Исай
15 Моавӕн цы тӕрхон ӕрцыд хаст, уый+. Ар-Моав+ ӕхсӕвы ныппырх кодтой, ӕмӕ бамыр. Кир-Моав+ ӕхсӕвы ныппырх кодтой, ӕмӕ бамыр. 2 Уый ссыд кувӕндонмӕ ӕмӕ Дивонмӕ+, бӕрзонд ранмӕ, цӕмӕй фӕкӕуа. Моав богъ-богъӕй кӕуы Нево+ ӕмӕ Медевӕйыл+. Се ’ппӕтӕн дӕр сӕ сӕртӕ ӕмӕ сӕ боцъотӕ сты даст+. 3 Уынгты адӕм сты хъисынты+. Хӕдзӕртты сӕрты+ ӕмӕ горӕты фӕзты иууылдӕр богъ-богъӕй кӕуынц, кӕугӕйӕ дӕлӕмӕ ӕрцӕуынц+. 4 Есевон ӕмӕ Елеалейы+ хъӕр цӕуы. Сӕ хъӕр хъуысы суанг Иаацӕйы+ онг. Уый тыххӕй хъӕр кӕнынц Моавы гӕрзифтонг ӕфсӕддонтӕ дӕр. Адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ сӕ мидӕг ризынц.
5 Мӕ зӕрдӕ кӕуы Моавыл+. Уырдыгӕй чи ралыгъд, уыдон сты суанг Сигоры+ ӕмӕ Егла-Шелишийы+. Лухиты+ къуылдыммӕ хизгӕйӕ алчидӕр кӕуы. Оронаиммӕ+ цӕугӕйӕ дзыназынц, цы бӕллӕх ӕрцыд, уый тыххӕй. 6 Нимримы дӕттӕ байсыстысты+. Цъӕх кӕрдӕг бахус, кӕрдӕг никуыуал баззад, иу цъӕх хал дӕр никуыуал зыны+. 7 Ӕмӕ уыдон дӕр, цы муртӕ ма сӕм баззад ӕмӕ цы мулк фембырд кодтой, уыдон фӕхӕссынц, гӕдыбӕлӕстӕ кӕм зайы, уыцы дӕлвӕзыл. 8 Моавы алырдыгӕй хъуысы дзыназын+. Йе ’рдиаг хъуысы суанг Еглаиммӕ, йе ’рдиаг цӕуы суанг Беер-Елиммӕ, 9 уымӕн ӕмӕ Димоны дӕттӕ туг фестадысты. Фӕлӕ ма ӕз Димонӕн цӕттӕ кӕнын ноджыдӕр иу цыдӕр: Моавӕй чи лидзы ӕмӕ уыцы зӕххыл чи баззад, уыдоныл сардаудзынӕн домбайы+.