Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Райдиан 14:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Арфӕгонд уӕд Иунӕг Стыр Хуыцау+,

      Уый дын де знӕгты радта дӕ къухмӕ!»+

      Ӕмӕ йын уӕд Аврам, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уымӕй радта дӕсӕм хай+.

  • Райдиан 28:22
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 22 Ӕмӕ, зӕххы нысанӕн кӕй ӕрсагътон, уыцы дур суыдзӕн Хуыцауы хӕдзар+, ӕмӕ мын цыдӕриддӕр раттай, уыдонӕй алцӕмӕй дӕр дӕсӕм хай ратдзынӕн дӕуӕн»+.

  • Нымӕцтӕ 18:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Левийы фырттӕн сӕ лӕггады тыххӕй, ӕмбырды цатыры кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй, бынӕн дӕттын Израилы алы дӕсӕм+ хай дӕр.

  • Нымӕцтӕ 18:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 «Левиттӕн афтӕ зӕгъ: „Израилы фырттӕ уын дӕтдзысты дӕсӕм хай – уыцы хай ӕз уыдонӕй райстон ӕмӕ йӕ сымахӕн бынӕн радтон+. Ӕмӕ сымах уыцы дӕсӕм хайӕ хъуамӕ дӕсӕм хай дӕттат Йегъовӕйӕн+.

  • Дыккаг закъон 12:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 ӕмӕ-иу уырдӕм ӕрбахӕссут уӕ судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ уӕ иннӕ нывӕндтӕ, уӕ дӕсӕм хӕйттӕ+, уӕ кувинӕгтӕ+ ӕмӕ уӕ нывӕндтӕ, Хуыцауӕн дзырд кӕй радтат, уый номыл+ кӕнӕ уӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хӕссат, уыдон+, стӕй фыццагзад фос уе стуртӕй ӕмӕ уӕ лыстӕг фосӕй+.

  • Дыккаг закъон 14:22
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 22 Алы аз дӕр уӕ зӕххӕй цы тыллӕг исат, уымӕй, чи уӕм ӕрзайа, уыцы хорӕй, хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй дӕттат дӕсӕм хай+.

  • 2 Азфыстыты 31:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Уыцы ныхас йӕ дзыхӕй куы рацыд, уӕд Израилы фырттӕ+ сӕ фыццаг тыллӕгӕй фылдӕр дӕттын райдыдтой: мӕнӕу+, ног сӕн+, сой+, мыд+ ӕмӕ, зӕхх цыдӕриддӕр тыллӕг дӕтты+, уымӕй. Ӕмӕ алцӕмӕй дӕр рӕдауӕй дӕсӕм хай ӕрбахастой+.

  • Нееми 13:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Ӕмӕ Иудӕйы адӕм се ’ппӕт дӕр хорӕй+, ног сӕнӕй+ ӕмӕ сойӕ+ дӕсӕм хай+ къӕбицтӕм ӕрбахастой+.

  • Малахи 3:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Алцӕмӕй дӕр дӕсӕм хай+ къӕбицмӕ ӕрбахӕссут, цӕмӕй мӕ хӕдзары хойраг уа+. Уӕ хорзӕхӕй, бафӕлварут мӕ ацы хъуыддаджы+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– кӕддӕра уын ӕз арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин+ ӕмӕ уыл арфӕдзинад не ’руадзин, цух куыд ницӕмӕйуал ӕййафат, афтӕ»+.

  • Лукайы 11:42
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 42 Фӕлӕ додой уӕ къона, фарисейтӕ! Битъына, рутӕ ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон кӕрдӕджытӕй дӕсӕм хай+ дӕттут, рӕстдзинад ӕмӕ Хуыцауы уарзын та уӕм нымады дӕр нӕу. Дӕсӕм хай дӕттын уӕ хӕс уыд, фӕлӕ уӕ адӕттӕ дӕр рох кӕнын нӕ хъуыд+.

  • Дзуттӕгтӕм 7:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Раст у, Левийы+ фырттӕй сауджынтӕ чи свӕййы, уыдон Закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ адӕмӕй+, ома се ’фсымӕртӕй, исой дӕсӕм хай+, кӕд уыдон Авраамы байзӕддӕгтӕ сты, уӕддӕр+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын