Нымӕцтӕ 6:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Назорей йӕ дзырд куы ӕххӕст кӕна, уыцы рӕстӕг йӕ сӕрыл сӕрдасӕн хъуамӕ ма андзӕва+. Йегъовӕйӕн хибаргонд цы рӕстӕгмӕ у, уыцы рӕстӕг цалынмӕ нӕ фӕуа, уӕдмӕ хъуамӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ ма ӕлвына+ ӕмӕ уымӕй ӕвдиса, Хуыцауы сӕрмагонд лӕггадгӕнӕг кӕй у, уый. Тӕрхонгӕнджыты 13:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Ды басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ ныййардзынӕ лӕппу. Йӕ сӕрыл сӕрдасӕн хъуамӕ ма андзӕва+, уымӕн ӕмӕ, гуыбынӕй куы рацӕуа, уӕдӕй фӕстӕмӕ+ уыдзӕн Хуыцауы назорей*+. Уый райдайдзӕн Израил филистимӕгты къухӕй ирвӕзын кӕнын»+. Лукайы 1:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 уымӕн ӕмӕ кадджын уыдзӕни Йегъовӕйы цӕсты+. Ӕрмӕст хъуамӕ ӕппындӕр ма нуаза нӕдӕр сӕн, нӕдӕр ӕндӕр нозт+. Ӕмӕ нырма йӕ мады гуыбыны уыдзӕни, афтӕ схайджын уыдзӕн Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй*+.
5 Назорей йӕ дзырд куы ӕххӕст кӕна, уыцы рӕстӕг йӕ сӕрыл сӕрдасӕн хъуамӕ ма андзӕва+. Йегъовӕйӕн хибаргонд цы рӕстӕгмӕ у, уыцы рӕстӕг цалынмӕ нӕ фӕуа, уӕдмӕ хъуамӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ ма ӕлвына+ ӕмӕ уымӕй ӕвдиса, Хуыцауы сӕрмагонд лӕггадгӕнӕг кӕй у, уый.
5 Ды басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ ныййардзынӕ лӕппу. Йӕ сӕрыл сӕрдасӕн хъуамӕ ма андзӕва+, уымӕн ӕмӕ, гуыбынӕй куы рацӕуа, уӕдӕй фӕстӕмӕ+ уыдзӕн Хуыцауы назорей*+. Уый райдайдзӕн Израил филистимӕгты къухӕй ирвӕзын кӕнын»+.
15 уымӕн ӕмӕ кадджын уыдзӕни Йегъовӕйы цӕсты+. Ӕрмӕст хъуамӕ ӕппындӕр ма нуаза нӕдӕр сӕн, нӕдӕр ӕндӕр нозт+. Ӕмӕ нырма йӕ мады гуыбыны уыдзӕни, афтӕ схайджын уыдзӕн Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй*+.