Дыккаг закъон 9:16 Библи – Ног дунейы тӕлмац 16 Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон: сымах Йегъовӕйы раз, уӕ Хуыцауы раз, сарӕзтат тӕригъӕд! Уӕхицӕн скодтат сызгъӕрин род+. Йегъовӕ уын цы фӕндагыл бафӕдзӕхста цӕуын, уымӕй куыд тагъд адзӕгъӕл стут!+ Исай 44:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 Гуымирытӕ чи аразы, уыдон иууылдӕр ницы сты+, ӕмӕ сын сӕ уарзон хуыцӕуттӕ дӕр ницы пайда уыдзысты+. Уыдон сты се ’вдисӕнтӕ, ӕмӕ ницы уынынц ӕмӕ ницы зонынц+. Уый тыххӕй сӕ аразджытӕ фӕхудинаг уыдзысты+. Исай 46:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ се ’хцадонӕй сызгъӕрин ӕнӕвгъауӕй ӕркалынц ӕмӕ ӕвзист барӕнӕй сбарынц. Стӕй баххуырсынц зӕрингуырды, ӕмӕ дзы уый хуыцау саразы+. Ӕмӕ уыцы хуыцауы раз сӕ зонгуытыл ӕрхауынц ӕмӕ йын фӕкувынц+. Хъуыддӕгтӕ 7:41 Библи – Ног дунейы тӕлмац 41 Ӕмӕ уӕд сарӕзтой род+, ӕмӕ уыцы мӕнгхуыцауӕн нывонд ӕрхастой ӕмӕ, сӕхи къухтӕй цы сарӕзтой, уымӕн куывд скодтой+.
16 Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон: сымах Йегъовӕйы раз, уӕ Хуыцауы раз, сарӕзтат тӕригъӕд! Уӕхицӕн скодтат сызгъӕрин род+. Йегъовӕ уын цы фӕндагыл бафӕдзӕхста цӕуын, уымӕй куыд тагъд адзӕгъӕл стут!+
9 Гуымирытӕ чи аразы, уыдон иууылдӕр ницы сты+, ӕмӕ сын сӕ уарзон хуыцӕуттӕ дӕр ницы пайда уыдзысты+. Уыдон сты се ’вдисӕнтӕ, ӕмӕ ницы уынынц ӕмӕ ницы зонынц+. Уый тыххӕй сӕ аразджытӕ фӕхудинаг уыдзысты+.
6 Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ се ’хцадонӕй сызгъӕрин ӕнӕвгъауӕй ӕркалынц ӕмӕ ӕвзист барӕнӕй сбарынц. Стӕй баххуырсынц зӕрингуырды, ӕмӕ дзы уый хуыцау саразы+. Ӕмӕ уыцы хуыцауы раз сӕ зонгуытыл ӕрхауынц ӕмӕ йын фӕкувынц+.
41 Ӕмӕ уӕд сарӕзтой род+, ӕмӕ уыцы мӕнгхуыцауӕн нывонд ӕрхастой ӕмӕ, сӕхи къухтӕй цы сарӕзтой, уымӕн куывд скодтой+.