-
Дыккаг закъон 2:25Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
25 Ацы бонӕй фӕстӕмӕ ӕз афтӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ, арвы бын цы адӕмтӕ ис, уыдон иууылдӕр сымахӕй тӕрсдзысты, сӕ зӕрдӕты-иу стыр тас бацӕудзӕн, сымах тыххӕй-иу куы фехъусой, уӕд. Уӕ тӕссӕй-иу скатай уыдзысты ӕмӕ-иу арӕг сылгоймагау хъӕрздзысты“+.
-
-
Йесо Навин 5:1Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
5 Иорданы ныгуылӕн фарс уыдысты аморейты+ паддзӕхтӕ, денджызмӕ хӕстӕг та – ханаайнӕгты+ паддзӕхтӕ. Ӕмӕ уыцы паддзӕхтӕ се ’ппӕт дӕр уый куы фехъуыстой, ӕмӕ Йегъовӕ Израилы фыртты раз Иорданы дӕттӕ бахус кодта ӕмӕ йыл ахызтысты, уӕд се уӕнгтӕ* бадон сты+ ӕмӕ Израилы фыртты тӕссӕй се ’ппӕтӕн дӕр сӕ ныфс* асаст+.
-