23 Ӕмӕ-иу уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз, уый цы бынат равзара, цӕмӕй йӕ ном уым уа, уыцы бынаты, хӕрут дӕсӕм хай уӕ хорӕй+, уӕ ног сӕнӕй, уӕ сойӕ, стӕй уе стурты ӕмӕ уӕ лыстӕг фосы фыццагзад фосы дзидза+, цӕмӕй ахуыр кӕнат алкӕддӕр уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсын+.