Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 26:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 уӕд уӕ ӕз бафхӕрдзынӕн: уӕ зӕрдӕты уын тас бауадздзынӕн, бафтаудзынӕн уыл рӕуджыты низ*+ ӕмӕ тӕфсӕг, ӕмӕ уӕ цӕстырухс батайдзӕн+ ӕмӕ уӕ уд ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн+. Уӕ хуымтӕ таудзыстут дзӕгъӕлы, уымӕн ӕмӕ-иу дзы цы ’рзайа, уый-иу уе знӕгтӕ бахӕрдзысты+.

  • Дыккаг закъон 28:51
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 51 Уыдон уын хӕрдзысты уӕ фосы цот ӕмӕ уӕ зӕххы тыллӕг, цалынмӕ нӕ фӕцагъды уат, уӕдмӕ+. Нӕ уын ныууадздзысты нӕдӕр хор, нӕдӕр ног сӕн, нӕдӕр сой, нӕдӕр стурвосы цот ӕмӕ нӕдӕр лыстӕг фосы цот, цалынмӕ уӕ нӕ ныццӕгъдой, уӕдмӕ+.

  • Нееми 9:37
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 37 Ацы зӕххы хъӕздыг тыллӕг+ хӕрынц, нӕ тӕригъӕдты+ тыххӕй нын нӕ сӕргъы кӕй сӕвӕрдтай, уыцы ӕцӕгӕлон паддзӕхтӕ+. Ӕмӕ сӕ цы фӕнды, уый нын кӕнынц нӕхицӕн дӕр ӕмӕ нӕ фосӕн дӕр, ӕмӕ цы фӕуӕм, уый нал зонӕм+.

  • Исай 1:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг бӕстӕйы хуызӕн сси+, уӕ горӕттӕ уын басыгътой+. Уӕ цӕстыты раз уын ӕцӕгӕлӕттӕ+ уӕ зӕххы тыллӕг хӕрынц+. Зӕхх сафтид, раст ӕй цыма ӕцӕгӕлӕттӕ фӕхастой, уыйау+.

  • Йереми 5:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Уыдон уын бахӕрдзысты уӕ тыллӕг ӕмӕ уӕ дзул+. Уыцы адӕм уын бахӕрдзысты уӕ фыртты ӕмӕ уӕ чызджыты. Бахӕрдзысты уын уӕ лыстӕг фос ӕмӕ уе стурвос. Бахӕрдзысты уын уӕ сӕнӕфсирбӕлӕстӕ ӕмӕ уӕ легъуибӕлӕстӕ+. Уӕ ныфс кӕуыл дарут, уыцы фидаргонд горӕттӕ уын хъамайӕ ныппырх кӕндзысты».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын