Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 3:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Ӕмӕ та Хуыцау Моисейӕн ногӕй загъта:

      «Афтӕ-иу зӕгъ Израилы фырттӕн: „Уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы+ Хуыцау, Исахъы+ Хуыцау ӕмӕ Иаковы+ Хуыцау Йегъовӕ мӕ рарвыста сымахмӕ“. Уый у мӕ ном ӕнустӕм+, уыцы номӕй мӕ зондзысты* фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.

  • Рацыд 6:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Аврааммӕ+, Исахъмӕ+ ӕмӕ-иу Иаковмӕ+ фӕзындтӕн куыд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау+, фӕлӕ сын, мӕ ном Йегъовӕ+ цы нысан кӕны, уый нӕ раргом кодтон*+.

  • Рацыд 20:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 «Ӕз дӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕ+. Ӕз дӕ ракодтон Египеты зӕххӕй, цагъар кӕм уыдтӕ, уырдыгӕй*+.

  • Псалом 83:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Цӕмӕй йӕ адӕм зоной+, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у+,

      Ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау+, Хицау ӕгас зӕххӕн+.

  • Псалом 113:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  3 Кад уӕд Йегъовӕйы номӕн+

      Хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ+.

  • Исай 42:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном+. Ӕз мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн+, къухӕйконд хуыцӕуттӕн+ нӕ ратдзынӕн мӕ кад, мӕ намыс+.

  • Малахи 2:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Куы нӕ байхъусат+ ӕмӕ мын мӕ ныхас уӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ айсат+, цӕмӕй мын мӕ ном скадджын кӕнат+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– уӕд уӕ ме ’лгъыст баййафдзӕн+. Уӕ арфӕдзинӕдтӕ уын ӕлгъыстмӕ фӕивдзынӕн+. Ӕмӕ сӕ ныр дӕр фӕивтон ӕлгъыстмӕ, мӕ ныхас мын уӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ исут, уый тыххӕй».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын