-
Левит 7:34Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
34 Израилы фырттӕ цы фарны нывӕндтӕ хӕссынц, уыдонӕй ӕз исын риуыгуыдыр – дыууӕрдӕм кӕй батилынц+, уый, ӕмӕ рахиз агъд ӕмӕ сӕ дӕттын сауджын Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн. Уыдон ӕз исын Израилы фырттӕй. Уый уыдзӕн закъон ӕнустӕм.
-
-
Нымӕцтӕ 15:19Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
19 ӕмӕ уыцы зӕххы цы хойраг ис, уый куы хӕрат+, уӕд-иу Йегъовӕйӕн кувинаг ӕрхӕссут.
-
-
Нымӕцтӕ 18:24Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
24 Ӕз левиттӕн бынӕн радтон дӕсӕм хай, Израилы фырттӕ Йегъовӕйӕн кӕй дӕттой, уый. Афтӕ дӕр сын уымӕн загътон, зӕгъгӕ, Израилы фыртты ’хсӕн уын бынтӕ нӕ уыдзӕн»+.
-
-
Дыккаг закъон 18:3Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
3 Адӕмӕй исчи нывондӕн гал кӕнӕ фыс куы хӕсса, уӕд мӕнӕ ай уыдзӕн сауджынты хай: нывондӕн йӕ уӕн, йе ’фсӕр ӕмӕ йӕ ахсӕн. Хъуамӕ сӕ ратта сауджынӕн.
-