-
1 Самуилы 5:8Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
8 Ӕмӕ филистимӕгты цӕдисон паддзӕхтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фӕсидтысты ӕмӕ сӕ бафарстой: «Цы кӕнӕм Израилы Хуыцауы бадзырды чырынӕн?» Ӕмӕ уыдон загътой: «Гефмӕ+ ацӕуӕд Израилы Хуыцауы бадзырды чырын». Гъемӕ Израилы Хуыцауы бадзырды чырын уырдӕм арвыстой.
-
-
1 Азфыстыты 12:19Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
19 Манассийы мыггагӕй дӕр чидӕртӕ слӕууыд Давиды фарс. Уый уыд, филистимӕгтимӕ+ Саулы ныхмӕ схӕцынмӕ куы рацыд, уӕд. Фӕлӕ сын Давид нӕ баххуыс кодта, уымӕн ӕмӕ филистимӕгты цӕдисон паддзӕхтӕ+ кӕрӕдзиимӕ бауынаффӕ кодтой ӕмӕ йӕ арвыстой. Афтӕ загътой: «Йӕ хицау Саулы фарс куы слӕууа, уӕд бабын стӕм»+.
-