Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Самуилы 15:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Уӕд Самуил загъта: «Дӕхи цӕсты куы ницы уыдтӕ+, уӕд не ’рцыдтӕ ӕвӕрд Израилы мыггӕгты сӕргъы ӕмӕ дӕ Йегъовӕ уӕд нӕ байсӕрста сойӕ+, цӕмӕй Израилӕн паддзах уай?

  • 2 Азфыстыты 32:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Ӕрмӕст Езеки, Хуыцау ын цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уыдонӕн нӕ саргъ кодта+, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ схъал+. Ӕмӕ уый тыххӕй Езекимӕ, стӕй Иудӕмӕ ӕмӕ Иерусалиммӕ дӕр Хуыцауы маст ссыгъд+.

  • Псалом 131:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 131 О Йегъовӕ, ӕз нӕ уыдтӕн схъӕлзӕрдӕ+,

      Иннӕтӕм хъал цӕстӕй нӕ кастӕн+.

      Ӕз нӕ бӕллыдтӕн стыр цӕмӕдӕрты+

      Ӕмӕ, мӕ бон цы нӕ уыд, уыдӕттӕм+.

  • Марчы 10:42
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 42 Фӕлӕ сӕм Йесо фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, хицӕуттыл кӕй нымайынц, уыдон сӕхи адӕмтӕн ӕлдӕрттӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ сын сӕ кадджын лӕгтӕ сӕхи хицау кӕй кӕнынц+.

  • 1 Петры 5:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, хистӕрты коммӕ кӕсут+. Кӕрӕдзиимӕ уе ’ппӕт дӕр ут сӕрныллӕг+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын