Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 22:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Мӕ адӕмӕй исчи тыхст куы уа ӕмӕ йын ӕхца ӕфстау куы раттай+, уӕд иннӕ ӕфстаудӕтджыты хуызӕн ма у. Проценттӕ дзы ма ис+.

  • Левит 25:36
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 36 Проценттӕ дзы ма ис ӕмӕ йыл ӕхца ма кус+. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй+, ӕмӕ де ’фсымӕр дарддӕр дӕр дӕ фарсмӕ цӕрӕд.

  • Нееми 5:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Ӕз дӕр адӕмӕн ӕхца ӕмӕ мӕнӕу ӕфстау дӕттын, стӕй сын ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр дӕттынц. Фӕлӕ уӕ курӕг дӕн, проценттӕ сӕ мауал исӕм+.

  • Псалом 15:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  5 Ӕфстау проценттыл нӕ дӕтты+

      Ӕмӕ ӕнаххос адӕймаджы фӕаххосджын кӕныны тыххӕй гӕртам нӕ исы+.

      Афтӕ чи кӕны, уый никуы фӕцуддзӕн+.

  • Йезекил 18:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 кӕд ӕфстау проценттыл нӕ лӕвӕрдта+ ӕмӕ ӕхца никӕуыл куыста+, хӕрам хъуыддӕгтӕй йӕхи хызта+, дыууӕ адӕймаджы ’хсӕн хъуыддаг рӕстӕй ӕвзӕрста+,

  • Йезекил 22:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Исынц гӕртӕмттӕ, цӕмӕй туг калой+. Ды исыс проценттӕ+ ӕмӕ иннӕтыл ӕхца+ кусыс, тыхми ӕмӕ сайды фӕрцы+ кӕйдӕр фӕллойӕ дӕхицӕн кӕныс мулк+, мӕн та ферох кодтай“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын