Дыккаг закъон 28:25 Библи – Ног дунейы тӕлмац 25 Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ дӕ де знӕгтӕ ныддӕрӕн кӕндзысты+. Сӕ ныхмӕ иу фӕндагыл рацӕудзынӕ, лидзгӕ та сӕ авд фӕндагыл кӕндзынӕ. Ӕмӕ зӕххыл цы паддзахӕдтӕ ис, уыдон, цы бӕллӕхтӕ дӕ баййӕфта, уый тыххӕй куы базоной, уӕд се ’ппӕты дӕр тас бацӕудзӕн+. Тӕрхонгӕнджыты 2:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Уый тыххӕй Йегъовӕйӕн Израилмӕ йӕ маст ссыгъд+, ӕмӕ сӕ абырджыты къухмӕ радта, ӕмӕ сӕ стыгътой+. Радта* сӕ, алырдыгӕй сын цы знӕгтӕ уыди, уыдоны къухмӕ+, ӕмӕ сӕ бон нал уыди се знӕгты ныхмӕ фӕлӕууын+. 1 Самуилы 4:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Гъемӕ филистимӕгтӕ схӕцыдысты Израилимӕ ӕмӕ сӕ ныппырх кодтой+, ӕмӕ израилӕгтӕй алчи йӕ цатырмӕ фӕлыгъди+. Израилы адӕмӕй тынг бирӕ фӕхъуыди+ – ӕртын мин фистӕг хӕстоны+. Йеремийы хъарӕг 2:17 Библи – Ног дунейы тӕлмац 17 Йегъовӕ сарӕзта, йӕ зӕрды цы уыд, уый+. Сӕххӕст кодта йӕ ныхас+,Раджы заманты цы загъта, уый+. Ныппырх кодта, нӕ бацауӕрста+.Афтӕ бакодта, ӕмӕ дыл де знаг фӕуӕлахиз ӕмӕ цин кӕны+. Дӕ фыдгулы сыкъа дын бӕрзонд систа+.
25 Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ дӕ де знӕгтӕ ныддӕрӕн кӕндзысты+. Сӕ ныхмӕ иу фӕндагыл рацӕудзынӕ, лидзгӕ та сӕ авд фӕндагыл кӕндзынӕ. Ӕмӕ зӕххыл цы паддзахӕдтӕ ис, уыдон, цы бӕллӕхтӕ дӕ баййӕфта, уый тыххӕй куы базоной, уӕд се ’ппӕты дӕр тас бацӕудзӕн+.
14 Уый тыххӕй Йегъовӕйӕн Израилмӕ йӕ маст ссыгъд+, ӕмӕ сӕ абырджыты къухмӕ радта, ӕмӕ сӕ стыгътой+. Радта* сӕ, алырдыгӕй сын цы знӕгтӕ уыди, уыдоны къухмӕ+, ӕмӕ сӕ бон нал уыди се знӕгты ныхмӕ фӕлӕууын+.
10 Гъемӕ филистимӕгтӕ схӕцыдысты Израилимӕ ӕмӕ сӕ ныппырх кодтой+, ӕмӕ израилӕгтӕй алчи йӕ цатырмӕ фӕлыгъди+. Израилы адӕмӕй тынг бирӕ фӕхъуыди+ – ӕртын мин фистӕг хӕстоны+.
17 Йегъовӕ сарӕзта, йӕ зӕрды цы уыд, уый+. Сӕххӕст кодта йӕ ныхас+,Раджы заманты цы загъта, уый+. Ныппырх кодта, нӕ бацауӕрста+.Афтӕ бакодта, ӕмӕ дыл де знаг фӕуӕлахиз ӕмӕ цин кӕны+. Дӕ фыдгулы сыкъа дын бӕрзонд систа+.