Декабрь
Къуырисӕр, 1 декабрь
Мӕрдтӕ... ӕгас кӕнынц (Лук. 20:37).
Цымӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у мӕрдты фӕстӕмӕ цардмӕ раздахын, ахӕм тых ӕм ис? Бӕгуыдӕр! Уый у «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау» (Рарг. 1:8). Ӕмӕ цыфӕнды тыхджын знагыл дӕр фӕуӕлахиз уыдзӕн, суанг мӕлӕтыл дӕр (1 Кор. 15:26). Йегъовӕйӕн йӕ бон мӕрдты райгас кӕнын кӕй у, уый ма нӕ ноджыдӕр уымӕн уырны, ӕмӕ Йегъовӕ алцыдӕр йӕ зӕрдыл дары, рох дзы ницы у. Уый алы стъалы дӕр хоны йӕ номӕй (Ис. 40:26). Ӕмӕ, чи амард, уыдоны дӕр хъуыды кӕны (Иов 14:13; Лук. 20:38). Кӕй райгас кӕндзӕн, уыдоны тыххӕй йӕ бон у алы лыстӕг хабар дӕр ӕрхъуыды кӕнын, зӕгъӕм, бакастӕй цыхуызӕн уыдысты, цавӕр миниуджытӕ сӕм уыд, царды сыл хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы ’рцыд ӕмӕ сӕ зӕрдыл цыдӕриддӕр дардтой, уыдӕттӕ. Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ фидӕны мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл, уымӕн ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕны ӕмӕ йӕм ахӕм тых дӕр ис. Фӕлӕ ма нӕ уый ноджыдӕр уымӕн уырны, ӕмӕ Йегъовӕ раджы заман дӕр кӕйдӕрты райгас кодта. Цалдӕр иузӕрдион нӕлгоймагӕн ахӕм тых радта, ӕмӕ сӕ бон уыд мӕрдты райгас кӕнын. Ахӕм тых радта Йесойӕн дӕр. w23.04 9, 10 фф., 7–9 абз.
Дыццӕг, 2 декабрь
Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ (Кол. 4:6).
Нӕ хъуыдытӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ сабырӕй куы дзурӕм, уӕд-иу нӕм адӕймаг зӕрдиагдӕрӕй байхъусдзӕн ӕмӕ йӕ фӕнддзӕн немӕ дарддӕр ныхас кӕнын. Фӕлӕ йӕ кӕд немӕ быцӕу кӕнын фӕнды кӕнӕ нӕ хынджылӕг кӕны, уӕд хӕсджын не стӕм, цӕмӕй йын дарддӕр цыдӕртӕ ӕмбарын кӕнӕм (Ӕмб. 26:4). Фӕлӕ афтӕ искуы иу хатт вӕййы. Адӕмимӕ фӕлмӕнӕй куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд нӕм уӕддӕр бирӕтӕ байхъусынц. Фӕлмӕн удыхъӕд стыр хӕзна у. Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй-иу дӕ бон уа фӕлмӕнӕй ныхас кӕнын, исчи дӕм зын фарстатӕ куы дӕтта кӕнӕ, цӕуыл ӕууӕндыс, уымӕ фаутӕ куы хӕсса, уӕд. Кӕимӕ ныхас кӕныс, уый ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст куы уа, фӕлӕ йын ды фӕлмӕнӕй дзуапп куы дӕттай, уӕд-иу уӕ ныхас быцӕумӕ нӕ асайдзӕн. Стӕй, гӕнӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй йӕ хъуыды фӕива. Уӕдӕ алкӕддӕр цӕттӕ у, дӕ уырнындзинады тыххӕй дӕ «чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ», ӕмӕ сын дзуапп дӕтт «сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Пет. 3:15). Дӕ тых уӕд дӕ фӕлмӕн удыхъӕды мидӕг! w23.09 19 ф., 18, 19 абз.
Ӕртыццӕг, 3 декабрь
Ут... бирӕфӕразон (Кол. 3:12).
Адӕймаг фӕразон кӕй у, уый бӕрӕг вӕййы цыппар хъуыддагӕй. Фыццаг: фӕразон адӕймаг мӕстыгӕр нӕ вӕййы. Уый фӕархайы, цӕмӕй йӕхиуыл хӕца, ӕмӕ йӕ исчи куы фӕкъахы, ӕвзӕрӕй йын исты куы фӕаразы кӕнӕ зын уавӕры куы вӕййы, уӕд йӕ маст никӕмӕй фӕисы (Рац. 34:6). Дыккаг: фӕразон адӕймаг цӕмӕдӕр ӕнцад фенхъӕлмӕ кӕсы. Ахӕм адӕймаджы куы бахъӕуы, цас ӕнхъӕл уыд, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уӕд не стыхсы ӕмӕ нӕ фӕмӕсты кӕны (Матф. 18:26, 27). Ӕртыккаг: фӕразон адӕймаг тагъд-тагъд, талф-тулфӕй ницы фӕаразы. Ахӕм адӕймагӕн ахсджиаг хъуыддаг куы бахӕс кӕнынц, уӕд ӕм сонтӕй нӕ бавналы ӕмӕ йӕ тагъд-тагъд нӕ фӕаразы. Уый фаг рӕстӕг рахицӕн кӕны, цӕмӕй йӕ куыд араздзӕн, уый спълан кӕна, ӕмӕ йыл стӕй бахардз кӕны, цас хъӕуы, уыйбӕрц рӕстӕг. Цыппӕрӕм: фӕразон адӕймаг зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ хъаст нӕ фӕкӕны. Йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый фӕаразы, цӕмӕй зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕна (Кол. 1:11). Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕразондзинад хъуамӕ бӕрӕг уа ацы цыппар хъуыддагӕй алкӕцыйӕ дӕр. w23.08 20, 21 фф., 3–6 абз.
Цыппӕрӕм, 4 декабрь
Зӕрдӕтӕм... кӕсы Йегъовӕ (Ӕмб. 17:3).
Нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ нын Йегъовӕ кӕсы нӕ зӕрдӕмӕ. Уый уыны, иннӕтӕ цы уынынц, уымӕй бирӕ фылдӕр ӕмӕ зоны, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый. Йегъовӕ уарзы, йӕ зонд Хуыцауы хъуыдытӕй – цард чи дӕтты, уыцы хъуыдытӕй – чи дзаг кӕны, ахӕм адӕймӕгты (Иоан. 4:14). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ зонды бынат нӕ уыдзӕн, Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне цы мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕнынц, уыдонӕн, стӕй ацы дунейы хӕлд, ӕнӕгъдау митӕ нӕ бафӕзмдзыстӕм (1 Иоан. 5:18, 19). Йегъовӕйы хуыздӕр куы базонӕм, уӕд ӕй тынгдӕр бауарзӕм ӕмӕ йӕ тынгдӕр фӕнымайӕм. Мах нӕ фӕнды нӕ Фыды зӕрдӕ фӕриссын кӕнын, ӕмӕ, йӕ разы тӕригъӕд саразӕм, афтид уыцы хъуыды дӕр нын ӕнад у. Хорватийӕ иу хо, Мартӕ, иухатт, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддаг сарӕзтаид. Уый ныффыста: «Мӕ зӕрдӕ мӕ зондыл тых кодта. Мӕ буары монцтӕ стыхджын сты, ӕмӕ мын тынг зын уыд сӕ рохтыл хӕцын. Фӕлӕ, Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсын, уый мӕ бахъахъхъӕдта». Цымӕ йӕ куыд бахъахъхъӕдта? Мартӕ ахъуыды кодта, ахӕм ми куы бакӕна, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн, ууыл. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон вӕййы ууыл ахъуыды кӕнын. w23.06 20, 21 фф., 3, 4 абз.
Майрӕмбон, 5 декабрь
«Адӕмтӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– сӕ цӕстыты раз уе ’хсӕн мӕ ном куы срухс уа, уӕд» (Йез. 36:23).
Йесо зыдта, Йегъовӕйы фӕнд кӕй у йӕ ном срухс кӕнын, ома йыл цы цъыф фӕкалдтой, уымӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнын ӕмӕ равдисын, Хӕйрӕг дзы цытӕ фӕдзырдта, уыдон мӕнг ныхӕстӕ кӕй сты. Ӕмӕ нӕ Кадджын Ахуыргӕнӕг йӕ фӕдылдзӕуджыты уымӕн ахуыр кодта афтӕ кувын: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матф. 6:9). Йесо ӕмбӕрста, уый ӕппӕты ахсджиагдӕр фарста кӕй у ӕмӕ кӕй хауы адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ зӕдтӕм дӕр. Йесо цас сарӕзта, цӕмӕй йӕ Фыды ном срухс кодтаид, уыйбӕрц нӕдӕр зӕдтӕй, нӕдӕр адӕмӕй иу дӕр нӕ сарӕзта. Фӕлӕ йӕ куы ’рцахстой, уӕд ӕй йе знӕгтӕ цавӕр тӕригъӕды фӕаххосджын кодтой? Хуыцауы, дам, фауы! Йӕхӕдӕг дӕр уымӕй стырдӕр тӕригъӕдыл ницы нымадта. Ӕмӕ йӕ ныр уыцы фыдракӕнды кӕй аххосджын кодтой, уый йын тынг зын уыд. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынгдӕр уый тыххӕй «хъуырдухӕн» кодта, куы йӕ ’рцахстой, уый размӕ (Лук. 22:41–44). w24.02 11 ф., 11 абз.
Сабат, 6 декабрь
Хӕдзар сырӕзы зонды фӕрцы (Ӕмб. 24:3).
Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы нӕ бинонтӕй ӕмӕ нӕ хиуӕттӕй тынгдӕр хъуамӕ уарзӕм (Матф. 10:37). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ-иу нӕ бинонтӕ хъуамӕ рохуаты аззайой, цыма нӕ уыдон хъыгдаргӕ кӕнынц, Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын. Нӕ бинонты раз ныл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы зӕрдӕ рухс кӕнӕм (1 Тим. 5:4, 8). Уӕд нӕхӕдӕг дӕр амондджындӕр уыдзыстӕм. Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ, бинонтӕ амондджын уыдзысты, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы уарзой ӕмӕ куы нымайой, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куы уарзой ӕмӕ сӕ куы ахуыр кӕной ӕмӕ сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ куы кӕсой, уӕд (Еф. 5:33; 6:1, 4). Хорз уыдзӕн, бинонтӕй алчидӕр, Библийы цы зондджын уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайа. Нӕ хъӕуы, дӕхимӕ раст куыд кӕсы, кӕм цӕрыс, уым адӕммӕ раст цы кӕсы кӕнӕ, зӕгъӕм, психологтӕ цы дзурынц, ӕрмӕст афтӕ кӕнын. Нӕ публикациты-иу ӕрмӕг бацагур. Уым ис хорз уынаффӕтӕ, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕн куыд ис, уый фӕдыл. w23.08 28 ф., 6, 7 абз.
Хуыцаубон, 7 декабрь
Ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ дӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕс, цӕмӕй дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнай. Уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ зондджынӕй архайдзынӕ (Йес. Н. 1:8).
Чырыстон сылгоймаг хъуамӕ сахуыр уа, царды йӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл. Чызг гыццылӕй цӕуыл сахуыр уа, уый йын уый фӕстӕ дӕр стыр ӕххуыс уыдзӕн. Зӕгъӕм, сахуыр у хорз кӕсын ӕмӕ хорз фыссын. Иуӕй-иу адӕмтӕм бирӕтӕ ахӕм хъуыдыйыл хӕст сты, ӕмӕ ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй сылгоймаг кӕсын ӕмӕ фыссын зона. Фӕлӕ алы чырыстон дӕр хъуамӕ зона кӕсын ӕмӕ фыссын (1 Тим. 4:13). Уӕдӕ дын цыфӕнды зын куы уа, уӕддӕр уыцы нысан дӕ разы сӕвӕр. Уый дын цы пайда ӕрхӕсдзӕн? Дӕ бон уыдзӕн куыст ссарын. Стӕй дын ӕнцондӕр уыдзӕн Библи иртасын ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр хуыздӕр амондзынӕ. Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ, Библи куы кӕсай ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнай, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзынӕ (1 Тим. 4:15). w23.12 20 ф., 10, 11 абз.
Къуырисӕр, 8 декабрь
Йегъовӕ зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын (2 Пет. 2:9).
Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм, исты нӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ ӕдзухдӕр хъӕуы ӕвзӕр хъуыдытимӕ ӕмӕ фӕндтимӕ тох кӕнын. Ӕмӕ Хӕйрӕг дӕр йӕ тых, йӕ бонӕй архайы, цӕмӕй нын тох кӕнын зындӕр уа. Зӕгъӕм, пайда кӕны ӕнӕгъдау ирхӕфсӕнтӕй, цӕмӕй нӕ хӕлд зондыл бафтауа. Ахӕм ирхӕфсӕнты тыххӕй нӕ зонд байдзаг уыдзӕн чъизи хъуыдытӕй. Ахӕм хъуыдытӕ та уымӕ ӕркӕндзысты, ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг нал уыдзыстӕм. Стӕй ма нӕ, гӕнӕн ис, уӕззау тӕригъӕдмӕ дӕр ӕркӕной (Мар. 7:21–23; Иак. 1:14, 15). Исты нӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд нӕ Йегъовӕйы ӕххуыс ӕнӕмӕнг хъӕудзӕн. Ӕнӕ уымӕй нӕ бон фидар фӕлӕууын нӕ бауыдзӕн. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы амыдта, кувын куыд хъӕуы, уый, уӕд ахӕм курдиат загъта: «Ма нӕ баппар фӕлварӕны ӕмӕ нӕ Фыдбылызӕй фервӕзын кӕн» (Матф. 6:13). Йегъовӕйы фӕнды махӕн ӕххуыс кӕнын, фӕлӕ-иу дзы ӕххуыс нӕхӕдӕг хъуамӕ ракурӕм, ӕмӕ-иу стӕй хъуамӕ нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайӕм. w23.05 6, 7 фф., 15–17 абз.
