Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Азфыстыты 30:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Сымах Йегъовӕмӕ куы раздӕхат+, уӕд, уе ’фсымӕртӕ ӕмӕ уӕ фырттӕ уацары кӕмӕ сты, уыдоны зӕрдӕ сӕм ӕрфӕлмӕн уыдзӕн+, ӕмӕ сӕ бон бауыдзӕн фӕстӕмӕ ацы зӕхмӕ ӕрыздӕхын+. Уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг+ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау, ӕмӕ йӕм куы раздӕхат, уӕд уыл йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн»+.

  • Нееми 9:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Нӕ сӕ фӕндыд дӕумӕ хъусын+, ферох сӕ сты+, уыдоны тыххӕй кӕй сарӕзтай, уыцы диссӕгтӕ. Схивӕнд сты+ ӕмӕ сӕхицӕн хицау сӕвӕрдтой+, цӕмӕй фӕстӕмӕ Египетмӕ, цагъартӕ кӕм уыдысты, уырдӕм аздӕхтаиккой. Фӕлӕ ды хатыргӕнаг+, тӕригъӕдгӕнаг+ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау дӕ, ды мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс+, ӕгӕрон+ у де ’нувыд уарзт, ӕмӕ сӕ нӕ ныууагътай+.

  • Иоил 2:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Уӕ уӕлӕдарӕс+ нӕ, фӕлӕ уӕ зӕрдӕтӕ скъуыдтӕ кӕнут+. Раздӕхут уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уый у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны+, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+, ӕмӕ, йӕ адӕмыл цы бӕллӕх ӕруадзинаг у, ууыл фӕфӕсмон кӕндзӕн+.

  • Лукайы 6:36
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 36 Уӕдӕ уӕ Фыд куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, сымах дӕр афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ут+.

  • Дзуттӕгтӕм 8:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Ӕз сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ+ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн“»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын