Райдиан 33:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Дӕ хорзӕхӕй, айс мын мӕ лӕвар, мӕ зӕрдӕ дын хорздзинад кӕй зӕгъы, уый номыл+. Хуыцау мын раарфӕ кодта, ӕмӕ мӕм алцыдӕр ис»+. Ӕмӕ йын афтӕ тынг лӕгъстӕ кодта, ӕмӕ Исав дӕр сразы+. 2 Паддзӕхты 5:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Стӕй йӕ адӕмимӕ ӕцӕг Хуыцауы адӕймагмӕ ӕрбаздӕхт+, йӕ разы ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Ныр ӕй зонын, зӕххыл Израилы йеддӕмӕ Хуыцау кӕй никуы ис+. Дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъары къухӕй ацы лӕвар*+ айс». Ӕмбисӕндтӕ 11:24 Библи – Ног дунейы тӕлмац 24 Иуӕй-иу адӕймаг дӕтты рӕдауӕй, фӕлӕ йӕм цы ис, уый йын уӕддӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны+, иннӕ та никӕмӕн ницы ратты, фӕлӕ йӕ уый ӕркӕны мӕгуырдзинадмӕ+. Ӕмбисӕндтӕ 18:16 Библи – Ног дунейы тӕлмац 16 Лӕвары фӕрцы адӕймагӕн байгом вӕййы уӕрӕх дуар+, ӕмӕ уый фӕрцы хицӕуттӕм дӕр бацӕуы+. Хъуыддӕгтӕ 20:35 Библи – Ног дунейы тӕлмац 35 Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, афтӕ кусгӕйӕ+ лӕмӕгътӕн кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕнат+. Ӕмӕ хъуамӕ уӕ зӕрдыл дарат Хицау Йесойы ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕхӕдӕг загъта: «Райсынӕй раттын+ амондджындӕр хъуыддаг у».
11 Дӕ хорзӕхӕй, айс мын мӕ лӕвар, мӕ зӕрдӕ дын хорздзинад кӕй зӕгъы, уый номыл+. Хуыцау мын раарфӕ кодта, ӕмӕ мӕм алцыдӕр ис»+. Ӕмӕ йын афтӕ тынг лӕгъстӕ кодта, ӕмӕ Исав дӕр сразы+.
15 Стӕй йӕ адӕмимӕ ӕцӕг Хуыцауы адӕймагмӕ ӕрбаздӕхт+, йӕ разы ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Ныр ӕй зонын, зӕххыл Израилы йеддӕмӕ Хуыцау кӕй никуы ис+. Дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъары къухӕй ацы лӕвар*+ айс».
24 Иуӕй-иу адӕймаг дӕтты рӕдауӕй, фӕлӕ йӕм цы ис, уый йын уӕддӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны+, иннӕ та никӕмӕн ницы ратты, фӕлӕ йӕ уый ӕркӕны мӕгуырдзинадмӕ+.
35 Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, афтӕ кусгӕйӕ+ лӕмӕгътӕн кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕнат+. Ӕмӕ хъуамӕ уӕ зӕрдыл дарат Хицау Йесойы ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕхӕдӕг загъта: «Райсынӕй раттын+ амондджындӕр хъуыддаг у».