20 Ӕмӕ Давид йӕ фырт Соломонӕн загъта: «Хъӕбатыр+ ӕмӕ фидар у ӕмӕ хъуыддагмӕ бавнал. Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, демӕ ис+. Уый дӕ нӕ ныууадздзӕн+ ӕмӕ уыдзӕн демӕ, Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый цалынмӕ арӕзт не ’рцӕуа, уӕдмӕ.