Дыццӕг, 9 декабрь
Ӕртӕ тагӕй быд бӕндӕн тагъд нӕ аскъуыйдзӕн (Еккл. 4:12).
Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Лӕг ӕмӕ ус, сӕ уӕларвон Фыдимӕ сын цы хӕлардзинад ис, уымӕн куы фӕаргъ кӕнынц, уӕд ын йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ зӕрдиагӕй фӕархайынц. Афтӕмӕй сӕ бон вӕййы, сӕ уарзты зынг кӕй тыххӕй ӕрмынӕг уыдзӕн, уыцы зындзинӕдтӕй кӕнӕ сӕхи бахизын, кӕнӕ сӕ сӕрты ахизын. Йегъовӕ йӕ Хӕлар кӕмӕн у, уыдон ма фӕархайынц, цӕмӕй йӕ фӕзмой ӕмӕ уой уый хуызӕн хӕларзӕрдӕ, фӕразон ӕмӕ хатыргӕнаг (Еф. 4:32–5:1). Лӕг ӕмӕ усмӕ ахӕм миниуджытӕ куы вӕййы, уӕд сын ӕнцондӕр вӕййы кӕрӕдзийы уарзын. Хо Ленӕ моймӕдзыд у 25 азӕй фылдӕр. Уый загъта: «Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм адӕймаджы уарзын ӕмӕ нымайын ӕнцон у». Ӕркӕсӕм Библийӕ иу цӕвиттонмӕ. Йегъовӕ Мессийӕйӕн ныййарджытӕ куы ’взӕрста, уӕд Давиды бирӕ байзӕддӕгтӕй равзӕрста Иосиф ӕмӕ Марийӕйы. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр Йегъовӕ уыд се ’ввахс Хӕлар. Ӕмӕ йӕ зыдта, сӕ цард куы баиу кӕной, уӕд дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн. w23.05 21 ф., 3, 4 абз.
Ӕртыццӕг, 10 декабрь
Разамынд уын чи дӕтты, [уыдонмӕ]... хъусут (Дзут. 13:17).
Нӕ Разамонӕг Йесо у ӕххӕст. Фӕлӕ нын разамынд кӕй уылты дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕ та сты ӕнӕххӕст. Ӕмӕ нын, чи зоны, зын вӕййы сӕ коммӕ кӕсын, уӕлдайдӕр нӕ сӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайын куы нӕ фӕфӕнды, уӕд. Иухатт апостол Петрӕн дӕр зын уыд разамындмӕ байхъусын. Зӕд ын загъта, цӕмӕй, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сыгъдӕг чи нӕ уыд, уыцы цӕрӕгойты дзидзайӕ бахордтаид. Фӕлӕ Петр нӕ бакуымдта, ӕмӕ иу хатт дӕр нӕ, фӕлӕ ӕртӕ хатты! (Хъуыд. 10:9–16). Цымӕ афтӕ цӕмӕн бакодта? Уымӕн ӕмӕ уыцы ног разамынд не ’мбӕрста. Фӕлӕ апостол Павел цӕттӕ уыд разамындмӕ байхъусынмӕ. Иерусалимы чи уыд, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йын загътой, цӕмӕй цыппар нӕлгоймаджы кувӕндонмӕ акодтаид ӕмӕ Закъонмӕ гӕсгӕ семӕ йӕхи ссыгъдӕг кодтаид, ӕмӕ афтӕмӕй равдыстаид, Закъон кӕй ӕххӕст кӕны. Павел зыдта, чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нал хъӕуы. Стӕй ӕвзӕрӕй дӕр ницы сарӕзта. Фӕлӕ уӕддӕр «дыккаг бон... уыцы лӕгты йемӕ ракодта ӕмӕ Закъонмӕ гӕсгӕ семӕ йӕхи ссыгъдӕг кодта» (Хъуыд. 21:23, 24, 26). Павел разамындмӕ кӕй байхъуыста, уый фӕрцы ӕмбырды иудзинад бахъахъхъӕдта (Ром. 14:19, 21). w23.10 10 ф., 15, 16 абз.
Цыппӕрӕм, 11 декабрь
Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ сты, чи дзы тӕрсы, уыдон (Пс. 25:14).
Ӕмбалӕй тӕрсын кӕй хъӕуы, ууыл, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды дӕр нӕ акодтай. Фӕлӕ адӕймаджы куы фӕнда, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар уа, уӕд дзы хъуамӕ «тӕрса» (Пс. 25:14). Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм ӕви йын ӕрӕджы райдыдтам лӕггад кӕнын,– алкӕмӕ дӕр нӕ хъуамӕ уа Хуыцауы тас. Фӕлӕ цы нысан кӕны Хуыцауӕй тӕрсын? Хуыцауӕй чи тӕрсы, ома йӕ тынг чи нымайы, уыцы адӕймаг ӕй фӕуарзы ӕмӕ йӕ нӕ фӕфӕнды, цӕй тыххӕй дзы адард уыдзӕн, ахӕмӕй исты саразын. Йесомӕ дӕр уыд «Хуыцауы тас» (Дзут. 5:7). Уый Йегъовӕйы раз фыртӕссӕй нӕ рызти (Ис. 11:2, 3). Уый йӕ бирӕ уарзта ӕмӕ йӕ фӕндыд йӕ коммӕ кӕсын (Иоан. 14:21, 31). Йесойау мах дӕр Йегъовӕйы тынг нымайӕм, уымӕн ӕмӕ у уарзӕгой Хуыцау, уый у стыр зонды ӕмӕ стыр тыхы хицау ӕмӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй. Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ йын йӕ амындтӕм хъусӕм ӕви нӕ, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы. Куы нӕ йӕм байхъусӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнӕм, куы йӕм байхъусӕм, уӕд та фӕцин кӕны (Пс. 78:41; Ӕмб. 27:11). w23.06 14 ф., 1, 2 абз.; 15 ф., 5 абз.
Майрӕмбон, 12 декабрь
Хъомысджын куы сси, уӕд йӕ зӕрдӕ схъал, ӕмӕ йӕхи бабын кодта. Йӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз сарӕзта тӕригъӕд (2 Аз. 26:16).
Паддзах Ози хъомысджын куы сси, уӕд ӕй ферох, цыдӕриддӕр ын бантыст, уый йын Йегъовӕйы фӕрцы кӕй бантыст. Йӕ хабар нын зондзонӕн куыд у? Мах дӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ царды ӕмӕ нӕ лӕггады хорзӕй цы ис, уыдӕттӕ Йегъовӕйӕ кӕй сты. Исты нын куы бантысы, уӕд-иу хъуамӕ нӕхицӕй ма ӕппӕлӕм, фӕлӕ-иу уый тыххӕй Йегъовӕйы скадджын кӕнӕм (1 Кор. 4:7). Хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбарӕм, ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ нӕ зондамынд кӕй хъӕуы. 60 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, иу ахӕм ӕфсымӕр ныффыста: «Ӕз сахуыр дӕн мӕхимӕ хуымӕтӕг цӕстӕй кӕсын. Куы фӕрӕдийын, уӕд мӕхи нӕ фӕхӕрын ӕмӕ мӕхимӕ нӕ ныхъхъусын. Сывӕллонау ӕнӕзонд митӕ куы акӕнын ӕмӕ мын куы бауайдзӕф кӕнынц, уӕд, цы хъӕуы, уый фӕивын ӕмӕ дарддӕр Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй фӕлӕггад кӕнын». Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм ӕмӕ алкӕддӕр сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын (Ӕмб. 22:4). w23.09 10 ф., 10, 11 абз.
Сабат, 13 декабрь
Сымах хъӕуы фидардзинад, цӕмӕй, Хуыцауы фӕндон куы сӕххӕст кӕнат, уӕд райсат, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдта, уый (Дзут. 10:36).
1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты хъуыди фидардзинад. Уыдон дӕр ӕмбӕлдысты, иннӕ адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, ахӕм зындзинӕдтыл. Фӕлӕ ма сын ӕндӕр зындзинӕдтӕ дӕр уыд. Бирӕтӕн сӕ ныхмӕ ӕрмӕст дзуттаг дины разамонджытӕ ӕмӕ Ромы хицауад нӕ цыдысты, фӕлӕ ма сӕ бинонтӕ дӕр (Матф. 10:21). Уымӕй уӕлдай ма сӕ хъуыди, раст дин чи ныууагъта, уыдоны мӕнг ахуырӕдтӕй сӕхи хизын, цӕмӕй ӕмбырд ма ныддихтӕ уыдаид (Хъуыд. 20:29, 30). Уыцы чырыстӕттӕ фидар фӕлӕууыдысты (Рарг. 2:3). Цы сын баххуыс кодта? Уыдон-иу хъуыды кодтой рагон лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтыл, зӕгъӕм, Иовы цӕвиттоныл (Иак. 5:10, 11). Хуыцауӕй куырдтой тых фидар фӕлӕууынӕн (Хъуыд. 4:29–31). Ӕмӕ-иу сӕ зӕрдыл дардтой, фидар куы фӕлӕууой, уӕд сӕ Йегъовӕ кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн (Хъуыд. 5:41). Библийы ӕмӕ нӕ публикациты ис, фӕлварӕнты-иу фидар чи фӕлӕууыд, ахӕм лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ. Сӕ хабӕрттӕ сын арӕх куы кӕсӕм ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн фидар фӕлӕууынӕн. w23.07 3 ф., 5, 6 абз.
Хуыцаубон, 14 декабрь
Уӕдӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни (Матф. 6:33).
Йегъовӕ ӕмӕ нӕ Йесо никуы ныууадздзысты. Апостол Петр Чырыстийӕ афтӕ куы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уӕд ӕй уый фӕстӕ хъуыди тынг ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын: дарддӕр Йесойы фӕдыл цӕудзӕн ӕви зӕгъдзӕн, мӕнӕй ницы рауайдзӕн, зӕгъгӕ? Уый размӕ Йесо Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй Петрӕн йӕ уырнындзинад ма ’рлӕмӕгъ уыдаид. Ӕмӕ Петрӕн дӕр загъта, афтӕ кӕй куывта. Стӕй ма йын загъта, фӕстӕдӕр йӕ бон кӕй бауыдзӕн йе ’фсымӕрты бафидар кӕнын (Лук. 22:31, 32). Петр-иу уыцы ныхӕстӕ куы ’рхъуыды кодта, уӕд-иу дзы, ӕвӕццӕгӕн, ныфс бацыд. Мах дӕр куы бахъӕуа ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын, дарддӕр нын куыд кӕнгӕ у, уый фӕдыл, уӕд нӕ Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймӕгты фӕрцы ныфс бауадздзӕн, ӕмӕ нӕ бон бауыдзӕн иузӕрдионӕй баззайын (Еф. 4:8, 11). Йегъовӕ Петрӕн ӕмӕ иннӕ апостолтӕн куыд лӕвӕрдта, цӕрынӕн сӕ ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уыдӕттӕ, афтӕ мах дӕр уыдӕттӕй цух нӕ уадздзӕн, нӕ лӕггад нӕ царды фыццаг бынаты куы уа, уӕд. w23.09 24, 25 фф., 14, 15 абз.
Къуырисӕр, 15 декабрь
Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад (Ӕмб. 19:17).
Иннӕтӕн гыццыл хорздзинад дӕр куы саразӕм, уӕд ӕй Йегъовӕ фены. Ахӕм хъуыддӕгтӕн тынг аргъ кӕны ӕмӕ сӕ нымайы, йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ бафида, ахӕм хӕсыл. Чи зоны, раздӕр уыдтӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаг, фӕлӕ ныр уыцы хӕстӕ нал ӕххӕст кӕныс. Йегъовӕйӕ рох нӕу дӕ фыдӕбон ӕмӕ, афтӕмӕй лӕггад кӕнгӕйӕ цы уарзондзинад равдыстай, уый (1 Кор. 15:58). Стӕй уыны, ныртӕккӕ дӕр уарзондзинад куыд ӕвдисыс. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй не ’ппӕтӕн дӕр нӕ уарзондзинад рӕза. Йегъовӕйы тынгдӕр бауарздзыстӕм, йӕ Ныхас ын куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, стӕй йӕм ӕдзух куы кувӕм ӕмӕ йемӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты та тынгдӕр бауарздзыстӕм, куы сын ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ-иу сӕм, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд. Нӕ уарзондзинад куы рӕза, уӕд Йегъовӕмӕ дӕр ӕмӕ нӕ чырыстон бинонтӕм дӕр ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Ӕмӕ ӕнустӕм дӕр уыдзыстӕм хӕлӕрттӕ! w23.07 10 ф., 11 абз.; 11 ф., 13 абз.; 13 ф., 18 абз.
Дыццӕг, 16 декабрь
Йӕхи хӕссинаг алчидӕр йӕхӕдӕг ахӕсдзӕн (Гал. 6:5).
Алы чырыстон дӕр-иу хъуамӕ йӕхӕдӕг рахӕсса уынаффӕ ӕнӕниздзинадимӕ баст фарстаты фӕдыл. Нӕхи куыд дзӕбӕх кӕндзыстӕм, уымӕ чи хауы, ахӕм закъӕттӕ Библийы цалдӕр йеддӕмӕ нӕй. Зӕгъӕм, Хуыцау загъта, нӕхи кӕй хъуамӕ хизӕм тугӕй ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕй (Хъуыд. 15:20; Гал. 5:19, 20). Ӕндӕр хосгӕнӕн мадзӕлтты фӕдыл та хъуамӕ алчидӕр йӕхӕдӕг рахӕсса уынаффӕ. Цавӕрдӕр хос кӕныны мадзал нӕм цыфӕнды раст ма кӕса, уӕддӕр нӕ хъуамӕ рох ма уа: нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн уый бар ис, цӕмӕй се ’нӕниздзинады фӕдыл сӕхӕдӕг хӕссой уынаффӕтӕ. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм цыппар хъуыддаджы. Фыццаг: низтӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад скӕндзӕн кӕрон (Ис. 33:24). Дыккаг: алы чырыстон дӕр хъуамӕ хорз зона, йӕхицӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, уый (Ром. 14:5). Ӕртыккаг: хъуамӕ иннӕтӕн ма тӕрхон кӕнӕм ӕмӕ сын цӕлхдур ма суӕм (Ром. 14:13). Цыппӕрӕм: чырыстӕттӕ кӕрӕдзийы уарзынц, ӕмӕ кӕд сӕхи бон у уынаффӕтӕ хӕссын, уӕддӕр ӕй ӕмбарынц, ахсджиагдӕр кӕй у ӕмбырды иудзинад бахъахъхъӕнын (Ром. 14:15, 19, 20). w23.07 24 ф., 15 абз.
Ӕртыццӕг, 17 декабрь
Цалынмӕ назорей уа, уӕдмӕ Йегъовӕйы цӕсты уыдзӕн сыгъдӕг (Ным. 6:8).
Йегъовӕ дӕ Хӕлар кӕй у, уымӕн кӕй аргъ кӕныс, ууыл дзырд дӕр нӕй. Ӕмӕ раджы замантӕй фӕстӕмӕ, дӕу хуызӕн Йегъовӕйы чи уарзта, ахӕм адӕм бирӕ уыд (Пс. 104:33, 34). Бирӕтӕ цӕттӕ уыдысты Йегъовӕйы тыххӕй сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕуылдӕрты сӕ къух сисынмӕ. Афтӕ уыд сӕ хабар назорейтӕн кӕнӕ, «нывондгонд» чи уыд, уыдонӕн. Назорейтӕ уыдысты удуӕлдай израилӕгтӕ ӕмӕ цӕттӕ уыдысты сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй Йегъовӕйӕн сӕрмагонд хуызы лӕггад кодтаиккой. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ нӕлгоймагӕн кӕнӕ сылгоймагӕн йӕ бон уыди Йегъовӕйӕн сӕрмагонд дзырд раттын, цасдӕр рӕстӕг назорей кӕй уыдзӕн (Ным. 6:1, 2). Исчи-иу ахӕм дзырд куы радта, уӕд-иу ӕй иннӕ израилӕгтӕй уӕлдай хъуыди ноджыдӕр цыдӕртӕ ӕххӕст кӕнын. Уӕдӕ-иу чидӕртӕ назорейтӕ цӕмӕн систы? Ӕвӕццӕгӕн, уымӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы тынг уарзтой ӕмӕ-иу сӕ фӕндыд равдисын, йӕ бирӕ арфӕдзинӕдты тыххӕй дзы бузныг кӕй сты (Дык. з. 6:5; 16:17). w24.02 14 ф., 1, 2 абз.
Цыппӕрӕм, 18 декабрь
[Йегъовӕйы] чи уарзы ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ’ххӕст кӕны, уыдонӕн... йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны (Дан. 9:4).
Библийы «иузӕрдиондзинад»-ӕй кӕнӕ «ӕнувыд уарзт»-ӕй тӕлмац дзуттаг дзырд амоны, чидӕр кӕйдӕр фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ йыл ӕнувыд кӕй у, уымӕ. Ацы ныхас арӕх фембӕлы, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй уарзы, уый кой кӕм вӕййы, уым. Ацы дзырд ма фӕамоны, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уымӕ дӕр (2 Сам. 9:6, 7). Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ, гӕнӕн ис, Хуыцауыл ноджы иузӕрдиондӕр суӕм. Фенӕм, уый Данелы хабарӕй куыд зыны. Данелы иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ хъуыди равдисын, Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдзӕн ӕви нӕ. Фӕлӕ ӕппӕты стырдӕр фӕлварӕнтӕй иуыл сӕмбӕлд, 90 азӕй йыл фылдӕр куы цыд, уӕд. Паддзахӕн чи лӕггад кодта, уыцы хицӕуттӕ Данелы нӕ уарзтой ӕмӕ, кӕмӕн куывта, уыцы Хуыцауы ницӕмӕ дардтой. Уымӕ гӕсгӕ фыдвӕнд скодтой, цӕмӕй Данелы амарын кодтаиккой. Уыдон паддзахӕн раттын кодтой бардзырд, ӕмӕ уый тыххӕй Данелы хъуыди равзарын, иузӕрдион кӕуыл уыдзӕн, йӕ Хуыцауыл ӕви паддзахыл. Хъуыди йӕ ӕрмӕстдӕр иу хъуыддаг саразын: 30 боны хъуамӕ Йегъовӕмӕ ма куывтаид. Афтӕмӕй равдыстаид, паддзахыл иузӕрдион кӕй у, ӕмӕ ӕфхӕрд нӕ баййӕфтаид. Фӕлӕ Данел уыцы бардзырдмӕ нӕ байхъуыста (Дан. 6:12–15, 20–22). w23.08 5 ф., 10–12 абз.
Майрӕмбон, 19 декабрь
Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут (Дзут. 13:1).
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты алкӕддӕр уарзӕм. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд-иу хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, барӕй уыди. Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын ӕй кӕй фӕнды, фӕлӕ йын уый алкӕд нӕ рауайы (Ӕмб. 12:18). Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты уарзы, кӕд сӕм цавӕрдӕр хъӕндзинӕдтӕ ис, уӕддӕр. Истӕмӕй куы фӕрӕдийынц, уӕд сыл йӕ къух нӕ сисы ӕмӕ сӕм ӕнустӕм нӕ фӕмӕсты кӕны (Пс. 103:9). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмӕм ӕмӕ иннӕтӕн хатыр кӕнӕм (Еф. 4:32–5:1). Стӕй ма нӕ хъуамӕ рох ма уа: ацы дунейы кӕрон куыд ӕввахсдӕр кӕны, афтӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ хъуамӕ ноджы ӕнгомдӕр уӕм. Гӕнӕн ис, знӕгтӕ нӕ тынгдӕр ӕфхӕрын райдайой. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, нӕ уырнындзинады тыххӕй нӕ суанг ахӕстоны дӕр сбадын кӕной. Ӕмӕ нӕ уӕд нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕххуыс куыд тынг хъӕудзӕн, афтӕ никуы (Ӕмб. 17:17). w24.03 15, 16 фф., 6, 7 абз.
