Дыккаг закъон 10:17 Библи – Ног дунейы тӕлмац 17 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ у хуыцӕутты Хуыцау+ ӕмӕ хицӕутты Хицау+, адӕймагыл тас чи ’фтауы+, уыцы стыр ӕмӕ хъомысджын Хуыцау. Уый хъулон никӕй кӕны+ ӕмӕ гӕртам нӕ исы+, Йезекил 22:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Исынц гӕртӕмттӕ, цӕмӕй туг калой+. Ды исыс проценттӕ+ ӕмӕ иннӕтыл ӕхца+ кусыс, тыхми ӕмӕ сайды фӕрцы+ кӕйдӕр фӕллойӕ дӕхицӕн кӕныс мулк+, мӕн та ферох кодтай“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ. Матфейы 27:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Ӕмӕ сын загъта: «Ӕз стыр тӕригъӕд ракодтон, рӕстаг адӕймаджы* ауӕй кодтон»+. Уыдон та йын загътой: «Уый махмӕ нӕ хауы! Уый дӕхи хъуыддаг у!»+ Хъуыддӕгтӕ 1:18 Библи – Ног дунейы тӕлмац 18 Фӕлӕ уыцы лӕг балхӕдта+ зӕхх, йӕ мӕнгард+ мийы тыххӕй йын цы ӕхца бафыстой, уымӕй. Ӕмӕ сӕрбынмӕ куы ’рхауд+, уӕд йӕ гуыбын атыдта ӕмӕ йӕ хуылфыдзаумӕттӕ иууылдӕр ӕддӕмӕ ракалдысты.
17 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ у хуыцӕутты Хуыцау+ ӕмӕ хицӕутты Хицау+, адӕймагыл тас чи ’фтауы+, уыцы стыр ӕмӕ хъомысджын Хуыцау. Уый хъулон никӕй кӕны+ ӕмӕ гӕртам нӕ исы+,
12 Исынц гӕртӕмттӕ, цӕмӕй туг калой+. Ды исыс проценттӕ+ ӕмӕ иннӕтыл ӕхца+ кусыс, тыхми ӕмӕ сайды фӕрцы+ кӕйдӕр фӕллойӕ дӕхицӕн кӕныс мулк+, мӕн та ферох кодтай“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
4 Ӕмӕ сын загъта: «Ӕз стыр тӕригъӕд ракодтон, рӕстаг адӕймаджы* ауӕй кодтон»+. Уыдон та йын загътой: «Уый махмӕ нӕ хауы! Уый дӕхи хъуыддаг у!»+
18 Фӕлӕ уыцы лӕг балхӕдта+ зӕхх, йӕ мӕнгард+ мийы тыххӕй йын цы ӕхца бафыстой, уымӕй. Ӕмӕ сӕрбынмӕ куы ’рхауд+, уӕд йӕ гуыбын атыдта ӕмӕ йӕ хуылфыдзаумӕттӕ иууылдӕр ӕддӕмӕ ракалдысты.