-
Левит 8:15Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
15 Стӕй Моисей уӕныджы аргӕвста+, йӕ туг+ ын райста ӕмӕ дзы йе ’нгуылдзӕй нывондхӕссӕны сыкъатӕй алкӕцы дӕр ацахуырста, ӕмӕ нывондхӕссӕн тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кодта. Тугӕй ма цы баззад, уый та акалдта нывондхӕссӕны бынмӕ, цӕмӕй суыдаид табуйаг ӕмӕ йыл уыдаид нывӕндтӕ хӕссӕн адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕныны тыххӕй+.
-