Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Райдиан 49:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Иудӕйы къухы уыдзӕн паддзахы лӕдзӕг+, ӕмӕ хицауы лӕдзӕг – йӕ дыууӕ къахы ’хсӕн, цалынмӕ Шило* не ’рцӕуа, уӕдмӕ+. Ӕмӕ уый коммӕ кӕсдзысты адӕмтӕ+.

  • Нымӕцтӕ 24:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Ӕз ӕй фендзынӕн+, фӕлӕ ныр нӕ,

      Ӕз ӕй уындзынӕн, фӕлӕ хӕстӕгмӕ нӕ.

      Иаковы байзӕддӕгтӕй фӕзындзӕн стъалы+,

      Израилы байзӕддӕгтӕй – паддзахы лӕдзӕг+.

      Уый Моавӕн ныцъцъӕл кӕндзӕн йӕ сӕр+,

      Хӕстмондаг адӕмӕн – сӕ сӕрыкӕхцытӕ.

  • Дыккаг закъон 9:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Сӕ зӕхх бацахсынмӕ сын уый тыххӕй нӕ цӕуыс, ӕмӕ раст+ хъуыддӕгтӕ кӕныс кӕнӕ рӕстзӕрдӕ+ дӕ. Уыцы адӕмты дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ разӕй суры сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй+, стӕй цӕмӕй сӕххӕст кӕна, дӕ фыдӕлтӕн, Авраам+, Исахъ+ ӕмӕ Иаковӕн+, цӕй тыххӕй расомы кодта, уый.

  • Йесо Навин 23:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Ныр ӕз цӕуын, зӕххыл алы адӕймагӕн дӕр цы фӕндагыл цӕугӕ у, ууыл+, ӕмӕ йӕ сымах тынг хорз зонут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты. Иу дӕр дзы нӕ фӕмӕнг+.

  • Исай 55:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 афтӕ у, мӕ дзыхӕй цы ныхас рацӕуа, уый дӕр+. Цалынмӕ нӕ сӕххӕст уа, уӕдмӕ мӕм фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхдзӕн+, фӕлӕ сараздзӕн, цы мӕ фӕнды, уый+, ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, кӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уыцы хъуыддаг+.

  • Лукайы 1:55
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 55 Авраам ӕмӕ йӕ байзӕддаг – нӕ фыдӕлтӕн куыд загъта, афтӕ»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын