-
Нымӕцтӕ 4:15Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
15 Израилы фырттӕ, кӕм ӕрлӕууыдысты, уырдыгӕй ӕндӕр ранмӕ куы цӕуой ӕмӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ, цатыры+ цы дзауматӕ ӕмӕ цы мигӕнӕнтӕ+ ис, уыдон иууылдӕр куы бамбӕрзой, уӕд Каафы фырттӕ ӕрбацӕудзысты, цӕмӕй сӕ ахӕссой+. Фӕлӕ сыгъдӕг бынаты дзауматыл хъуамӕ ма андзӕвой+, цӕмӕй ма амӕлой. Ӕмбырды цатыры ацы дзауматӕ уыдзысты Каафы фыртты бар, уыдон сӕ хӕсдзысты+.
-
-
Нымӕцтӕ 4:19Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
19 Цӕмӕй, уӕлдай табуйаг чи у, уыцы дзауматӕм хӕстӕг ма бацӕуой ӕмӕ ма амӕлой, уый тыххӕй афтӕ бакӕн+: Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр зӕгъӕнт, цы аразын ӕй хъӕуы ӕмӕ йӕ цы хӕссын хъӕуы, уый.
-