Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 9:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Ацы хатт дӕр сӕ куы нӕ ауадзай, уӕд дыл бӕллӕхтӕ иууылдӕр ныккалдзынӕн – дӕуыл, дӕ лӕггадгӕнджытыл ӕмӕ дӕ адӕмыл, цӕмӕй базонай, ӕгас зӕххыл мӕн хуызӕн кӕй нӕй+.

  • Рацыд 15:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 О Йегъовӕ, хуыцӕутты ’хсӕн дӕу хуызӕн чи у?+

      Чи у дӕу хуызӕн сыгъдӕг?+

      Дӕуӕй хъӕуы тӕрсын+ ӕмӕ дӕ кадӕн хъӕуы зарын+. Ды аразыс диссӕгтӕ+.

  • 2 Самуилы 7:22
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 22 Уый тыххӕй ды кадджын+ дӕ, о Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дӕуӕн ӕмбал нӕй+. Бирӕ хуыцӕутты тыххӕй фехъуыстам, фӕлӕ дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+.

  • Псалом 83:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Цӕмӕй йӕ адӕм зоной+, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у+,

      Ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау+, Хицау ӕгас зӕххӕн+.

  • Псалом 86:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  8 О Йегъовӕ, хуыцӕутты ’хсӕн нӕй дӕу хуызӕн+,

      Ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕн дӕр ӕмбал нӕй+.

  • Исай 46:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Ӕрхъуыды кӕнут, райдианы, раджы заманты цы уыд+, уыдӕттӕ, ӕз кӕй дӕн Хуыцау+ ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй+, мӕн хуызӕн кӕй ничи у+.

  • Йереми 10:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 О Йегъовӕ, дӕуӕн ӕмбал нӕй+. Ды дӕ кадджын Хуыцау, ӕмӕ дӕ ном у кадджын ӕмӕ хъомысджын+.

  • Ромӕгтӕм 9:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Зӕгъӕм, Фыстад фараоны тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ӕз дӕ уый тыххӕй ныууагътон удӕгасӕй, цӕмӕй дыл равдисон мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй мӕ ном айхъуыса ӕгас зӕххыл дӕр»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын