1 Азфыстыты
6 Левийы+ фырттӕ уыдысты Гирсон+, Кааф+ ӕмӕ Мерари+. 2 Каафы фырттӕ уыдысты Амрам+, Ицгар+, Хеврон+ ӕмӕ Узиил+. 3 Амрамы+ цот уыдысты Аарон+, Моисей+ ӕмӕ Мариам+. Аароны фырттӕ уыдысты Надав+, Авиуд+, Елеазар+ ӕмӕ Ифамар+. 4 Елеазарӕн+ райгуырд Финеес+. Финеесӕн райгуырд Авишуй+. 5 Авишуйӕн райгуырд Букки. Буккийӕн райгуырд Уззи+. 6 Уззийӕн райгуыд Зерахи. Зерахийӕн райгуырд Мераиоф+. 7 Мераиофӕн райгуырд Амари. Амарийӕн райгуырд Ахитув+. 8 Ахитувӕн райгуырд Садок+. Садокӕн райгуырд Ахимаас+. 9 Ахимаасӕн райгуырд Азари. Азарийӕн райгуырд Иоханан. 10 Иохананӕн райгуырд Азари+. Азари сауджынӕй лӕггад кодта, Соломон Иерусалимы цы хӕдзар сарӕзта, уым.
11 Азарийӕн райгуырд Амари+, Амарийӕн райгуырд Ахитув+. 12 Ахитувӕн райгуырд Садок+. Садокӕн райгуырд Шаллум. 13 Шаллумӕн райгуырд Хелки+. Хелкийӕн райгуырд Азари. 14 Азарийӕн райгуырд Серайӕ+. Серайӕйӕн райгурыд Иоседек+. 15 Йегъовӕ Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджыты Навуходоносорӕн уацары куы акӕнын кодта, уӕд Иоседекы дӕр уацары акодтой.
16 Левийы+ фырттӕ уыдысты Гирсон, Кааф ӕмӕ Мерари. 17 Гирсоны фырттӕ хуындысты Ливни+ ӕмӕ Шимей+. 18 Каафы+ фырттӕ уыдысты Амрам+, Ицгар, Хеврон ӕмӕ Узиил+. 19 Мерарийы фырттӕ та уыдысты Махли ӕмӕ Муши+.
Адон сты левитты хӕдзарвӕндӕгтӕ сӕ фыдӕлты нӕмттӕм гӕсгӕ+: 20 Гирсонӕн йӕ фырт Ливни+, Ливнийы фырт Иахаф, Иахафы фырт Зиммӕ, 21 Зиммӕйы фырт Иоах+, Иоахы фырт Иддо, Иддойы фырт Зара, Зарайы фырт Йеафрай. 22 Каафы фырттӕ уыдысты: йӕ фырт Аминадав, Аминадавы фырт Корей+, Корейы фырттӕ Асир, 23 Елхъан ӕмӕ Евиасаф+, Евиасафы фырт Асир, 24 Асиры фырт Тахаф, Тахафы фырт Уриил, Уриилы фырт Ози, Озийы фырт Саул. 25 Елхъаны+ фырттӕ уыдысты Амасай ӕмӕ Ахимоф. 26 Елхъаны фырттӕ уыдысты: йӕ фырт Цофай+, Цофайы фырт Нахаф, 27 Нахафы фырт Елиав+, Елиавы фырт Йерохам, Йерохамы фырт Елхъан+. 28 Самуилы+ фырттӕ уыдысты: йӕ хистӕр фырт – Иоил, дыккаг – Ави+. 29 Мерарийы фырттӕ уыдысты: йӕ фырт Махли+, Махлийы фырт Ливни, Ливнийы фырт Шимей, Шимейы фырт Озӕ, 30 Озӕйы фырт Шимӕ, Шимӕйы фырт Хагги, Хаггийы фырт Асайӕ.
