Рацыд 13:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Фараон йӕхи ныддур кодта ӕмӕ нӕ нӕ уагъта+, ӕмӕ уӕд Йегъовӕ ныццагъта Египеты фыццаггуырдты се ’ппӕты дӕр+: фыццаггуырд лӕппуты дӕр ӕмӕ фыццагзад нӕл фос дӕр+. Ӕмӕ уый тыххӕй нывонд кӕнӕм Йегъовӕйӕн алы фыццагзад нӕл фос дӕр+, алы фыццаггуырд лӕппуйы та балхӕнӕм“+. Нымӕцтӕ 18:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Йегъовӕйӕн кӕй нывонд кӕной, уыцы фыццаггуырдтӕ+ иууылдӕр, адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр, уыдзысты дӕу. Фӕлӕ-иу фыццаггуырд лӕппуты хъуамӕ балхӕнай+, стӕй-иу хъуамӕ балхӕнай, сыгъдӕг чи нӕу, ахӕм фыццагзад нӕл фос дӕр+. Нымӕцтӕ 18:16 Библи – Ног дунейы тӕлмац 16 Иу мӕй ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уымӕн хъуамӕ бафидай, йӕ аргъ цас у, уыйбӕрц – фондз сиклы ӕвзистӕй, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй+. Сиклы ис дыууын герӕйы+.
15 Фараон йӕхи ныддур кодта ӕмӕ нӕ нӕ уагъта+, ӕмӕ уӕд Йегъовӕ ныццагъта Египеты фыццаггуырдты се ’ппӕты дӕр+: фыццаггуырд лӕппуты дӕр ӕмӕ фыццагзад нӕл фос дӕр+. Ӕмӕ уый тыххӕй нывонд кӕнӕм Йегъовӕйӕн алы фыццагзад нӕл фос дӕр+, алы фыццаггуырд лӕппуйы та балхӕнӕм“+.
15 Йегъовӕйӕн кӕй нывонд кӕной, уыцы фыццаггуырдтӕ+ иууылдӕр, адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр, уыдзысты дӕу. Фӕлӕ-иу фыццаггуырд лӕппуты хъуамӕ балхӕнай+, стӕй-иу хъуамӕ балхӕнай, сыгъдӕг чи нӕу, ахӕм фыццагзад нӕл фос дӕр+.
16 Иу мӕй ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уымӕн хъуамӕ бафидай, йӕ аргъ цас у, уыйбӕрц – фондз сиклы ӕвзистӕй, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй+. Сиклы ис дыууын герӕйы+.