Нымӕцтӕ 33:52 Библи – Ног дунейы тӕлмац 52 Ӕмӕ хъуамӕ уӕ разӕй фӕсурат уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр, хъуамӕ сын сӕ дурӕйконд хуыцӕуттӕ+ ӕмӕ се ’фсӕйнаг хуыцӕуттӕ иууылдӕр фесафат+ ӕмӕ сын сӕ кувӕн бынӕттӕ* иууылдӕр ныппырх кӕнат+. Дыккаг закъон 12:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Кӕй зӕххытӕ бацахсдзыстут, уыцы адӕмтӕ бӕрзонд хӕхтыл, къуыбыртыл ӕмӕ алы пӕлӕхсар бӕласы бын сӕ хуыцӕуттӕн кӕм кувынц, уыцы бынӕттӕ+ иууылдӕр ныппырх кӕнут+. 1 Паддзӕхты 22:43 Библи – Ног дунейы тӕлмац 43 Иосафат цыди йӕ фыд Асӕйы фӕндӕгтыл ӕмӕ сӕ иуварс нӕ ахызт – арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+. Ӕрмӕст ма кувӕн бынӕттӕ баззадысты. Адӕм дарддӕр дӕр кувӕн бынӕтты нывӕндтӕ хастой ӕмӕ-иу нывӕндты фӕздӕг уым суагътой+.
52 Ӕмӕ хъуамӕ уӕ разӕй фӕсурат уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр, хъуамӕ сын сӕ дурӕйконд хуыцӕуттӕ+ ӕмӕ се ’фсӕйнаг хуыцӕуттӕ иууылдӕр фесафат+ ӕмӕ сын сӕ кувӕн бынӕттӕ* иууылдӕр ныппырх кӕнат+.
2 Кӕй зӕххытӕ бацахсдзыстут, уыцы адӕмтӕ бӕрзонд хӕхтыл, къуыбыртыл ӕмӕ алы пӕлӕхсар бӕласы бын сӕ хуыцӕуттӕн кӕм кувынц, уыцы бынӕттӕ+ иууылдӕр ныппырх кӕнут+.
43 Иосафат цыди йӕ фыд Асӕйы фӕндӕгтыл ӕмӕ сӕ иуварс нӕ ахызт – арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+. Ӕрмӕст ма кувӕн бынӕттӕ баззадысты. Адӕм дарддӕр дӕр кувӕн бынӕтты нывӕндтӕ хастой ӕмӕ-иу нывӕндты фӕздӕг уым суагътой+.