Левит 10:1 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Цасдӕры фӕстӕ Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авиуд+ райстой сӕ зынгхӕссӕнтӕ+, нывӕрдтой дзы зынг, зынджы сӕрыл та – буд+, ӕмӕ Йегъовӕйы размӕ ӕрбахастой, чи не ’мбӕлд, кӕмӕй сын нӕ загъта, ахӕм зынг+. 2 Азфыстыты 26:18 Библи – Ног дунейы тӕлмац 18 Уыдон паддзах Озийы размӕ ӕрлӕууыдысты+ ӕмӕ йын загътой: «Йегъовӕйӕн буд судзын дӕ хӕс нӕу+, Ози. Буд судзын сауджынты, Аароны фыртты хӕс у+, ӕвзӕрст* чи ’рцыд, уыдоны хӕс. Кувӕндонӕй рахиз! Ды сарӕзтай тӕригъӕд, ӕмӕ дын уый тыххӕй Йегъовӕ Хуыцауӕй кад нӕ уыдзӕн»+. Йезекил 8:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Сӕ разы та лӕууыдысты Израилы адӕмы хистӕр лӕгтӕй ӕвдай лӕджы+, се ’хсӕн уыди Шафаны+ фырт Иазани дӕр, ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр йӕ къухы уыди будсудзӕн, ӕмӕ буды адджын тӕф хӕрдмӕ цыди+.
10 Цасдӕры фӕстӕ Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авиуд+ райстой сӕ зынгхӕссӕнтӕ+, нывӕрдтой дзы зынг, зынджы сӕрыл та – буд+, ӕмӕ Йегъовӕйы размӕ ӕрбахастой, чи не ’мбӕлд, кӕмӕй сын нӕ загъта, ахӕм зынг+.
18 Уыдон паддзах Озийы размӕ ӕрлӕууыдысты+ ӕмӕ йын загътой: «Йегъовӕйӕн буд судзын дӕ хӕс нӕу+, Ози. Буд судзын сауджынты, Аароны фыртты хӕс у+, ӕвзӕрст* чи ’рцыд, уыдоны хӕс. Кувӕндонӕй рахиз! Ды сарӕзтай тӕригъӕд, ӕмӕ дын уый тыххӕй Йегъовӕ Хуыцауӕй кад нӕ уыдзӕн»+.
11 Сӕ разы та лӕууыдысты Израилы адӕмы хистӕр лӕгтӕй ӕвдай лӕджы+, се ’хсӕн уыди Шафаны+ фырт Иазани дӕр, ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр йӕ къухы уыди будсудзӕн, ӕмӕ буды адджын тӕф хӕрдмӕ цыди+.