Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Райдиан 29:35
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 35 Лийӕ ма ноджыдӕр басывӕрджын ӕмӕ та йын райгуырд лӕппу. Ӕмӕ загъта: «Ныр ӕз Йегъовӕйы куыннӕ хъуамӕ скадджын кӕнон!» Иудӕ*+ дӕр ӕй уымӕн схуыдта. Уый фӕстӕ йын цасдӕр зӕнӕг нал цыди.

  • Райдиан 46:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Иудӕйы+ фырттӕ уыдысты Ир+, Онан+, Шелӕ+, Фарес+ ӕмӕ Зара+. Фӕлӕ Ир ӕмӕ Онан амардысты Ханааны зӕххыл+.

      Фаресы фырттӕ уыдысты Есром+ ӕмӕ Хамул+.

  • Райдиан 49:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Иудӕйы къухы уыдзӕн паддзахы лӕдзӕг+, ӕмӕ хицауы лӕдзӕг – йӕ дыууӕ къахы ’хсӕн, цалынмӕ Шило* не ’рцӕуа, уӕдмӕ+. Ӕмӕ уый коммӕ кӕсдзысты адӕмтӕ+.

  • Нымӕцтӕ 2:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Хурыскӕсӕнырдыгӕй уыдзысты Иудӕйы къорды цатыртӕ, ӕртӕ мыггаджы цатыртӕ, се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ. Иудӕйы мыггаджы хистӕр у Наассон+, Аминадавы фырт.

  • 1 Азфыстыты 5:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Иудӕ+ йе ’фсымӕрты ӕхсӕн уыд ӕппӕты кадджындӕр, уымӕй рацыд разамонӕг дӕр+, фӕлӕ хистӕр фырты бартӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Иосифӕн+.)

  • Матфейы 1:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  2 Авраамӕн райгуырд Исахъ+;

      Исахъӕн райгуырд Иаков+;

      Иаковӕн райгуырдысты Иудӕ+ ӕмӕ иннӕ фырттӕ;

  • Дзуттӕгтӕм 7:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Алчидӕр ӕй зоны, нӕ Хицау кӕй рацыд Иудӕйы мыггагӕй+, ӕмӕ уыцы мыггагӕй сауджынтӕ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй та Моисей ницы загъта.

  • Раргомад 5:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Фӕлӕ мын хистӕр лӕгтӕй иу загъта: «Ма ку. Мӕнӕ Домбай Иудӕйы+ мыггагӕй, Давиды+ бындзӕфхад+, фӕуӕлахиз+, ӕмӕ уый сисдзӕн тыхтоны авд мыхуыры ӕмӕ йӕ байгом кӕндзӕн».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын