Левит 2:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 Хоры кувинагӕй ма цы баззайа, уый та уыдзӕн Аароны ӕмӕ йӕ фыртты+. Уый у, Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй, ӕмӕ у уӕлдай табуйаг+. Левит 6:16 Библи – Ног дунейы тӕлмац 16 Цы ма дзы баззайа, уый та у Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн+. Скӕнын дзы хъӕуы донгонд дзултӕ+ ӕмӕ сӕ бахӕрын хъӕуы сыгъдӕг бынаты. Бахӕрӕнт сӕ ӕмбырды цатыры кӕрты. Левит 10:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Риуыгуыдыр – кӕй батилынц, уыцы кувинаг+, ӕмӕ агъд – сауджынты хай+, хӕрут сыгъдӕг ран, дӕхӕдӕг дӕр, дӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ дӕ чызджытӕ дӕр+, уымӕн ӕмӕ уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ фыртты хай, Израилы фырттӕ цы фарны нывӕндтӕ хӕсдзысты, уыдонӕй. Нымӕцтӕ 5:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 Израилы фырттӕ сауджынмӕ цы сыгъдӕг+ кувинӕгтӕ+ хӕссой, уыдон иууылдӕр уыдзысты сауджыны+. Нымӕцтӕ 18:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 Уӕлдай табуйаг цы у, уыдонӕй, артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй, дӕ хай уыдзӕн: цы кувинӕгтӕ мын хӕссынц, уыдон иууылдӕр, ома сӕ хоры кувинӕгтӕ+, тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ+ ӕмӕ аххосы тыххӕй нывӕндтӕ+. Уыдон дӕуӕн ӕмӕ дӕ фырттӕн сты уӕлдай табуйаг.
3 Хоры кувинагӕй ма цы баззайа, уый та уыдзӕн Аароны ӕмӕ йӕ фыртты+. Уый у, Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй, ӕмӕ у уӕлдай табуйаг+.
16 Цы ма дзы баззайа, уый та у Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн+. Скӕнын дзы хъӕуы донгонд дзултӕ+ ӕмӕ сӕ бахӕрын хъӕуы сыгъдӕг бынаты. Бахӕрӕнт сӕ ӕмбырды цатыры кӕрты.
14 Риуыгуыдыр – кӕй батилынц, уыцы кувинаг+, ӕмӕ агъд – сауджынты хай+, хӕрут сыгъдӕг ран, дӕхӕдӕг дӕр, дӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ дӕ чызджытӕ дӕр+, уымӕн ӕмӕ уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ фыртты хай, Израилы фырттӕ цы фарны нывӕндтӕ хӕсдзысты, уыдонӕй.
9 Уӕлдай табуйаг цы у, уыдонӕй, артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕй, дӕ хай уыдзӕн: цы кувинӕгтӕ мын хӕссынц, уыдон иууылдӕр, ома сӕ хоры кувинӕгтӕ+, тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ+ ӕмӕ аххосы тыххӕй нывӕндтӕ+. Уыдон дӕуӕн ӕмӕ дӕ фырттӕн сты уӕлдай табуйаг.