Нымӕцтӕ 11:1 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Иуафон адӕм Йегъовӕйы раз сӕ цардӕй хъаст кӕнын райдыдтой+. Йегъовӕ уый куы фехъуыста, уӕд сӕм йӕ маст ссыгъд. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ рацыд арт ӕмӕ, кӕройнаг цатырты раз чи уыд, уыцы адӕмы ныхъуырын райдыдта+. Нымӕцтӕ 14:27 Библи – Ног дунейы тӕлмац 27 «Ацы фыдзонд адӕм ма мыл бирӕ хъуыр-хъуыр кӕндзысты?+ Ӕз хъусын, Израилы фырттӕ мыл куыд хъуыр-хъуыр кӕнынц, уый+. Нымӕцтӕ 16:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Ды ӕмӕ демӕ чидӕриддӕр ис, уыдон, сымах цӕут Йегъовӕйы ныхмӕ+. Аарон та чи у, цӕмӕй йыл хъуыр-хъуыр кӕнат?»+ Нымӕцтӕ 16:41 Библи – Ног дунейы тӕлмац 41 Фӕлӕ иннӕ бон Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой Моисей ӕмӕ Аароныл+: «Сымах ныццагътат Йегъовӕйы адӕмы!» 1 Коринфӕгтӕм 10:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Уӕдӕ хъуыр-хъуыр дӕр ма кӕнӕм, уыдонӕй чидӕртӕ куыд хъуыр-хъуыр кодтой, афтӕ+ – уый тыххӕй зӕды къухӕй фӕцагъды сты+.
11 Иуафон адӕм Йегъовӕйы раз сӕ цардӕй хъаст кӕнын райдыдтой+. Йегъовӕ уый куы фехъуыста, уӕд сӕм йӕ маст ссыгъд. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ рацыд арт ӕмӕ, кӕройнаг цатырты раз чи уыд, уыцы адӕмы ныхъуырын райдыдта+.
27 «Ацы фыдзонд адӕм ма мыл бирӕ хъуыр-хъуыр кӕндзысты?+ Ӕз хъусын, Израилы фырттӕ мыл куыд хъуыр-хъуыр кӕнынц, уый+.
11 Ды ӕмӕ демӕ чидӕриддӕр ис, уыдон, сымах цӕут Йегъовӕйы ныхмӕ+. Аарон та чи у, цӕмӕй йыл хъуыр-хъуыр кӕнат?»+
41 Фӕлӕ иннӕ бон Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой Моисей ӕмӕ Аароныл+: «Сымах ныццагътат Йегъовӕйы адӕмы!»
10 Уӕдӕ хъуыр-хъуыр дӕр ма кӕнӕм, уыдонӕй чидӕртӕ куыд хъуыр-хъуыр кодтой, афтӕ+ – уый тыххӕй зӕды къухӕй фӕцагъды сты+.