Йесо Навин 7:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Израилы фырттӕн сӕ бон нӕ бауыдзӕн се знӕгты ныхмӕ фӕлӕууын+. Се знӕгтӕй лидзӕг фӕуыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕфты хай кӕнинаг фесты. Уӕдӕ сӕфты хай бакӕнын цы хъӕуы, уый уе ’хсӕнӕй куы нӕ фесафат, уӕд уӕ ӕз ныууадздзынӕн+. Тӕрхонгӕнджыты 2:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Уый тыххӕй Йегъовӕйӕн Израилмӕ йӕ маст ссыгъд+, ӕмӕ сӕ абырджыты къухмӕ радта, ӕмӕ сӕ стыгътой+. Радта* сӕ, алырдыгӕй сын цы знӕгтӕ уыди, уыдоны къухмӕ+, ӕмӕ сӕ бон нал уыди се знӕгты ныхмӕ фӕлӕууын+. Исай 10:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Иннӕ уацайрӕгты ’хсӕн уӕ зонгуытыл лӕудзыстут, иннӕтау фӕцагъды уыдзыстут+. Уый тыххӕй нӕ сабыр кӕны йӕ маст, уый тыххӕй у йӕ къух хӕрдмӕ ист+. Йереми 37:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Уемӕ чи хӕцы, уыцы халдейты ӕфсад ӕнӕхъӕнӕй дӕр куы ныццӕгъдат+, ӕмӕ ма дзы ӕрмӕст, уӕззау цӕф чи фӕци, ахӕмтӕ куы баззайа+, уӕд уыдон дӕр сыстдзысты, сӕ цатыртӕй рацӕудзысты ӕмӕ ацы горӕт арты хай бакӕндзысты“».
12 Израилы фырттӕн сӕ бон нӕ бауыдзӕн се знӕгты ныхмӕ фӕлӕууын+. Се знӕгтӕй лидзӕг фӕуыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕфты хай кӕнинаг фесты. Уӕдӕ сӕфты хай бакӕнын цы хъӕуы, уый уе ’хсӕнӕй куы нӕ фесафат, уӕд уӕ ӕз ныууадздзынӕн+.
14 Уый тыххӕй Йегъовӕйӕн Израилмӕ йӕ маст ссыгъд+, ӕмӕ сӕ абырджыты къухмӕ радта, ӕмӕ сӕ стыгътой+. Радта* сӕ, алырдыгӕй сын цы знӕгтӕ уыди, уыдоны къухмӕ+, ӕмӕ сӕ бон нал уыди се знӕгты ныхмӕ фӕлӕууын+.
4 Иннӕ уацайрӕгты ’хсӕн уӕ зонгуытыл лӕудзыстут, иннӕтау фӕцагъды уыдзыстут+. Уый тыххӕй нӕ сабыр кӕны йӕ маст, уый тыххӕй у йӕ къух хӕрдмӕ ист+.
10 Уемӕ чи хӕцы, уыцы халдейты ӕфсад ӕнӕхъӕнӕй дӕр куы ныццӕгъдат+, ӕмӕ ма дзы ӕрмӕст, уӕззау цӕф чи фӕци, ахӕмтӕ куы баззайа+, уӕд уыдон дӕр сыстдзысты, сӕ цатыртӕй рацӕудзысты ӕмӕ ацы горӕт арты хай бакӕндзысты“».