-
Нымӕцтӕ 22:23Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
23 Хӕрӕг федта, фӕндагыл кӕй лӕууы Йегъовӕйы зӕд, йӕ къухы хъама, афтӕмӕй+. Ӕмӕ хӕрӕг фӕндагӕй быдыры ’рдӕм фӕзылд, фӕлӕ йӕ Валаам нӕмын райдыдта, цӕмӕй фӕстӕмӕ фӕндагмӕ раздӕхтаид.
-
-
Нымӕцтӕ 22:25Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
25 Хӕрӕг та уыдта Йегъовӕйы зӕды ӕмӕ йӕхи къулмӕ балхъывта ӕмӕ Валаамы къах бацъист кодта, ӕмӕ та йӕ Валаам нӕмын райдыдта.
-
-
Нымӕцтӕ 22:27Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
27 Ӕмӕ хӕрӕг Йегъовӕйы зӕды куы федта, уӕд Валаамы бын ӕрхауд. Ӕмӕ Валаамӕн йӕ маст рафыхт+ ӕмӕ йыл лӕдзӕгӕй балӕууыд.
-