Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 26:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Сымах уе знӕгты фӕстейӕ асурдзыстут+, ӕмӕ уӕ хъамайӕ цагъды кӕндзысты.

  • Дыккаг закъон 4:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Ӕрмӕст дӕхимӕ кӕс ӕмӕ дӕ уд хъахъхъӕн+, цӕмӕй ма ферох кӕнай, дӕхи цӕстӕй цы федтай+, уыдӕттӕ ӕмӕ цӕмӕй цӕрӕнбонтӕм дӕ зӕрдӕйы уой+. Ӕмӕ сӕ хъуамӕ радзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн+.

  • Йесо Навин 10:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Ӕмӕ Беф-Оронӕй дӕлӕмӕ израилӕгтӕй куы лыгъдысты, уӕд сыл Йегъовӕ суанг Азекӕмӕ арвӕй калдта стыр дуртӕ+, ӕмӕ цагъды кодтой. Ӕмӕ уыцы ихӕй чи фӕцагъды, уыдон уыдысты, Израилы фырттӕ карды комӕй кӕй фӕцагътой, уыдонӕй фылдӕр.

  • Йесо Навин 10:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Гъемӕ хур лӕууыд йӕ бынаты, ӕмӕ мӕй дӕр не змӕлыд, цалынмӕ адӕм се знӕгтӕй сӕ маст нӕ райстой, уӕдмӕ+. Исты уый тыххӕй Йашары* чиныджы фыст нӕй?+ Хур лӕууыд арвы астӕу ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон нӕ тагъд кодта аныгуылынмӕ+.

  • Йесо Навин 10:40
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 40 Йесо бацахста хӕхбӕстӕ+ иууылдӕр, Негев+, Шефелӕ+ ӕмӕ хӕхты фӕхстӕ+ дӕр ӕмӕ сын сӕ паддзӕхты се ’ппӕты дӕр фӕцагъта. Иу адӕймаджы дӕр дзы удӕгасӕй нӕ ныууагъта, царды улӕфт+ кӕй мидӕг уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр сӕфты хай бакодта+, Израилы Хуыцау Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.

  • Йесо Навин 11:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Сеиры+ ’рдӕм чи кӕсы, уыцы хох Халакӕй+ суанг, Ермоны+ хохрӕбын Ливаны дӕлвӕзы чи ис, уыцы Ваал-Гады+ онг. Уым чи цард, уыцы паддзӕхты се ’ппӕты дӕр басаста ӕмӕ сӕ амардта+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын