Псалом 31:19 Библи – Ног дунейы тӕлмац 19 Куыд стыр у дӕ хорздзинад!+ Ды йӕ ӕвӕрдӕй дарыс, чи дӕ тӕрсы, уыдонӕн+.Йӕхи де уазӕг чи бакодта, уыдонӕн дзы хай кӕнысАдӕймаджы фыртты цӕстыты раз+. Исай 63:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Ӕз дзурдзынӕн Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты тыххӕй+, Йегъовӕ нын цы сарӕзта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйы кадджын кӕндзынӕн+ – дзурдзынӕн, Израилы адӕмӕн+ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ+ ӕмӕ йӕ ӕгӕрон ӕнувыд уарзтмӕ гӕсгӕ цы стыр хорздзинӕдтӕ ракодта, уыдоны тыххӕй. Йереми 31:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Уыдон ӕрцӕудзысты ӕмӕ Сионы хохыл фырцинӕй хъӕр кӕндзысты+. Ӕмӕ Йегъовӕйы хорздзинад уынгӕйӕ+, хор, ног сӕн+, сой, уӕрыччытӕ ӕмӕ родты уынгӕйӕ сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс уыдзысты+. Сӕ зӕрдӕ суыдзӕн донӕфсӕст дыргъдоны хуызӕн+, ӕмӕ никуыуал ӕрлӕмӕгъ уыдзысты»+.
19 Куыд стыр у дӕ хорздзинад!+ Ды йӕ ӕвӕрдӕй дарыс, чи дӕ тӕрсы, уыдонӕн+.Йӕхи де уазӕг чи бакодта, уыдонӕн дзы хай кӕнысАдӕймаджы фыртты цӕстыты раз+.
7 Ӕз дзурдзынӕн Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты тыххӕй+, Йегъовӕ нын цы сарӕзта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйы кадджын кӕндзынӕн+ – дзурдзынӕн, Израилы адӕмӕн+ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ+ ӕмӕ йӕ ӕгӕрон ӕнувыд уарзтмӕ гӕсгӕ цы стыр хорздзинӕдтӕ ракодта, уыдоны тыххӕй.
12 Уыдон ӕрцӕудзысты ӕмӕ Сионы хохыл фырцинӕй хъӕр кӕндзысты+. Ӕмӕ Йегъовӕйы хорздзинад уынгӕйӕ+, хор, ног сӕн+, сой, уӕрыччытӕ ӕмӕ родты уынгӕйӕ сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс уыдзысты+. Сӕ зӕрдӕ суыдзӕн донӕфсӕст дыргъдоны хуызӕн+, ӕмӕ никуыуал ӕрлӕмӕгъ уыдзысты»+.