-
1 Паддзӕхты 8:25Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
25 Ӕмӕ ныр, о Йегъовӕ, Израилы Хуыцау, сӕххӕст кӕн, дӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн, мӕ фыдӕн, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтай, уый, зӕгъгӕ, кӕд дӕ фырттӕ сӕ фӕндӕгтӕм кӕсой ӕмӕ, ды мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ куыд цардтӕ, афтӕ уыдон дӕр мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ ӕнустӕм баддзысты мӕ разы Израилы паддзахбадӕныл+.
-
-
1 Азфыстыты 28:9Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
9 Ӕмӕ ды дӕр, мӕ фырт Соломон, зон+ дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ йын лӕггад кӕн+ зӕрдӕрайгӕйӕ+, дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ уӕд+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ кӕсы алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр+ ӕмӕ адӕймагӕн йӕ алы хъуыды ӕмӕ йӕ алы фӕнд дӕр базоны+. Куы йӕ агурай, уӕд ӕй ссардзынӕ*+. Куы йӕ ныууадзай+, уӕд та дӕ йӕхицӕй ӕнустӕм аппардзӕн+.
-