Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 23:33
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 33 Дӕ зӕххыл хъуамӕ ма цӕрой, науӕд дӕ рӕдийын кӕндзысты ӕмӕ мӕ разы тӕригъӕдтӕ араздзынӕ. Сӕ хуыцӕуттӕн сын куы кувай, уӕд дын уый суыдзӕн къӕппӕг»+.

  • Нымӕцтӕ 33:55
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 55 Фӕлӕ уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр уӕ разӕй куы нӕ фӕсурат+, уӕд дзы кӕй ныууадзат, уыдон уӕ цӕстытӕн уыдзысты сындзыты хуызӕн, уӕ фӕрстӕн – судзинты хуызӕн, ӕмӕ, цы зӕххыл цӕрдзыстут, уым уӕ ӕнцад цӕрын нӕ уадздзысты+.

  • Дыккаг закъон 20:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 уымӕн ӕмӕ сӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг сӕфты хай бакӕнай: хетты, аморейты, ханаайнӕгты, ферезейты, евейты ӕмӕ йевусейты+,– дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ,

  • Йесо Навин 23:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 уӕд ӕй зонут: уӕ Хуыцау Йегъовӕ ацы адӕмтӕн сӕ зӕххытӕ нал исдзӕн ӕмӕ сӕ сымахӕн нал дӕтдзӕн+, ӕмӕ уын уыдон къӕппӕг ӕмӕ хызӕй уӕлдай нӕ уыдзысты+, уӕ фӕрстӕн уыдзысты ехс, уӕ цӕстытӕн – сындзытӕ, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй радта, уыцы хорз зӕххӕй цалынмӕ нӕ фесӕфат, уӕдмӕ+.

  • Тӕрхонгӕнджыты 2:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 Гъемӕ Йегъовӕ уыцы адӕмты уым ныууагъта – уайтагъд сӕ нӕ фӕсырдта+, ӕмӕ сӕ Йесойы къухмӕ нӕ радта.

  • Тӕрхонгӕнджыты 3:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Афтӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй бакодта, цӕмӕй, Израилы байзӕддӕгтӕй уый размӕ хӕсты чи нӕ хӕцыд, уыдон, хӕст цы у, уый базыдтаиккой ӕмӕ хӕцын сахуыр уыдаиккой.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын