29 Гайӕн йӕ паддзахы та хъӕдыл ӕрцауыгъта+ ӕмӕ йӕ изӕрмӕ афтӕ ныууагъта+. Хур куы фӕцӕйныгуылд, уӕд Йесо бардзырд радта, ӕмӕ йын йӕ мард хъӕдӕй ӕристой+ ӕмӕ йӕ горӕты бахизӕны, кулдуары раз ӕрӕппӕрстой, стӕй йын йӕ уӕлӕ дуртӕ ныккалдтой. Уыцы дурты цӕнд афтӕ лӕууы абоны онг дӕр.