-
Нымӕцтӕ 18:22Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
22 Израилы фырттӕ ӕмбырды цатырмӕ хӕстӕг мауал бацӕуӕнт, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтой ӕмӕ ма амӕлой+.
-
-
Дыккаг закъон 28:15Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
15 Фӕлӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ куы нӕ хъусай ӕмӕ дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр куы не ’ххӕст кӕнай, уӕд та дыл ӕрцӕудзысты ӕппӕт ацы ӕлгъыстытӕ ӕмӕ дӕ баййафдзысты+.
-
-
1 Самуилы 3:14Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
14 Ӕмӕ уый тыххӕй ӕз Илийы хӕдзарӕн сомы кӕнын: Илийы хӕдзар, йӕ фыдракӕнды тыххӕй йӕм цы ’фхӕрд ӕмбӕлы, уымӕй ӕнустӕм дӕр не ссӕрибар уыдзӕн, нӕдӕр нывӕндты фӕрцы, нӕдӕр кувинӕгты фӕрцы+.
-