31 Адон сты, Давид+ Йегъовӕйы хӕдзары зарӕгамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдон. Сӕвӕрдта сӕ, бадзырды чырын уырдӕм куы бахастой, уый фӕстӕ+. 32 Ӕмӕ, цалынмӕ Соломон Йегъовӕйӕн Иерусалимы хӕдзар нӕ сарӕзта+, уӕдмӕ ӕмбырды цатыры раз лӕггад кодтой+ – зарыдысты-иу+. Уыцы лӕггады сӕ алчидӕр арӕзта, цы йын бахӕс кодтой, уый+. 33 Адон сты уыцы лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сӕ фыртты нӕмттӕ. Каафы фырттӕй: зарӕггӕнӕг Еман+. Еман уыд Иоилы+ фырт, Иоил – Самуилы+ фырт, 34 Самуил – Елхъаны+ фырт, Елхъан – Йерохамы фырт, Йерохам – Елиилы+ фырт, Елиил – Тоахы фырт, 35 Тоах – Цуфы+ фырт, Цуф – Елхъаны фырт, Елхъан – Махафы фырт, Махаф – Амасайы фырт, 36 Амасай – Елхъаны фырт, Елхъан – Иоилы фырт, Иоил – Азарийы фырт, Азари – Софонийы фырт, 37 Софони – Тахафы фырт, Тахаф – Асиры фырт, Асир – Евиасафы+ фырт, Евиасаф – Корейы+ фырт, 38 Корей – Ицгары+ фырт, Ицгар – Каафы фырт, Кааф – Левийы фырт, Леви та – Израилы фырт.
39 Йӕ рахиз фарс-иу лӕууыд йе ’фсымӕр Асаф+. Асаф уыд Берехийы+ фырт, Берехи – Шимӕйы фырт, 40 Шимӕ – Михаилы фырт, Михаил – Ваасейы фырт, Ваасей – Малхийы фырт, 41 Малхи – Ефнийы фырт, Ефни – Зарайы фырт, Зара – Адайы фырт,42 Адай – Ефаны фырт, Ефан – Зиммӕйы фырт, Зиммӕ – Шимейы фырт, 43 Шимей – Иахафы+ фырт, Иахаф – Гирсоны+ фырт, Гирсон та – Левийы фырт.
44 Сӕ галиу фарс та-иу лӕууыдысты Мерарийы+ фырттӕ, се ’фсымӕртӕ: Ефан+. Ефан уыд Кишийы+ фырт, Киши – Авдийы фырт, Авди – Маллухы фырт, 45 Маллух – Хашавийы фырт, Хашави – Амасийы фырт, Амаси – Хелкийы фырт, 46 Хелки – Амцийы фырт, Амци – Ванийы фырт, Вани – Шемеры фырт, 47 Шемер – Махлийы фырт, Махли – Мушийы+ фырт, Муши – Мерарийы+ фырт, Мерари та – Левийы фырт.
48 Цатыры, ома ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары, лӕггад кӕнынмӕ цыдӕриддӕр хъуыддӕгтӕ хауд, уыдон+ бахӕс кодтой се ’фсымӕртӕн, левиттӕн+. 49 Аарон+ ӕмӕ-иу йӕ фырттӕ кувинӕгты фӕздӕг суагътой+, судзинаг нывӕндтӕ кӕуыл хастой, уыцы нывондхӕссӕныл+ ӕмӕ, буд кӕуыл сыгътой, уыцы нывондхӕссӕныл+. Уӕлдай табуйаг цы у, уыдӕттимӕ ӕмӕ Израилы адӕмы+ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕнынимӕ+ цыдӕриддӕр хъуыддӕгтӕ баст уыд, уыдон кодтой, ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Моисей сын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ. 50 Адон сты Аароны+ фырттӕ: йӕ фырт Елеазар+, Елеазары фырт – Финеес+, Финеесы фырт – Авишуй+, 51 Авишуйы фырт – Букки, Буккийы фырт – Уззи, Уззийы фырт – Зерахи+, 52 Зерахийы фырт – Мераиоф+, Мераиофы фырт – Амари, Амарийы фырт – Ахитув+, 53 Ахитувы фырт – Садок+, Садокы фырт – Ахимаас+.