Сабат, 20 декабрь
Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтӕ Йегъовӕ аразы (Ӕмб. 20:24).
Библийӕ базонӕн ис ӕрыгон лӕггадгӕнджыты тыххӕй. Уыдонӕн Йегъовӕ уыд се ’ввахс Хӕлар, ӕмӕ сӕ цардӕй уыдысты райгонд. Сӕ иу уыд Давид. Уый ӕрыгонӕй аскъуыддзаг кодта, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн. Фӕстӕдӕр та сси иузӕрдион паддзах (1 Пад. 3:6; 9:4, 5; 14:8). Давиды царды хабӕрттӕ хуыздӕр куы раиртасай, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Йе та дӕ бон у фылдӕр базонын Марчы кӕнӕ Тимофейы тыххӕй. Уыдон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой хӕрз ӕрыгонӕй, ӕмӕ йыл цӕрӕнбонты уыдысты иузӕрдион. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ райгонд уыд. Ӕрыгӕттӕ, уӕхицӕн цавӕр цард равзардзыстут, уый кӕнгӕ у, абон цы уынаффӕтӕ рахӕссут, уымӕй дӕр. Уӕ ныфс уӕхиуыл нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйыл куы дарат, уӕд уын ӕххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Ӕмӕ уыдзыстут ӕцӕг амондджын. Рох уӕ ма уӕд: Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы аразут, уымӕн тынг аргъ кӕны. Царды нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр ницы ис! w23.09 13 ф., 18, 19 абз.
Хуыцаубон, 21 декабрь
Кӕрӕдзийӕн... зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут (Кол 3:13).
Апостол Павел зыдта, йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ ӕнӕххӕст кӕй сты. Зӕгъӕм, чырыстон куы сси, уӕд Иерусалимы ӕмбырды иуӕй-иуты нӕ уырныдта, ахуыргӕнинаг кӕй сси, уый (Хъуыд. 9:26). Фӕстӕдӕр чидӕртӕ йӕ фыдкой кодтой, йӕ номыл ын цъыф калдтой (2 Кор. 10:10). Павел уыдта, иу хистӕр нӕлгоймаг раст кӕй нӕ бакодта, ӕмӕ уый, гӕнӕн ис, иннӕтӕн цӕлхдур суыдаид (Гал. 2:11, 12). Уымӕй уӕлдай ма Павелы тынг фӕфыдӕнхъӕл кодта йе ’ввахс ӕмкусӕг – Марк (Хъуыд. 15:37, 38). Уыцы уавӕрты Павелӕн йӕ бон уыд ахъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, ахӕм адӕмӕй цас дарддӕр уай, уыйас хуыздӕр. Фӕлӕ Павел уӕддӕр йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн аргъ кодта ӕмӕ дарддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Цымӕ йын цы ӕххуыс кодта? Павел йӕ хоты ӕмӕ йе ’фсымӕрты уарзта. Уый фӕрцы сын уыдта сӕ хорз миниуджытӕ, сӕ хъӕндзинӕдтӕ нӕ, фӕлӕ. Павел иннӕты кӕй уарзта, уый ма йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй, йӕхӕдӕг дӕр ӕххӕст кодтаид, абоны стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдон. w24.03 15 ф., 4, 5 абз.
Къуырисӕр, 22 декабрь
Хицауы цагъар та хъуамӕ хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн (2 Тим. 2:24).
Фӕлмӕн удыхъӕд ахсджиаг миниуӕг кӕй у, уый Библийӕ бирӕ хабӕрттӕй у бӕрӕг. Ӕркӕсӕм Исахъы цӕвиттонмӕ. Филистимаг горӕт Герары куы ’рцард, уӕд ӕм йӕ сыхӕгтӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ кӕддӕр йӕ фыды лӕггадгӕнджытӕ цы цъайтӕ скъахтой, уыдон сыджытӕй байдзаг кодтой. Исахъ семӕ уыцы цъайтыл тох кӕнын нӕ райдыдта, мӕн сты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ бинонтимӕ уырдыгӕй сыстад ӕмӕ ӕндӕр ран ӕрцард, ӕмӕ уым ӕндӕр цъайтӕ скъахта (Райд. 26:12–18). Фӕлӕ та йын филистимӕгтӕ загътой, ацы дон дӕр, дам, мах у. Ӕмӕ та сын ацы хатт дӕр ницы загъта (Райд. 26:19–25). Цы йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй фӕлмӕн ӕмӕ сабыр уыдаид, кӕд-иу иннӕтӕ хыл ракъахынмӕ хъавыдысты, уӕддӕр? Ӕвӕццӕгӕн ын йӕ ныййарджытӕ уыдысты фӕзминаг. Авраам уыд фарнуарзаг адӕймаг. Саррӕ та уыд «сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды» хицау (1 Пет. 3:4–6; Райд. 21:22–34). w23.09 15 ф., 4 абз.
Дыццӕг, 23 декабрь
Сфӕнд кодтон, ӕмӕ йӕ сараздзынӕн (Ис. 46:11).
Йегъовӕ йӕ фыццаггуырд Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй радзырдтаид ӕмӕ йӕ цард адӕмы тыххӕй раттаид, цӕмӕй сӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй балхӕдтаид. Уый фӕстӕ Йесо райгас уӕларвон цардмӕ, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады Паддзах суыдаид. Библийы сӕйраг темӕ у ахӕм: Йегъовӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый йӕ Паддзахады фӕрцы сӕххӕст кӕндзӕн (Паддзах та дзы у Йесо Чырысти) ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ном срухс кӕндзӕн. Йегъовӕйы фӕнд никуы фӕивдзӕн. Уый зӕрдӕ бавӕрдта, кӕронмӕ йӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Ис. 46:10, 11; Дзут. 6:17, 18). Йегъовӕ зӕххӕй скӕндзӕн дзӕнӕт, ӕмӕ йыл Адам ӕмӕ Евӕйы ӕххӕст ӕмӕ рӕстаг байзӕддӕгтӕ амондджынӕй цӕрдзысты ӕнустӕм (Пс. 22:26). Фӕлӕ ма Хуыцау ноджыдӕр цыдӕр фӕнд кӕны. Уый фӕнды йӕ уӕларвон лӕггадгӕнджыты ӕмӕ йӕ зӕххон лӕггадгӕнджыты баиу кӕнын. Уӕд ӕй Дун-дунейы иууылдӕр нымайдзысты сӕ Хицауыл ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзысты (Еф. 1:8–11). Йегъовӕ йӕ фӕнд куыд ӕххӕст кӕны, уый дӕм диссаг нӕ кӕсы? w23.10 20 ф., 7, 8 абз.
Ӕртыццӕг, 24 декабрь
«Фидар ут... Ӕз уемӕ дӕн»,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ (Аг. 2:4).
Дзуттӕгтӕ Вавилонӕй Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сӕмбӕлдысты зындзинӕдтыл. Зын сын уыд сӕ бинонты дарын. Уымӕй уӕлдай ма Персы паддзахады уыди змӕстытӕ, стӕй, сӕ алыварс чи цард, уыцы адӕмтӕ сӕ ныхмӕ цыдысты. Уый тыххӕй кӕмӕндӕрты зын уыд Йегъовӕйы кувӕндон аразынмӕ раст цӕстӕй кӕсын. Ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддагыл ӕй нӕ нымадтой. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ дыууӕ пехуымпарӕн, Аггей ӕмӕ Захарийӕн, бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн сӕ зӕрдӕты зынг ссыгътаиккой, ӕмӕ уый сӕ къухы бафтыд (Аг. 1:1; Зах. 1:1). Фӕлӕ уымӕй 50 азы бӕрц куы рацыд, уӕд та дзуттӕгты хъуыди ногӕй ныфс бауадзын. Уӕд Вавилонӕй Иерусалиммӕ ӕрцыд дӕсны писыр Ездрӕ, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы бафидар кодтаид ӕмӕ сӕ лӕггад сӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрдтаиккой (Езд. 7:1, 6). Аггейы ӕмӕ Захарийы пехуымпарӕдтӕ дзуттӕгтӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардтаиккой, се знӕгтӕ сӕ ныхмӕ куы цыдысты, уӕд. Ӕмӕ махӕн дӕр баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ’мбӕлӕм, уӕддӕр нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм (Ӕмб. 22:19). w23.11 14, 15 фф., 2, 3 абз.
Цыппӕрӕм, 25 декабрь
Уӕд [уӕм] уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл (Кол. 3:14).
Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? Иу уый, ӕмӕ-иу сын сӕ ныфсыл ныфс куы ’фтауӕм (1 Фес. 4:18). Ӕмӕ нын уый уайдзӕн, куы сын тӕригъӕд кӕнӕм, уӕд. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийы алкӕддӕр уарзӕм? Иннӕты рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнӕм, уый нын зын куы уа, суанг уӕд дӕр. Абон уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у кӕрӕдзийы уарзын? Уый Петр бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Тагъд алцӕмӕн дӕр ӕрцӕудзӕн кӕрон». Уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕн бафӕдзӕхста: «Кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза» (1 Пет. 4:7, 8). Ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны. Ӕмӕ нӕм адӕм цы цӕстӕй кӕсдзысты, уый тыххӕй Йесо загъта: «Мӕ номы тыххӕй [уӕ] ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфт уындзысты» (Матф. 24:9). Цӕмӕй уымӕн бафӕразӕм, уый тыххӕй та не ’хсӕн хъуамӕ уа иудзинад. Ӕмӕ нӕ уӕд Хӕйрӕг нӕ ныддихтӕ кӕндзӕн, куыдфӕнды ма архайа, уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ баст стӕм уарзондзинады тӕгтӕй (Фил. 2:1, 2). w23.11 13 ф., 18, 19 абз.
Майрӕмбон, 26 декабрь
Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ (1 Кор. 3:9).
Хуыцауы Ныхасы рӕстдзинадӕн ис ӕнахуыр тых. Адӕмӕн куы фембарын кӕнӕм, Йегъовӕ ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый, уӕд нӕ цӕстыты раз ӕрцӕуы диссаг. Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕсты уацарӕй фервӕзынц: сӕ цӕстытӕ байгом вӕййынц ӕмӕ фенынц Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕ. Йе ’гӕрон тых сӕ дисы бафтауы (Ис. 40:26). Алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, уый сӕ ныфс бауадзы (Дык. з. 32:4). Йӕ арф зондӕй схайджын вӕййынц (Ис. 55:9; Ром. 11:33). Ӕмӕ, адӕмы куыд тынг уарзы, уый куы базонынц, уӕд сын уый удӕнцой ӕрхӕссы (1 Иоан. 4:8). Йегъовӕмӕ куы баввахс вӕййынц, уӕд сын фӕзыны ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Мах стыр кадыл нымайӕм, адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сӕ Фыдмӕ баввахс уой! Йегъовӕ нӕ нымайы йе ’мкусджытыл (1 Кор. 3:5, 9). w24.02 12 ф., 15 абз.
Сабат, 27 декабрь
Цӕйнӕфӕлтау дзырд раттай ӕмӕ йӕ ма сӕххӕст кӕнай, фӕлтау дзырд ӕппындӕр ма ратт (Еккл. 5:5).
Кӕд ды дӕр Библи ахуыр кӕныс кӕнӕ дӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты ӕмӕ дӕ дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы фӕндагыл ӕвӕрынц, уӕд, чи зоны, хъуыды кӕныс донаргъуыд райсыныл. Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куыд снывонд кӕны? Скувы йӕм ӕмӕ йын дзырд ратты, ныр ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй уыдзӕн. Стӕй Йегъовӕйӕн дзырд ратты, алкӕддӕр ӕй кӕй уарздзӕн «ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Мар. 12:30). Йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕны хибарӕй. Уый йӕхи ӕмӕ Йегъовӕйы йеддӕмӕ ничи фӕзоны. Фӕлӕ донаргъуыд та райсы адӕмы раз. Афтӕмӕй йӕ иннӕтӕ базонынц, йӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кодта, уый. Адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕны, уӕд ын ратты сӕрмагонд дзырд. Ӕмӕ хъуамӕ уыцы дзырд ӕххӕст кӕна. Ӕмӕ йӕм Йегъовӕ дӕр уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Еккл. 5:4). w24.03 2 ф., 2 абз.; 3 ф., 5 абз.
Хуыцаубон, 28 декабрь
Сымахӕй алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр. Ус та хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа (Еф. 5:33).
