Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Нееми 9:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 Ды сӕ фӕдзӕхстай+, цӕмӕй сын се ’ргом фӕстӕмӕ дӕ закъонмӕ раздӕхтаис+, фӕлӕ уыдон сӕрбӕрзонд митӕ кодтой+ ӕмӕ дын дӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Дӕ закъӕттӕ дын не ’ххӕст кодтой+ ӕмӕ уымӕй тӕригъӕд арӕзтой+, афтӕмӕй та сӕ чи ӕххӕст кӕна, уый уыдоны фӕрцы цӕрдзӕн+. Сӕ чъылдым* дӕм сыздӕхтой+, сӕхи цы фӕндыд, уый кодтой*+ ӕмӕ дӕм нӕ хъуыстой+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 28:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Амондджын у, алкӕддӕр Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыцы адӕймаг+. Йӕ зӕрдӕ чи ныддур кодта, уый та бахаудзӕн бӕллӕхы+.

  • Исай 30:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 30 «Додой сӕ къона хивӕнд фырттӕн!+ – зӕгъы Йегъовӕ.– Уыдонмӕ ис иу фӕнд, фӕлӕ уый мӕ фӕнд нӕу+, хъавынц кувинаг нозт рауадзынмӕ*, фӕлӕ уый у мӕ фӕндоны ныхмӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй сӕ тӕригъӕдыл тӕригъӕд ӕфтауынц+.

  • Йереми 3:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Уыцы рӕстӕг Иерусалим схондзысты Йегъовӕйы паддзахбадӕн+. Ӕмӕ Иерусалимы ӕрӕмбырд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр+, цӕмӕй уым Йегъовӕйы ном кадджын кӕной+. Уыдон се ’взӕр, сӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл нал цӕудзысты»+.

  • Йереми 6:28
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 28 Се ’ппӕт дӕр сты тынг хивӕнд+, рацу-бацу кӕнынц ӕмӕ иннӕты фыдкой кӕнынц+, уыдон сты ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаджы хуызӕн. Иууылдӕр сты фыдбылыз+.

  • Захари 7:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Сӕ зӕрдӕ+ ныддур кодтой, цӕмӕй ма хъуыстаиккой закъонмӕ+ ӕмӕ сын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ йӕ тыхы*+ фӕрцы раздӕры пехуымпарты+ уылты цы дзырдта, уымӕ. Ӕмӕ сӕм уый тыххӕй ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы маст ссыгъд»+.

  • Ромӕгтӕм 1:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Кӕд Хуыцауы зыдтой, уӕддӕр ӕм цы кад ӕмбӕлы, уыцы кад ын не скодтой ӕмӕ дзы бузныг нӕ уыдысты+, фӕлӕ ницӕйаг хъуыдытыл бафтыдысты+ ӕмӕ се ’нӕмбаргӕ зӕрдӕтӕ нытталынг сты+.

  • Ромӕгтӕм 2:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Фӕлӕ хивӕнд кӕй дӕ+ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды+, уый тыххӕй дӕхи Хуыцауы фыдӕхы хай кӕныс+. Хуыцау йӕ фыдӕх ныккалдзӕн+ йӕ судзгӕ масты бон+ – раст тӕрхон куы кӕна*, уыцы бон+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын