕн дӕр, ӕмӕ, цы сараздзӕн, уый уыдзӕн ӕнустӕм. Уӕдӕ Йегъовӕмӕ цавӕр фӕнд ис ӕмӕ цавӕр ивындзинӕдтӕ скодта, цӕмӕй сӕххӕст уа? Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн раргом кодта, уыдоны тыххӕй йӕм цавӕр фӕнд уыд, уый. Загъта сын: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут. Уӕ бар цӕуӕд... зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдоныл» (Райд. 1:28). Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты ӕмӕ афтӕмӕй адӕм тӕригъӕдджын куы систы, уӕд дӕр йӕ фӕнд нӕ аивта. Фӕлӕ йӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй равзӕрста ӕндӕр «фӕндаг». Йегъовӕ уайтагъд сфӕнд кодта уӕлӕрвты Паддзахад ӕрфидар кӕнын. Ӕмӕ уыцы Паддзахад сӕххӕст кӕндзӕн, рагӕй фӕстӕмӕ йӕм адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый (Матф. 25:34). w23.10 19, 20 фф., 6, 7 абз.
Сабат, 22 ноябрь
Йегъовӕ мын куы не ’ххуыс кодтаид, уӕд афонмӕ мӕ кой дӕр нал уаид (Пс. 94:17).
Йегъовӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм. Хатт адӕймагӕн йӕ ныфс асӕтты, уӕлдайдӕр кӕд цавӕрдӕр хъӕндзинадӕй фервӕзыныл рагӕй архайы, уӕд. Хатт нӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мах апостол Петрӕй тынгдӕр рӕдийӕм. Фӕлӕ нын Йегъовӕ хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй-иу нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм (Пс. 94:18, 19). Иу ӕфсымӕр, цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдта, уӕдмӕ бирӕ азты дӕргъы уыд гомосексуалист. Фӕлӕ йӕ цард фӕивта ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ цӕрын райдыдта. Фӕлӕ-иу ӕй уӕддӕр хатт бахъуыд буары монцтимӕ тох кӕнын. Цы йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕ къухтӕ ма ’руагътаид? Уый загъта, Йегъовӕ йын хъарутӕ кӕй дӕтты. Стӕй ма загъта: «Ӕз ӕй бамбӕрстон, Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй ис дарддӕр дӕр раст фӕндагыл цӕуӕн... Йегъовӕ мын бар радта, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнӕг суон. Ӕмӕ кӕд ӕнӕрӕдигӕ нӕ дӕн, хъӕндзинӕдтӕ мӕм ис, уӕддӕр мын ӕдзухдӕр мӕ хъарутыл хъарутӕ бафтауы». w23.09 23 ф., 12 абз.
Хуыцаубон, 23 ноябрь
Сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый ссардзӕн хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ цард (Ӕмб. 22:4).
Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, сонтӕй уӕ фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймӕгтӕ нӕ рауайдзӕн. Ӕнӕ фыдӕбонӕй ницы ис. Хъӕуы уӕ ахъуыды кӕнын, фӕзминаг уын чи у, ууыл, хъуамӕ сахуыр уат хъуыды кӕнын, уат ӕууӕнкджын, сахуыр уат, царды уӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл ӕмӕ уӕхи бацӕттӕ кӕнат, фидӕны уыл цы хӕстӕ уыдзӕн, уыдонмӕ. Чи зоны, иуӕй-иу хатт ахъуыды кӕныс: «Цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон суон, уый тыххӕй цас цыдӕртӕ хъӕуы аразын! Ӕвӕццӕгӕн мын нӕ рауайдзӕн». Фӕлӕ ма тӕрс, алцыдӕр дын рауайдзӕн! Дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕйы тынг фӕнды дӕуӕн баххуыс кӕнын (Ис. 41:10, 13). Стӕй дын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзысты. Фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймаг куы суай, уӕд уыдзынӕ амондджын ӕмӕ дӕ цардӕй райгонд. Мах уӕ тынг уарзӕм, нӕ зынаргъ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ! Йегъовӕ уын ахӕм арфӕ ракӕнӕд, цӕмӕй суат, райгонд кӕмӕй уыдзӕн, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ! w23.12 29 ф., 19, 20 абз.
Къуырисӕр, 24 ноябрь
Иннӕйы рӕдыд... ницӕмӕ ӕрдары (Ӕмб. 19:11).
Зӕгъӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ бадт скодтат. Уӕ рӕстӕг дзӕбӕх арвыстат. Ӕмӕ сын стӕй загътай, цӕй ӕмӕ иумӕ нӕ къам сисӕм, зӕгъгӕ. Систай ӕртӕ къамы, мыййаг дзы искӕцы куы нӕ рауайа, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ къамтӕм куы ’ркастӕ, уӕд дзы иуы федтай, иу ӕфсымӕр дзы мӕстыхуыз кӕй рауад. Уыцы къам сыхалдзынӕ, уымӕн ӕмӕ ма дӕм ис ноджыдӕр дыууӕ къамы. Ӕмӕ уыцы къамты иууылдӕр худгӕ кӕнынц, уыимӕ уыцы ӕфсымӕр дӕр. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ цы рӕстӕг арвитӕм, уый арӕхдӕр ӕхсызгонӕй ӕрымысӕм. Фӕлӕ хатт вӕййы афтӕ, ӕмӕ, иумӕ куы вӕййӕм, уӕд нын хо кӕнӕ ’фсымӕр нӕ зӕрдӕ цӕмӕйдӕр фӕриссын кӕны. Уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Хорз нӕ уаид уыцы «къам» сыхалын? (Еф. 4:32). Уыцы адӕймаджы тыххӕй нӕм ис бирӕ хорз мысинӕгтӕ, ӕмӕ хъуамӕ уыцы «къамтӕ» баззайой нӕ зӕрдӕйы. w23.11 12 ф., 16, 17 абз.
Дыццӕг, 25 ноябрь
Фӕнды... мӕ, цӕмӕй сылгоймӕгтӕ сӕхи рӕсугъд кӕной... аив дарӕсӕй... йӕхи Хуыцауыл иузӕрдион чи хоны, уыцы сылгоймӕгтӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ (1 Тим. 2:9, 10).
Апостол Павел ам цы грекъаг дзырдтӕй спайда кодта, уыдон амонынц, чырыстон сылгоймаг аив конд кӕй хъуамӕ уа ӕмӕ йӕ дарӕсӕй бӕрӕг кӕй хъуамӕ уа, иннӕтӕ цы зӕгъдзысты ӕмӕ цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы. Нӕ зынаргъ хотӕ, мах уӕ тынг сӕрыстыр стӕм, ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕй архайут, уый тыххӕй! Хотӕм ма хъуамӕ уа ӕмбаргӕдзинад дӕр, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суой. Ӕмбаргӕ адӕймаг фембары, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмӕ уый фӕстӕ, раст куыд у, афтӕ бакӕны. Ӕркӕсӕм Авигейӕйы цӕвиттонмӕ. Йӕ лӕджы ӕнӕзонд мийы тыххӕй, сӕ хӕдзары чидӕриддӕр уыд, уыдон, гыццыл ма бахъӕуа, бабын уыдаиккой. Авигейӕ бамбӕрста, ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ цыдӕр кӕй хъуамӕ сараза. Ӕмӕ йе ’мбаргӕдзинады фӕрцы адӕмы аирвӕзын кодта (1 Сам. 25:14–23, 32–35). Ӕмбаргӕ адӕймаг ма фӕзоны, дзурын кӕд фӕхъӕуы ӕмӕ хъусӕй лӕууын кӕд фӕхъӕуы, уый дӕр. Стӕй йӕ иннӕтӕн баххуыс кӕнын куы фӕфӕнды, уӕд, уымӕ чи нӕ хауы, уыцы хъуыддӕгты йӕхи нӕ фӕтъыссы (1 Фес. 4:11). w23.12 20 ф., 8, 9 абз.
Ӕртыццӕг, 26 ноябрь
Уӕдӕ цин кӕнӕм, Хуыцау нӕ кӕй скадджын кӕндзӕн, уый ныфс нӕ кӕй ис, ууыл (Ром. 5:2).
Апостол Павел ацы ныхӕстӕ ныффыста Ромы ӕмбырдмӕ. Уыцы ӕмбырды чи уыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕддӕр Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тыххӕй базыдтой, баууӕндыдысты сыл ӕмӕ систы чырыстӕттӕ. Йегъовӕ сӕ сӕ «уырнындзинады тыххӕй рӕстгӕнджытыл» банымадта ӕмӕ сӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста (Ром. 5:1). Афтӕмӕй сын фӕзынд диссаджы ныфс, ӕмӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кодтаиккой, сӕ хӕрзиуӕг кӕй райсдзысты, ууыл. Фӕстӕдӕр Павел ныффыста Ефесы цӕрӕг сӕрст чырыстӕттӕм, Хуыцау сын цы ныфс радта, уый тыххӕй. Хъуамӕ райстаиккой, Хуыцау «сыгъдӕджытӕн бынӕн цы диссаджы хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта», уыдон (Еф. 1:18). Колоссаг чырыстӕттӕм та ныффыста, сӕ хӕрзиуӕг кӕм райсдзысты, уый тыххӕй. Ныффыста сӕм афтӕ: «Ныфс [уӕ] ис, Хуыцау уын уӕлӕрвты цы ӕрцӕттӕ кодта, уый кӕй райсдзыстут» (Кол. 1:4, 5). Уӕдӕ сӕрст чырыстӕттӕн ис ныфс, уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзысты, ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты ӕмӕ уым Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты (1 Фес. 4:13–17; Рарг. 20:6). w23.12 9 ф., 4, 5 абз.
Цыппӕрӕм, 27 ноябрь
Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн... [уын] бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд (Фил. 4:7).
«Бахъахъхъӕндзӕн»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый баст уыд хӕстон хабӕрттимӕ ӕмӕ амыдта, ӕфсӕддонтӕ-иу горӕт знагӕй кӕй хъахъхъӕдтой, уымӕ. Ӕмӕ-иу горӕты цӕрджытӕ ӕхсӕвы ӕнӕмӕтӕй фынӕй кодтой, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, горӕты кулдуӕрттӕ ӕфсӕддонтӕ кӕй хъахъхъӕнынц. Раст афтӕ нын Хуыцауы фарн бахъахъхъӕны нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд. Нӕ зӕрдӕ вӕййы сабыр, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕзонӕм, Йегъовӕимӕ нын тӕссаг кӕй ницӕмӕй у (Пс. 4:8). Аннӕйы хабар куыд уыд, афтӕ махӕн дӕр кӕд нӕ уавӕр уайтагъд нӕ фӕивы, уӕддӕр нал фӕмӕт кӕнӕм (1 Сам. 1:16–18). Ӕмӕ нын уӕд ӕнцондӕр вӕййы, цы саразын хъӕуы, уый бамбарын ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын. Нӕхи цы хъӕуы аразын? Зын уавӕры куы уай ӕмӕ истӕуыл куы мӕт кӕнай, уӕд-иу «хъахъхъӕнджытӕм» фӕдзур. Уый дӕ бон куыд у саразын? Хуыцаумӕ кув, цалынмӕ нӕ банкъарай, йӕ фарнӕй кӕй схайджын дӕ, уый (Лук. 11:9; 1 Фес. 5:17). Кӕд зын уавӕры дӕ, уӕд ӕппынӕдзух Йегъовӕмӕ кув. Ӕмӕ йӕ банкъардзынӕ, йӕ фарн дын дӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ зонд куыд хъахъхъӕны, уый (Ром. 12:12). w24.01 21 ф., 5, 6 абз.
Майрӕмбон, 28 ноябрь
Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном (Матф. 6:9).
Йесо ныффӕрӕзта ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр, стӕй алы ӕфхӕрӕн ныхасӕн ӕмӕ алы мӕнг ныхасӕн дӕр, цӕмӕй йӕ Фыды ном срухс кодтаид. Уый зыдта, алы хъуыддаджы дӕр йӕ Фыды коммӕ кӕй бакаст ӕмӕ, йӕ цӕсгом цӕй тыххӕй сыгъдаид, ахӕмӕй кӕй ницы сарӕзта (Дзут. 12:2). Йесо ма зыдта, уыцы уӕззау рӕстӕджы йыл Хӕйрӕг йӕхӕдӕг кӕй ныццавта йӕхи (Лук. 22:2–4; 23:33, 34). Хӕйрӕг, ӕвӕццӕгӕн, ӕнхъӕлдта, ӕмӕ Йесойы басӕтдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн. Фӕлӕ йӕ фӕндтӕ йӕ хъуыры фӕбадтысты! Йесо радта фидар дзуапп Хӕйрӕджы ӕбуалгъы мӕнг ныхӕстӕн. Равдыста, мӕнгард ӕмӕ фӕлитой кӕй у ӕмӕ Йегъовӕйӕн кӕй ис, цыфӕнды уӕззау фӕлварӕнты дӕр ыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивдзӕн, ахӕм иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ! Фӕнды дӕ дӕ Паддзах Йесойы зӕрдӕ рухс кӕнын? Кӕд о, уӕд дарддӕр дӕр Йегъовӕйы ном кадджын кӕн – иннӕтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй базоной, Йегъовӕ ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый. Афтӕ куы кӕнай, уӕд цӕудзынӕ Йесойы къахвӕдтыл (1 Пет. 2:21). Ӕмӕ Йесойау Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ ӕмӕ ӕвдисдзынӕ, йе знаг Хӕйрӕг мӕнгард ӕмӕ фӕлитой кӕй у. w24.02 11, 12 фф., 11–13 абз.
Сабат, 29 ноябрь
Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн? (Пс. 116:12).
Фӕстаг фондз азмӕ милуан адӕймагӕй фылдӕр райстой донаргъуыд ӕмӕ систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны, уӕд свӕййы Чырыстийы ахуыргӕнинаг ӕмӕ йын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр свӕййы Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Дӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕнай, уӕд уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн? Йесо загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд» (Матф. 16:24). Адӕймаг йӕхи тыххӕй мауал цӕра, уый куыд ӕмбаргӕ у? Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд хъуамӕ ныууадзай, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ (2 Кор. 5:14, 15). Хъуамӕ дард лидзай «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕй», зӕгъӕм, хӕтындзинадӕй (Гал. 5:19–21; 1 Кор. 6:18). Ахӕм хъуыддӕгтӕ аразӕн кӕй нӕй, уымӕй дӕ цард фӕзындӕр уыдзӕн? Йегъовӕйы куы уарзай ӕмӕ куы нӕ дызӕрдыг кӕнай, йӕ закъӕттӕ дӕ пайдайӕн кӕй сты, уӕд нӕ (Пс. 119:97; Ис. 48:17, 18). w24.03 2 ф., 1 абз.; 3 ф., 4 абз.
Хуыцаубон, 30 ноябрь
Ды дӕ... мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт (Лук. 3:22).
Йегъовӕ, райгонд кӕмӕй у, уыдонӕн дӕтты йӕ сыгъдӕг тых (Матф. 12:18). Нӕ бон у ахъуыды кӕнын ахӕм фарстайыл: «Уайы мын, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ ӕвдисын?» Чи зоны, бафиппайдтай, Йегъовӕйы куы базыдтай, уӕдӕй фӕстӕмӕ фӕразондӕр кӕй сдӕ. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдоныл цас фылдӕр бакусай ӕмӕ дӕ удыхъӕды цас тынгдӕр уой бӕрӕг, уыйас ӕй тынгдӕр уындзынӕ, Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у. Йегъовӕ, райгонд кӕмӕй у, уыдонӕн Чырыстийы нывонды фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕны (1 Тим. 2:5, 6). Фӕлӕ, кӕд баууӕндыдтӕ, Чырысти мах тыххӕй йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, ууыл ӕмӕ донаргъуыд райстай, уӕддӕр дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ райгонд нӕу. Рох дӕ ма уӕд: зӕрдӕ сайын дӕр зоны, фӕлӕ Йегъовӕйыл та алкӕддӕр ис ӕууӕндӕн. Чырысти йӕ цард мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, ууыл чи ӕууӕнды, уыдоны Йегъовӕ нымайы рӕстгӕнджытыл ӕмӕ сын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй сын арфӕ кӕндзӕн (Пс. 5:12; Ром. 3:26). w24.03 30 ф., 15 абз.; 31 ф., 17 абз.