Рацыд 16:23 Библи – Ног дунейы тӕлмац 23 Ӕмӕ сын Моисей загъта: «Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Райсом у сабат ӕмӕ уыдзӕн бӕрӕгбон, сабат – Йегъовӕйы кадӕн+. Абон дзы скӕнут, кӕнинаг цы стут, уый ӕмӕ сфыцут, фыцинаг цы стут, уый+. Цы дзы баззайа, уый та ныууадзут райсоммӕ“». Рацыд 20:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Ӕвдӕм бон та у сабат дӕ Хуыцау Йегъовӕйы кадӕн+. Уыцы бон мацы кус: нӕдӕр дӕхӕдӕг, нӕдӕр дӕ фырт ӕмӕ нӕдӕр дӕ чызг, нӕдӕр дӕ цагъар-нӕлгоймаг ӕмӕ нӕдӕр дӕ цагъар-сылгоймаг, нӕдӕр дӕ фос ӕмӕ нӕдӕр, дӕ горӕты ӕрцӕуӕггаг чи ис, уый+. Лукайы 23:56 Библи – Ног дунейы тӕлмац 56 Ӕмӕ уӕд фӕстӕмӕ аздӕхтысты, цӕмӕй хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ ӕмӕ хӕрздӕф сойтӕ ӕрцӕттӕ кодтаиккой+. Фӕлӕ Закъонмӕ гӕсгӕ сабаты+, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ницы куыстой.
23 Ӕмӕ сын Моисей загъта: «Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Райсом у сабат ӕмӕ уыдзӕн бӕрӕгбон, сабат – Йегъовӕйы кадӕн+. Абон дзы скӕнут, кӕнинаг цы стут, уый ӕмӕ сфыцут, фыцинаг цы стут, уый+. Цы дзы баззайа, уый та ныууадзут райсоммӕ“».
10 Ӕвдӕм бон та у сабат дӕ Хуыцау Йегъовӕйы кадӕн+. Уыцы бон мацы кус: нӕдӕр дӕхӕдӕг, нӕдӕр дӕ фырт ӕмӕ нӕдӕр дӕ чызг, нӕдӕр дӕ цагъар-нӕлгоймаг ӕмӕ нӕдӕр дӕ цагъар-сылгоймаг, нӕдӕр дӕ фос ӕмӕ нӕдӕр, дӕ горӕты ӕрцӕуӕггаг чи ис, уый+.
56 Ӕмӕ уӕд фӕстӕмӕ аздӕхтысты, цӕмӕй хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ ӕмӕ хӕрздӕф сойтӕ ӕрцӕттӕ кодтаиккой+. Фӕлӕ Закъонмӕ гӕсгӕ сабаты+, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ницы куыстой.