Зындзинӕдтыл чи не ’мбӕлы, ахӕм бинонтӕ нӕй. Библи ӕргом дзуры, зӕгъгӕ, «бинонтӕ чи скӕна, уыдонӕн сӕ царды фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ» (1 Кор. 7:28). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр вӕййынц ӕнӕххӕст. Вӕййы афтӕ, ӕмӕ лӕг иу адӕмыхаттӕй у, ус та – ӕндӕр адӕмыхаттӕй. Стӕй алыхуызон бинонты ’хсӕн схъомыл вӕййынц. Ӕмӕ уый тыххӕй сӕ иу иу цӕуылдӕр вӕййы ахуыр, иннӕ та – ӕндӕр цӕуылдӕр. Иуцасдӕр иумӕ куы ацӕрынц, уӕд кӕрӕдзимӕ фенынц, уый размӕ афтӕ бӕрӕг чи нӕ уыд, ахӕм миниуджытӕ. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй хатт кӕрӕдзи нӕ бамбарынц. Ферох сӕ вӕййы, сӕ дыууӕ дӕр кӕй рӕдийынц, ӕмӕ сӕ зындзинадимӕ нӕ фӕтох кӕнынц, фӕлӕ кӕрӕдзиимӕ. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, суанг ахӕм хъуыдымӕ дӕр ӕрцӕуой, зӕгъгӕ нын ӕндӕр гӕнӕн нӕй, ӕмӕ кӕнӕ хицӕнтӕй цӕрӕм кӕнӕ та бынтондӕр ахицӕн уӕм. Фӕлӕ афтӕ куы бакӕной, уӕд цымӕ амондджындӕр уыдзысты? Нӕ. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус бинонты цардӕн кад кӕной, сӕ цардӕмбал зындзард адӕймаг куы уа ӕмӕ йемӕ цӕрын зын куы уа, уӕд дӕр. w24.03 16 ф., 8 абз.; 17 ф., 11 абз.
Къуырисӕр, 29 декабрь
[Адӕймаг] уыцы ныфсӕй... фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзӕн (Ром. 5:5).
Донаргъуыды фӕстӕ дӕр архайдтай Йегъовӕйы хуыздӕр базоныныл ӕмӕ йӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кодтай, ӕмӕ дӕ ныфс дӕр фидардӕр кодта – ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс (Дзут. 5:13–6:1). Ӕвӕццӕгӕн, дӕхиуыл бавзӕрстай, Ромӕгтӕм 5:2–4 стихты цӕй кой ис, уый. Сӕмбӕлдтӕ алыхуызон фӕлварӕнтыл, фӕлӕ фидар фӕлӕууыдтӕ, сфӕрӕзтай сӕ ӕмӕ бамбӕрстай, Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у. Ды йӕ зоныс, Хуыцау дӕ кӕй уарзы, ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ ноджы тынгдӕр уырны, ныфс дын цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ ныр дӕ ныфс, райдианы цы уыд, уымӕй фидардӕр у. Ныр ын ноджы тынгдӕр аргъ кӕныс. Ахӕм ныфс дын кӕй ис, уый фӕзынд дӕ царды алы фӕзилӕныл дӕр, зӕгъӕм, дӕ бинонтӕн куыд дӕ, уынаффӕтӕ куыд хӕссыс ӕмӕ суанг, дӕ рӕстӕгӕй куыд пайда кӕныс, ууыл. Апостол Павел ма загъта иу ахсджиаг хъуыды, адӕймаг Хуыцауы хорзӕх куы ссары, уый фӕстӕ йын цы ныфс фӕзыны, уый тыххӕй. Фидарӕй загъта, ныфс нӕ цӕмӕй ис, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн (Ром. 15:13). w23.12 12, 13 фф., 16–19 абз.
Дыццӕг, 30 декабрь
Уыцы рӕстӕг иузӕрдиондзинад ӕрхӕсдзӕн стыр ирвӕзындзинад (Ис. 33:6).
Зын уавӕры куы вӕййӕм, уӕд нын хатт зын вӕййы нӕхиуыл хӕцын ӕмӕ не ’нкъарӕнтыл дӕр нӕ бар нал фӕцӕуы. Абухгӕ денджызы уылӕнтӕ нау дыууӕрдӕм куыд фӕраппар-баппар кӕнынц, афтӕ махӕн дӕр нӕ мидӕг не ’нкъарӕнтӕ фӕабухынц. Гӕнӕн ис, иу цыдӕр ӕнкъарӕм ӕмӕ стӕй сонтӕй – ӕндӕр цыдӕр. Йегъовӕ нын куыд баххуыс кӕны, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ нӕ уылӕнтау сӕ быны куы скӕнынц, уӕд? Уый нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ ма фӕцудӕм. Денджызы тыхдымгӕ куы сысты, уӕд уылӕнтӕ нау дыууӕрдӕм раппар-баппар кӕнын райдайынц. Ӕмӕ, цӕмӕй нау ма фӕфӕлдӕха ӕмӕ ма фӕдӕлдон уа, уый тыххӕй науыл бынӕй дыууӕрдыгӕй вӕййы стабилизатортӕ, вӕййынц доны бын. Уыцы стабилизаторты фӕрцы уылӕнтӕ нау афтӕ тынг нал фӕраппар-баппар кӕнынц. Стӕй, науыл чи фӕцӕуы, уыцы адӕмӕн дӕр вӕййы ӕдасдӕр ӕмӕ ӕнцондӕр. Фӕлӕ уыцы стабилизатортӕй бирӕтӕ ӕппӕты хуыздӕр фӕкусынц, нау дарддӕр размӕ куы фӕцӕуы, уӕд. Ӕмӕ мах дӕр фӕлварӕнты рӕстӕг дарддӕр размӕ куы цӕуӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. w24.01 22 ф., 7, 8 абз.
Ӕртыццӕг, 31 декабрь
Ӕз мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл, ӕмӕ ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн (Пс. 56:4).
Истӕмӕй куы тӕрсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Йегъовӕ нырмӕ дӕр цы сарӕзта?» Ахъуыды-иу кӕн, цы сфӕлдыста, уыдӕттыл. Райсӕм мӕргъты ӕмӕ дидинджытӕ. Уыдоны йӕхимӕ гӕсгӕ не сфӕлдыста ӕмӕ йын сӕ бон нӕу лӕггад кӕнын. Фӕлӕ сыл куыд тыхсы! Ӕмӕ-иу ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нӕ ноджы тынгдӕр бауырндзӕн, махыл дӕр кӕй батыхсдзӕн ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ йыл уӕд нӕ зӕрдӕ тынгдӕр дардзыстӕм (Матф. 6:25–32). Ахъуыды кӕнӕн ма ис, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн цы сарӕзта, уыдӕттыл дӕр. Дӕ бон у, Библийы цы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой ис, уыдонӕй искӕй тыххӕй фылдӕр базонын кӕнӕ нырыккон лӕггадгӕнджыты хабӕрттӕ бакӕсын. Уымӕй уӕлдай ма-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕ дын дӕхицӕн хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕттыл. Йӕхимӕ дӕ куыд ӕрбакодта? (Иоан. 6:44). Дӕ куывдтытӕн дын дзуапп куыд лӕвӕрдта? (1 Иоан. 5:14). Йӕ уарзон Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый дын алы бон дӕр царды куыд ӕххуыс кӕны? (Еф. 1:7; Дзут. 4:14–16). w24.01 3 ф., 6 абз.; 7 ф., 17 абз.