54 Адон сты сӕ цӕрӕнбынӕттӕ, сӕ алыварс къултӕ кӕмӕн ис, уыцы цӕрӕнбынӕттӕ+. Адон сын радтой сӕ зӕххытӕй, уымӕн ӕмӕ ахӕм хал схауд, Аароны фырттӕй Каафы+ хӕдзарвӕндагӕй чи уыд, уыдонӕн. 55 Иудӕйы зӕххыл сын радтой Хеврон+ ӕмӕ, йӕ алыварс цы фосхизӕнтӕ уыд, уыдон. 56 Горӕты алыварс цы быдыртӕ ӕмӕ цы хъӕутӕ уыд, уыдон+ та радтой Йефоннийы+ фырт Халевӕн+. 57 Аароны фырттӕн радтой ӕмбӕхсӕн горӕт*+ Хеврон+, стӕй Ливнӕ+ ӕд хизӕнтӕ, Иаттир+, Ештемоа+ ӕд хизӕнтӕ, 58 Хилен+ ӕд хизӕнтӕ, Давир+ ӕд хизӕнтӕ, 59 Ашан+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Вефсамис+ ӕд хизӕнтӕ. 60 Вениамины мыггаг та сын радта Гевӕ+ ӕд хизӕнтӕ, Алемеф+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Анафоф+ ӕд хизӕнтӕ. Сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕн ӕдӕппӕтӕй уыди ӕртындӕс+ горӕты.
61 Каафы иннӕ фырттӕн та, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, ӕндӕр мыггаджы хӕдзарвӕндаг ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис радтой дӕс+ горӕты.
62 Гирсоны+ фырттӕн та сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ Иссахары+ мыггаг, Асиры+ мыггаг, Неффалимы+ мыггаг ӕмӕ Манассийы+ мыггаг, Васаны чи ис, уый, радтой ӕртындӕс горӕты.
63 Мерарийы+ фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ Рувимы+ мыггаг, Гады+ мыггаг ӕмӕ Завулоны+ мыггаг, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, радтой дыууадӕс горӕты.
64 Ацы горӕттӕ ӕмӕ хизӕнтӕ+ Израилы фырттӕ радтой левиттӕн+. 65 Уымӕй уӕлдай ма сын, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, горӕттӕ радтой Иудӕйы+ мыггаг, Симеоны+ мыггаг ӕмӕ Вениамины+ мыггаг дӕр, ӕмӕ уыцы горӕттӕ нымад сты номгай.
66 Каафӕй цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕн горӕттӕ радта Ефремы мыггаг, ӕмӕ уыцы горӕттӕ уыдысты сӕ зӕххыл+. 67 Ефремы хӕхбӕсты сын радтой ӕмбӕхсӕн горӕт Сихем+ ӕд хизӕнтӕ, стӕй Газер+ ӕд хизӕнтӕ, 68 Иокмеам+ ӕд хизӕнтӕ, Беф-Орон+ ӕд хизӕнтӕ,69 Аиалон+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Гаф-Риммон+ ӕд хизӕнтӕ. 70 Каафӕй чи рацыд, уыцы хӕдзарвӕндагӕй иннӕтӕн+ Манассийы мыггаджы ӕмбис радта Анер+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Билеам+ ӕд хизӕнтӕ.
71 Гирсоны+ фырттӕн та Манассийы мыггаджы ӕмбис радта, Васаны чи ис, уыцы Голан+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Астароф+ ӕд хизӕнтӕ. 72 Иссахары мыггаг сын радта Кедес+ ӕд хизӕнтӕ, Давраф+ ӕд хизӕнтӕ, 73 Рамоф+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Анем+ ӕд хизӕнтӕ. 74 Асиры мыггаг сын радта Машал ӕд хизӕнтӕ, Авдон+ ӕд хизӕнтӕ, 75 Хукок+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Рехов+ ӕд хизӕнтӕ. 76 Неффалимы+ мыггаг сын радта, Галилейӕйы+ чи ис, уыцы Кедес+ ӕд хизӕнтӕ, стӕй Хаммон ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Кириафаим+ ӕд хизӕнтӕ.
77 Мерарийы иннӕ фырттӕн та Завулоны+ мыггаг радта Риммон+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Фавор ӕд хизӕнтӕ. 78 Иорданы скӕсӕнырдыгӕй, Иерихонмӕ хӕстӕг та сын Рувимы+ мыггаг радта, ӕдзӕрӕг быдыры чи ис, уыцы Бецер+ ӕд хизӕнтӕ, Иаацӕ+ ӕд хизӕнтӕ, 79 Кедемоф+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Мефааф+ ӕд хизӕнтӕ. 80 Гады+ мыггаг сын радта, Галаады чи ис, уыцы Рамоф+ ӕд хизӕнтӕ, Маханаим+ ӕд хизӕнтӕ, 81 Есевон+ ӕд хизӕнтӕ ӕмӕ Иазер+ ӕд хизӕнтӕ.