2 Самуилы 7:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 Ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай,– ӕз уыдзынӕн демӕ+. Де знӕгты дын се ’ппӕты дӕр дӕ разӕй фӕсурдзынӕн+ ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзынӕн ӕмӕ дын дӕ ном скадджын кӕндзынӕн+ – дӕ ном уыдзӕн зӕххыл ӕппӕты кадджындӕр адӕмы нӕмтты ’хсӕн. Есфир 9:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Паддзахы хӕдзары Мардохей уыд нымад лӕг+, ӕмӕ, паддзахы дӕлбар цыдӕриддӕр бӕстӕтӕ уыд, уыдоныл йӕ кад+ айхъуыст, уымӕн ӕмӕ Мардохей тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта+. Хъуыддӕгтӕ 7:22 Библи – Ног дунейы тӕлмац 22 Моисейӕн бацамыдтой ӕгас Египеты зонд+. Ӕмӕ ныхасӕй+ дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр уыди тыхджын.
9 Ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай,– ӕз уыдзынӕн демӕ+. Де знӕгты дын се ’ппӕты дӕр дӕ разӕй фӕсурдзынӕн+ ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзынӕн ӕмӕ дын дӕ ном скадджын кӕндзынӕн+ – дӕ ном уыдзӕн зӕххыл ӕппӕты кадджындӕр адӕмы нӕмтты ’хсӕн.
4 Паддзахы хӕдзары Мардохей уыд нымад лӕг+, ӕмӕ, паддзахы дӕлбар цыдӕриддӕр бӕстӕтӕ уыд, уыдоныл йӕ кад+ айхъуыст, уымӕн ӕмӕ Мардохей тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта+.