-
1 Самуилы 14:39Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
39 Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ, Израилы Ирвӕзынгӕнӕгӕй, сомы кӕнын: мӕ фырт Ионафан куы уа аххосджын, уӕд дӕр удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн»+. Фӕлӕ йын адӕмӕй дзуапп ничи лӕвӕрдта.
-
-
Йереми 44:26Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
26 Уӕдӕ ныр, Иудӕйы адӕм, Египеты чи ис, уыдон, уе ’ппӕт дӕр байхъусут, Йегъовӕ цы зӕгъы, уымӕ+: „Ӕз ме стыр номӕй расомы кодтон+,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕнӕхъӕн Египеты зӕххы иу дзуттаг лӕгӕн дӕр йӕ дзыхӕй мӕ ном кӕй не схаудзӕн+, кӕй нӕ зӕгъдзӕн, сомы кӕнын Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйӕ, удӕгас Хуыцауӕй+, зӕгъгӕ.
-